Перейти к основным материалам

Ка рамардӕй, етӕ ма ескӕд цардмӕ раздӕхдзӕнцӕ?

Ка рамардӕй, етӕ ма ескӕд цардмӕ раздӕхдзӕнцӕ?

Дӕумӕ гӕсгӕ...

  • раздӕхдзӕнцӕ?

  • нӕ раздӕхдзӕнцӕ?

  • зин зӕгъӕн ӕй?

БИБЛИЙ ФИНСТ ЕС

«Райгас уодзӕнцӕ растгӕнгутӕ дӕр ӕма фудгӕнгутӕ дӕр» (Гъуддӕгтӕ 24:15, «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»).

Е ДӔУӔН ЦӔБӔЛ ДЗОРӔГ ӔЙ

Кӕд дин, берӕ ке уарзис, уӕхӕн адӕймаг рамардӕй, уӕд дин аци нифс уодзӕй уодӕнцойни хуасӕ (2 Коринфӕгтӕмӕ 1:3, 4).

Мӕлӕтӕй уотӕ хъӕбӕр нӕ тӕрсдзӕнӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 2:15).

Нифс дӕмӕ уодзӕй, ка рамардӕй, етӕ нӕуӕгӕй зӕнхӕбӕл ке цӕрдзӕнцӕ (Иоанни 5:28, 29).

БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС, УОБӔЛ ЦӔМӔН ӔЙ НӔ БОН ӔУУӔНДУН?

Тӕккӕ минкъийдӕр, ӕртӕ гъуддагей туххӕй.

  • Хуцау ӕй Царддӕттӕг. Йеговӕ Хуцауи туххӕй Библий финст ӕй: «Дӕумӕ ӕй царди сауӕдонӕ» (Псалом 36:9; Гъуддӕгтӕ 17:24, 25). Уодӕгасӕй цидӕриддӕр ес, уони ка ’скодта, уомӕн адӕймаги райгас кӕнун дӕр зин нӕй.

  • Хуцау раздӕр дӕр игас кодта мӕрдти. Библий финст ӕрцудӕй, Хуцау зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ ке райгас кодта, аст уӕхӕн адӕймаги туххӕй. Адтӕй си ӕригӕнттӕ, каргунтӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгтӕ. Кӕцидӕртӕ си мардӕй адтӕнцӕ цубур рӕстӕг, сӕ еу ба си зӕппази фӕцӕй цуппар бони! (Иоанни 11:39–44).

  • Хуцауи хъӕбӕр фӕндуй, ка рамардӕй, уони райгас кӕнун. Йеговӕ мӕлӕтӕй ӕ исӕфт уинуй, удта ’й знагбӕл нимайуй (1 Коринфӕгтӕмӕ 15:26). Е «бӕллуй», цӕмӕй, ка рамардӕй, уони райгас кӕна ӕма еци знаг ӕностӕмӕ фесафа. Хъӕбӕр ӕй фӕндуй, ӕ гъудий ке даруй, уони райгас кӕнун, цӕмӕй нӕуӕгӕй зӕнхӕбӕл цӕронцӕ (Иов 14:14, 15).

КУД ДӔМӔ КӔСУЙ?

Зӕронд ӕма мӕлгӕ цӕмӕн кӕнӕн?

Библий аци фарстайӕн дзуапп ес РАЙДАЙӔНИ 3:17–19 ӕма РОМӔГТӔМӔ 5:12.