Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Ӕнӕ хӕцӕнгарзӕй никуыдӕм цыдтӕн

Ӕнӕ хӕцӕнгарзӕй никуыдӕм цыдтӕн
  • РАЙГУЫРД: 1958 АЗ

  • БӔСТӔ: ИТАЛИ

  • РАЗДӔР: УЫД БАНДӔЙЫ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз райгуырдтӕн ӕмӕ схъомыл дӕн Роммӕ ’ввахс, мӕгуыр кусӕг адӕм кӕм цард, ахӕм ран. Мӕ цард се ’нцонтӕй нӕ уыд. Мӕ ныййарӕг мады нӕ зыдтон, стӕй мӕ фыдимӕ дӕр кӕрӕдзи не ’мбӕрстам. Куыд хъомыл кодтон, афтӕ ахуыр кодтон «уынгты закъӕттӕм» гӕсгӕ цӕрын.

Давын райдыдтон, 10 азы дӕр мыл куы нӕма цыд, уӕд. 12-аздзыдӕй та фыццаг хатт хӕдзарӕй алыгътӕн. Мӕ фыд мӕ пъӕлицӕйӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ракодта хӕдзармӕ. Ӕдзух адӕмимӕ хыл кодтон – уыдтӕн ӕгъатыр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дунейӕ дӕр ме сӕфт уыдтон. 14-аздзыдӕй та хӕдзарӕй бынтондӕр ацыдтӕн, наркотиктӕ кӕнын райдыдтон ӕмӕ уынджы цардтӕн. Кӕм-иу бахсӕвиуат кодтаин, уый мын нӕ уыд, ӕмӕ-иу искӕй машинӕмӕ бабырыдтӕн ӕмӕ-иу райсоммӕ уым фӕфынӕй кодтон. Райсомӕй та-иу фонтан агурӕг ацыдтӕн, цӕмӕй-иу мӕхи ныхсадтаин.

Давынмӕ тынг дӕсны уыдтӕн. Кӕмӕндӕр-иу йӕ къухӕй йӕ сумкӕ раскъӕфтон, кӕмӕндӕрты-иу ӕхсӕвыгон сӕ квартирӕтӕ ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ фӕкъахтон. Ме ’взӕры кой айхъуыст, ӕмӕ мӕ уӕд иу хъуыстгонд бандӕмӕ райстой. Афтӕмӕй мын фӕзынд банктӕ давыны «фадат». Тынг ныфсхаст кӕй уыдтӕн, уый бандӕйы уайтагъд бафиппайдтой, ӕмӕ мын аргъ кӕнын райдыдтой. Ӕнӕ хӕцӕнгарзӕй никуыдӕм цыдтӕн, фынӕй-иу куы кодтон, уӕд дӕр-иу мӕ базы бын уыд. Мӕ царды тыхми, наркотиктӕ, давын, ӕвзӕр дзыхӕй дзурын ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад йеддӕмӕ ницы уыд. Пъӕлицӕ ӕдзух мӕ фӕдыл зылд. Цалдӕр хатты мӕ ӕрцахстой ӕмӕ-иу мӕ ахӕстоны сбадын кодтой.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Иухатт мӕ ахӕстонӕй куы рауагътой, уӕд мӕ мады хойы бабӕрӕг кӕнынмӕ ацыдтӕн. Ӕз ӕй нӕ зыдтон, афтӕмӕй мӕ мады хо ӕмӕ йӕ дыууӕ сывӕллоны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы. Куы сӕм бацыдтӕн, уӕд мӕ се ’мбырдмӕ фӕхуыдтой. Ӕз бадис кодтон, уый цы у, зӕгъгӕ, ӕмӕ сразы дӕн. Паддзахады залмӕ куы бацыдыстӕм, уӕд барӕй  дуармӕ хӕстӕг сбадтӕн, цӕмӕй, мидӕмӕ ӕмӕ ӕддӕмӕ чи цыд, уыдоны уыдтаин. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕ хӕцӕнгарз дӕр уыд мемӕ.

