Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библи сӕрибардзинады тыххӕй цы дзуры? Хуыцау дын дӕ амонд дӕ ныхыл ныффыста?

Библи сӕрибардзинады тыххӕй цы дзуры? Хуыцау дын дӕ амонд дӕ ныхыл ныффыста?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцау нӕ схайджын кодта сӕрибардзинадӕй, ома нын уый бар радта, цӕмӕй нӕхӕдӕг хӕссӕм уынаффӕтӕ. Уый нын нӕ амонд нӕ ныхыл нӕ ныффыста, стӕй нӕ цард хъысмӕты къухы дӕр нӕй. Дӕ хъус-ма ӕрдар, уый фӕдыл Библи цы дзуры, уымӕ.

  •   Хуыцау адӕмы скодта йӕхимӕ гӕсгӕ (Райдиан 1:26). Цӕрӕгойтӕй уӕлдай махӕн нӕ бон у, не Сфӕлдисӕгмӕ цы миниуджытӕ ис, ахӕм миниуджытӕ ӕвдисын, зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад. Стӕй нын Хуыцау уый бар радта, цӕмӕй нӕхӕдӕг хӕссӕм уынаффӕтӕ, йӕхицӕн куыд ис уый бар, афтӕ.

  •   Нӕ фидӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты нӕхицӕй кӕнгӕ у. Библи нын дзуры: «Равзарут цард... Хуыцаумӕ... хъусут». Ӕндӕр ныхӕстӕй нын уый бар ис, цӕмӕй нӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнӕм, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм ӕви нӕ (Дыккаг закъон 30:19, 20). Сӕрибардзинад нын куы нӕ уыдаид, уӕд уыцы ныхӕстӕ, равзарут цард, зӕгъгӕ, дзӕгъӕлы уыдаиккой загъд, стӕй Хуыцауы ӕгъатыр схонӕн уыдаид. Хуыцау нын тыхӕй ницы аразын кӕны, фӕлӕ нын фӕлмӕнӕй дзуры: «Тӕхуды, ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн суаид цӕугӕдоны хуызӕн» (Исай 48:18).

  •   Царды ӕнтыстджын уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый хъысмӕтӕй кӕнгӕ нӕу. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын исты ӕнтыса, уӕд хъуамӕ фыдӕбон кӕнӕм. Библи зӕгъы: «Цыфӕнды ма аразай, араз ӕй ӕппӕт хъарутӕй» (Екклесиаст 9:10). Стӕй ма дзы фыст ис: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда» (Ӕмбисӕндтӕ 21:5).

 Сӕрибардзинад у Хуыцауы стыр лӕвар. Уый фӕрцы йӕ нӕ бон у «ӕппӕт зӕрдӕйӕ» уарзын, ӕвӕндонӕй нӕ, фӕлӕ (Матфейы 22:37).

Хуыцауӕн алцӕуыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы?

 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хуыцау у Ӕппӕтхъомысджын ӕмӕ йӕ хъару у ӕгӕрон (Иов 37:23; Исай 40:26). Ӕмӕ кӕд йӕ бар алцӕуыл дӕр цӕуы, уӕддӕр йӕ хъаруйӕ алыхатт не спайда кӕны. Зӕгъӕм, Хуыцау йӕхи тыххӕй загъта, «мӕхиуыл хӕцыдтӕн», зӕгъгӕ, ома рагон Вавилон – йӕ адӕмы знаджы – уайтагъд нӕ бафхӕрдта (Исай 42:14). Абон дӕр Хуыцау быхсы, йӕ сӕрибардзинадӕй раст чи нӕ пайда кӕны ӕмӕ иннӕтӕн зиан чи хӕссы, уыдонӕн. Фӕлӕ сӕм Хуыцау ӕнустӕм ӕнцад нӕ кӕсдзӕн (Псалом 37:10, 11).