Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Кӕд амӕлдзыстӕм, уый нӕ ныхыл фыст у?

Кӕд амӕлдзыстӕм, уый нӕ ныхыл фыст у?

Дзуапп Библийӕ

 Кӕд амӕлдзыстӕм, уый нӕ ныхыл фыст нӕу. Библи хъысмӕты тыххӕй ницы зӕгъы. Фӕлӕ дзы фыст ис: «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11).

Библи йӕхӕдӕг нӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, ис «рӕстӕг амӕлынӕн»?

 О, зӕгъы. Екклесиасты 3:2 ис фыст: «Ис рӕстӕг райгуырынӕн ӕмӕ рӕстӕг амӕлынӕн, ис рӕстӕг садзынӕн ӕмӕ рӕстӕг, цы ныссагътай, уый стонынӕн». Фӕлӕ контекстӕй куыд зыны, афтӕмӕй ацы стихы дзырд цӕуы, царды ӕдзух цы хабӕрттӕ фӕцӕуы, уыдоныл (Екклесиаст 3:1–8). Хуыцау зӕхкусӕгӕн мыггӕгтӕ бӕлвырд рӕстӕг куыд нӕ фӕсадзын кӕны, афтӕ нын, кӕд амӕлдзыстӕм, уыцы бон дӕр нӕ ныхыл нӕ ныффыссы. Ацы скъуыддзаджы сӕйраг хъуыды уый у, ӕмӕ ацы дунейы хабӕрттыл хъуамӕ уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ ма хардз кӕнӕм, цӕмӕй не Сфӕлдисӕджы ферох кӕнӕм (Екклесиаст 3:11; 12:1, 13).

Фылдӕр фӕцӕрӕн ис

 Кӕд царды бирӕ цыдӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕуы, уӕддӕр зондӕй куы архайӕм, уӕд фылдӕр фӕцӕрдзыстӕм. Библи зӕгъы: «Зондджыны закъон у царды суадон, адӕймаджы бахъахъхъӕны мӕлӕты къӕппӕджытӕй» (Ӕмбисӕндтӕ 13:14). Моисей дӕр израилӕгтӕн загъта, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд бирӕ кӕй фӕцӕрдзысты (Дыккаг закъон 6:2). Фӕлӕ адӕймаг йӕ цард фӕцыбырдӕр кӕндзӕн, фыдхъуыддӕгтыл куы бафта ӕмӕ ӕнӕзонд митӕ куы кӕна, уӕд (Екклесиаст 7:17).

 Фӕлӕ цыфӕнды зондджын уынаффӕтӕ ма хӕссӕм ӕмӕ нӕхи куыдфӕнды ма хъахъхъӕнӕм, уӕддӕр мӕлӕтӕй фервӕзӕн нӕй (Ромӕгтӕм 5:12). Ӕмӕ кӕд абон афтӕ у, уӕддӕр уавӕр тагъд фӕивдзӕн. Библи дзуры, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ «нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:4).