Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Тынг мӕстыгӕр уыдтӕн»

«Тынг мӕстыгӕр уыдтӕн»
  • Райгуырд: 1975

  • Бӕстӕ: Мексикӕ

  • Раздӕр: уыд тынг мӕстыгӕр, ахӕстоны бадт

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 Ӕз райгуырдтӕн Сан-Хуан-Чанкалаитойы, уый у гыццыл горӕт штат Чьяпасы, Мексикӕйы. Нӕ бинонтӕ сты чоль адӕмыхаттӕй, майӕйы байзӕддӕгтӕ. Мах уыдыстӕм 12 сывӕллоны, ӕз уыдтӕн фӕндзӕм. Гыццылӕй мемӕ ӕмӕ мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ахуыр кодтой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, ме ’рыгон бонты Библийы уынаффӕтӕ ницӕмӕ дардтон.

 13 азы мыл куы цыди, уӕд наркотиктӕ кодтон ӕмӕ давтон. Уыцы карӕнӕй хӕдзарӕй ацыдтӕн, ӕмӕ-иу куы кӕм цардтӕн, куы кӕм. 16 азы мыл куы цыд, уӕд гӕны быдыры кусын райдыдтон. Иу азы бӕрц дзы куы бакуыстон, уӕд иу ӕхсӕв науыл бирӕ гӕн ластам. Ӕнӕнхъӕлӕджы ныл сӕхи ныццавтой, наркотиктӕ чи уӕй кодта, ӕндӕр ахӕм бандӕ, уыдис сӕм бирӕ хӕцӕнгарз. Ӕхсын нӕ куы райдыдтой, уӕд доны ныггӕпп кодтон ӕмӕ аленк кодтон. Уый фӕстӕ Америкӕмӕ алыгъдтӕн.

 Америкӕйы дӕр наркотиктӕ уӕй кодтон ӕмӕ ноджы стырдӕр бӕллӕхты бахаудтӕн. 19 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ ӕрцахстой ӕмӕ мӕ сбадын кодтой, давгӕ кӕй кодтон ӕмӕ кӕйдӕр амарынмӕ кӕй хъавыдтӕн, уый тыххӕй. Ахӕстоны дӕр бандӕмӕ бацыдтӕн ӕмӕ цалдӕр фыдракӕнды сарӕзтон. Уый тыххӕй мӕ арвыстой, карз уавӕртӕ кӕм уыд, ахӕм ахӕстонмӕ Льюисбургмӕ, Пенсильванимӕ.

 Льюисбурджы ахӕстоны мӕхи ноджы ӕвзӕрдӕр дардтон. Нӕ бандӕйы татуировкӕ мыл кӕй уыд, уый тыххӕй ӕнцонтӕй бацыдтӕн нӕ бандӕмӕ, ӕрмӕст ныр та ацы ахӕстоны. Ноджы ӕгъатырдӕр сдӕн ӕмӕ ӕдзухдӕр хыл кодтон. Иухатт ахӕстоны кӕрты нӕ бандӕ кӕимӕдӕр хыл кодта. Кӕрӕдзийыл нӕ ауӕрстам – бейсболӕй кӕмӕй фӕхъазынц, ахӕм битӕтӕй ӕмӕ спортивон гиритӕй кӕрӕдзи хостам. Цӕмӕй нӕ хъахъхъӕнджытӕ баиргъӕвтаиккой, уый тыххӕй ныл рауагътой, цӕстытӕ чи къахы, ахӕм газ. Стӕй мӕ бакодтой, ахӕстоны тӕссаг фыдгӕнджыты кӕм дардтой, уыцы блокы. Гыццыл истӕй тыххӕй дӕр-иу мӕстӕй рафыхтӕн ӕмӕ тынг ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтон. Искӕй фӕнӕмын мын зын нӕ уыд, стӕй мӕм хорз дӕр касти. Ӕмӕ-иу мӕ мӕ цӕсгом дӕр нӕ хордта.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 Тӕссаг фыдгӕнджыты кӕм дардтой, уыцы блокы фылдӕр рӕстӕг камерӕйы бадтӕн. Мӕхи цы фӕкодтаин, уый нӕ зыдтон ӕмӕ Библи кӕсын райдыдтон. Фӕстӕдӕр мын иу хъахъхъӕнӕг радта чиныг «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын» a. Ацы чиныг куы кастӕн, уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, гыццылӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы базыдтон, уыдонӕй бирӕ цыдӕртӕ. Уӕд бамбӕрстон, мӕстыгӕр кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй кӕуинаг уавӕрмӕ кӕй ӕрхаудтӕн. Стӕй ма мӕ бинонтыл дӕр ахъуыды кодтон. Мӕ дыууӕ хойы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы ӕмӕ ахъуыды кодтон: «Уыдон ӕнустӕм цӕрдзысты». Стӕй мӕхицӕн загътон: «Ӕмӕ ӕз та цӕуылнӕ?» Ӕмӕ фидарӕй аскъуыддзаг кодтон, мӕ цард кӕй фӕивдзынӕн.

 Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстон, цӕмӕй уый мӕ къухы бафта, уый тыххӕй мӕ ӕххуыс кӕй хъӕуы. Ӕмӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕ Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Стӕй Америкӕйы Иугонд Штатты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ ныффыстон Библийы ахуыры тыххӕй. Филиал ӕввахсдӕр ӕмбырдӕн бахӕс кодта, цӕмӕй мӕм ныффыстаиккой. Уыцы рӕстӕг мын мӕ бинонтӕй дарддӕр фембӕлыны бар никӕимӕ уыди, ӕмӕ мӕм ӕмбырдӕй иу ӕфсымӕр писмотӕ фыссын райдыдта. Йӕ писмотӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕйы фӕрцы мӕ ныфс бацыд, ӕмӕ мӕ ноджы тынгдӕр бафӕндыд мӕ цард аивын.

 Иу ахсджиаг хъуыддаг сарӕзтон – бирӕ азты дӕргъы кӕм уыдтӕн, уыцы бандӕ ныууадзын сфӕнд кодтон. Нӕ бандӕйы хистӕримӕ иу блокы бадтыстӕм ӕмӕ йӕм бацыдтӕн цӕмӕй йын загътаин, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суон, уый мӕ кӕй фӕнды. Мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, афтӕ мын куы загъта: «Кӕд дӕ уый ӕцӕгдӕр фӕнды, уӕд хорз. Хуыцауы ныхмӕ нӕ цӕудзынӕн. Фӕлӕ кӕд бандӕ ныууадзыны тыххӕй ӕфсон агурыс, уӕд ӕй зоныс, цы дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы».

 Стӕй дыууӕ азы дӕргъы ахӕстоны кусджытӕ уыдтой, куыд ивтон, уый. Уый тыххӕй мыл тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтой. Зӕгъӕм, мӕ къухтыл-иу мын наручниктӕ нал бакодтой, мӕхи найынмӕ-иу мӕ куы кодтой, уӕд. Суанг ма мӕ иухатт иу хъахъхъӕнӕг ӕппӕлгӕ дӕр ракодта ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй дарддӕр дӕр мӕ цард хуыздӕрырдӕм ивтаин. Фӕстӕдӕр мӕ ахӕстоны хицауад арвыста, ахӕстонмӕ ӕввахс чи уыд ӕмӕ уавӕртӕ тынг карз кӕм нӕ уыдысты, ахӕм лагермӕ, ӕмӕ фӕстаг аз уым арвыстон. 2004 азы, 10 азы ахӕстоны куы фӕбадтӕн, уый фӕстӕ мӕ рауагътой ӕмӕ мӕ Мексикӕмӕ ахӕстоны автобусыл арвыстой.

 Мексикӕмӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады зал ссардтон. Ӕмбырдмӕ фыццаг хатт ацыдтӕн, ахӕстоны цы дарӕс дардтон, уый мидӕг – ӕндӕр хуыздӕр дзаума мын ницы уыд. Кӕд ахӕм дарӕсы уыдтӕн, уӕддӕр мӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз цӕстӕй ракастысты. Куыд хӕларзӕрдӕ сты, уый куы федтон, уӕд бамбӕрстон, ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн кӕй дӕн (Иоанны 13:35). Уыцы фембӕлды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕмӕндӕр бахӕс кодтой, цӕмӕй мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид. Ӕмӕ иу азы фӕстӕ, 2005 азы 3 сентябры, донаргъуыд райстон ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.

 2007 азы январы райдыдтон ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕгӕй лӕггад кӕнын – алы мӕй дӕр 70 сахаты адӕмимӕ Библийыл ныхас кодтон. 2011 азы каст фӕдӕн, ӕнӕус ӕфсымӕртӕн цы скъола уыд, уый (ныр хуыйны Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола). Уыцы скъола мын тынг баххуыс кодта, ӕмбырды мыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн.

Ныр адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй фарнуарзаг уой

 2013 азы мӕ цард баиу кодтон диссаджы сылгоймагимӕ, йӕ ном у Пилар. Пиларӕн мӕ раздӕры царды хабӕрттӕ куы фӕдзурын, уӕд мын худгӕйӕ фӕзӕгъы, раздӕр ахӕм адӕймаг кӕй уыдтӕн, уый йӕ кӕй нӕ уырны. Мӕ раздӕры цардмӕ никуыуал раздӕхдзынӕн. Мӕ бинойнагимӕ нӕ фидарӕй уырны, ӕрмӕстдӕр Библийы фӕрцы кӕй аивтон (Ромӕгтӕм 12:2).

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Чырысти Лукайы 19:10 стихы цы ныхӕстӕ загъта, уыдон мӕнмӕ дӕр хауынц: «[Ӕз] уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй, чи фесӕфт, уыдоны бацагурон ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнон». Ныр сӕфт адӕймаг нал дӕн ӕмӕ иннӕтӕн зиан нал хӕссын. Библийы фӕрцы зонын, цӕмӕн цӕрын, уый ӕмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрын, сӕйраджыдӕр та, не ’Сфӕлдисӕг Йегъовӕ Хуыцауы хӕлар дӕн.

[ФИППАИНАГ]

a Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ныр Библи сӕйраджыдӕр ахуыр кӕнӕм ӕндӕр чиныджы фӕрцы, «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», зӕгъгӕ.