Уыцы ӕмбырд мын мӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Афтӕ мӕм каст, цыма ӕндӕр планетӕмӕ бахаудтӕн. Иууылдӕр мын мидбылхудгӕйӕ салам лӕвӕрдтой. Сӕ фӕлмӕн ӕмӕ ӕнӕхин цӕстӕнгас ныр дӕр ма мӕ цӕстытыл уайы. Уым цы федтон, уый афтӕ тынг хицӕн кодта, ӕз цы дунейы цардтӕн, уымӕй, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй!

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Мӕ зонындзинӕдтӕ цас фылдӕр кодтой, уыйас тынгдӕр ӕмбӕрстон, мӕ цард мӕ цӕхгӕр аивын кӕй хъӕуы. Ӕмбисӕндты 13:20 стихы цы фыст ис, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардта: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн». Бамбӕрстон ӕй, бандӕйӕ мӕ ацӕуын кӕй хъӕуы. Уый ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ мын Йегъовӕйы ӕххуысӕй бантыст.

Фыццаг хатт мӕ царды сонтӕй ницыуал арӕзтон

Уымӕй уӕлдай, мӕхи алцӕмӕй дӕр ссыгъдӕг кодтон. Мӕ тамако ӕмӕ наркотиктӕ ныууагътон, кӕд мын тынг зын уыд, уӕддӕр. Мӕ даргъ сӕрыхъуынтӕ алвыдтон, мӕ хъусдарӕнтӕ раппӕрстон ӕмӕ ’взӕр дзыхӕй нал дзырдтон. Фыццаг хатт мӕ царды сонтӕй ницыуал арӕзтон.

Кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын никуы уарзтон, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ тынг зын уыди Библи ахуыр кӕнын, фӕлӕ уӕддӕр архайдтон. Сабыргай Йегъовӕйы бауарзтон, ӕмӕ уӕд мӕ мидӕг цыдӕр аивта – ме ’фсарм мӕ хъыгдарын райдыдта. Арӕх-иу мӕхимӕ ахӕм ницӕйаг кастӕн, ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ искуы ныххатыр кӕндзӕн, уый-иу мӕ нӕ уырныдта. Ахӕм рӕстӕджыты-иу кастӕн, Йегъовӕ паддзах Давидӕн йе стыр тӕригъӕдтӕ куыд ныххатыр кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ-иу мын уӕд фенцондӕр (2 Самуилы 11:1–12:13).

Ӕнцон мын нӕ уыд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын дӕр (Матфейы 28:19, 20). Раздӕр ӕвзӕрдзинад кӕмӕн ракодтон, уыдонӕй искӕуыл фембӕлынӕй тарстӕн. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд фӕныфсджындӕр дӕн. Мӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдта иннӕтӕн нӕ диссаджы ӕмӕ нӕ хатыргӕнаг уӕларвон Фыды тыххӕй базонынӕн ӕххуыс кӕнын.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Абон удӕгас дӕн, Йегъовӕйы кӕй базыдтон, уый фӕрцы. Мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕн сӕ фылдӕр кӕнӕ амардысты, кӕнӕ та ахӕстоны бадынц. Фӕлӕ ӕз мӕ цардӕй райгонд дӕн ӕмӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Ӕз сахуыр дӕн сӕрныллӕгдзинадыл ӕмӕ базыдтон коммӕ кӕсын ӕмӕ мӕхиуыл хӕцын. Уый фӕрцы ныр адӕмимӕ хӕларӕй цӕрын. Ис мын диссаджы цардӕмбал, Кармен. Иннӕтӕн Библи базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нӕ дыууӕйӕн дӕр хӕссы стыр циндзинад.

Хӕдӕгай, ныр ӕхца кусын мӕхи фыдӕбонӕй – хатт вӕййын банкты дӕр, ӕрмӕст сӕ ныр давгӕ нал кӕнын, фӕлӕ ӕфснайгӕ!