Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Мӕхицӕн ингӕн къахтон»

«Мӕхицӕн ингӕн къахтон»
  • Райгуырд: 1978

  • Бӕстӕ: Сальвадор

  • Раздӕр: уыд бандӕйы

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 «Кӕд дӕ ӕцӕгӕй фӕнды Хуыцауы тыххӕй базонын, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕн». Ацы ныхӕстӕ мӕ дисы бафтыдтой. Уыцы рӕстӕг иуцасдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кодтон. Цӕмӕй мӕ хуыздӕр бамбарат, уый тыххӕй уын мӕ царды хабӕрттӕ цыбыртӕй радзурдзынӕн.

 Ӕз райгуырдтӕн горӕт Кесальтепекейы, Сальвадоры. Мах уыдыстӕм 15 сывӕллоны, ӕз уыдтӕн ӕхсӕзӕм. Мӕ ныййарджытӕ мӕ афтӕ хъомыл кодтой, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт уыдаин ӕмӕ закъӕттӕ ӕххӕст кодтаин. Стӕй ма-иу нӕм иуӕй-иу хатт ӕрбацыд Леонардо ӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, цӕмӕй немӕ Библи ахуыр кодтаиккой. Фӕлӕ-иу цы базыдтон, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кастӕн, ӕмӕ-иу ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтон. 14 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд райдыдтон нуазын ӕмӕ наркотиктӕ кӕнын, скъолайы мын цы ӕмбӕлттӕ уыд, уыдонимӕ. Иу иннӕйы фӕдыл ме ’мбӕлттӕ бандӕмӕ бацыдысты, ӕмӕ сӕ ӕз дӕр бафӕзмыдтон. Нӕ рӕстӕг уынгты ӕрвыстам, адӕмӕй-иу ӕхца байстам ӕмӕ-иу давтам, цӕмӕй нын нозт ӕмӕ наркотиктӕн ӕхца уыдаид.

 Бандӕ мӕ бинонтыл нымадтон. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ сыл хъуамӕ иузӕрдион уон. Зӕгъӕм, иу бон нӕ бандӕйӕ иу лӕппу наркотиктӕ скодта ӕмӕ мӕ сыхагимӕ схыл. Мӕ сыхаг ыл фӕтых ӕмӕ пъӕлицӕмӕ фӕдзырдта. Мӕнӕн мӕ маст рафыхт, уӕззау лӕдзӕг райстон ӕмӕ йын йӕ машинӕйыл балӕууыдтӕн, цӕмӕй мын ме ’мбалы ауагътаид. Мӕ сыхаг ма мын бӕргӕ лӕгъстӕ кодта, фӕлӕ йын ӕз йӕ машинӕйы рудзгуытӕ ныппырх кодтон.

 18 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд иухатт нӕ бандӕ пъӕлицӕимӕ тохы бацыд. Нӕхӕдӕг кӕй сарӕзтам, ахӕм бомбӕ фехсынмӕ хъавыдтӕн, фӕлӕ мӕ къухы куыд фехӕлд, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон. Мӕ къухӕй цы баззад, уый ма ауыдтон, стӕй ницыуал бамбӕрстон. Рынчындоны мӕхимӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд базыдтон, мӕ рахиз къухы ’рдӕг кӕй нал ис, мӕ рахиз хъус кӕй нал хъусы ӕмӕ мӕ рахиз цӕст гыццыл йеддӕмӕ кӕй нал уыны.

 Рынчындонӕй комкоммӕ бандӕмӕ ацыдтӕн. Фӕлӕ мӕ тагъд рӕстӕджы пъӕлицӕ ӕрцахста ӕмӕ мӕ ахӕстонмӕ арвыстой. Уым мӕ бандӕимӕ ноджы ӕнгомдӕр сдӕн. Бон-изӕрмӕ иумӕ уыдыстӕм ӕмӕ алцыдӕр иумӕ кодтам: марихуанӕ-иу бадымдтам, стӕй-иу аходӕн бахордтам ӕмӕ-иу фынӕй афонмӕ иумӕ уыдыстӕм.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 Ахӕстоны куы уыдтӕн, уӕд мӕм Леонардо ’рбацыд. Куы ныхас кодтам, уӕд мын мӕ рахиз къухы татуировкӕмӕ ацамыдта ӕмӕ мӕ бафарста: «Дӕ татуировкӕ цы нысан кӕны, уый зоныс?» Ӕз ын загътон: «Секс, наркотиктӕ ӕмӕ рок-н-ролл». Фӕлӕ мын Леонардо загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ та рынчындон, ахӕстон ӕмӕ мӕлӕт. Рынчындоны уыдтӕ, ныр та ахӕстоны дӕ. Дарддӕр цы уыдзӕн, уый дӕхӕдӕг зоныс».

 Леонардойы ныхӕсты фӕстӕ арвыцӕфау фӕдӕн. Раст мын загъта. Мӕхӕдӕг мӕхицӕн ингӕн къахтон. Леонардо мын загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаин ӕмӕ сразы дӕн. Библийӕ-иу цы базыдтон, уый мӕ разӕнгард кодта мӕ цард ивынмӕ. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Уымӕ гӕсгӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ ног ӕмбӕлттӕ ссардтаин. Ӕмӕ уый тыххӕй бандӕйы ӕмбырдтӕм нал цыдтӕн, фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ахӕстоны цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдонмӕ. Ӕвдисӕнты ӕмбырды базонгӕ дӕн Андресимӕ, уый дӕр бадт ахӕстоны ӕмӕ донаргъуыд дӕр уым райста. Уый мын загъта, цӕмӕй-иу райсомӕй иумӕ хордтаиккам. Уымӕ гӕсгӕ райсомӕй марихуанӕ нал дымдтон. Уый бӕсты-иу Андресимӕ алы райсом дӕр Библийы стихыл ныхас кодтам.

 Куыд ивтон, уый нӕ бандӕ уайтагъд бафиппайдта. Бандӕйы хистӕртӕй мын иу загъта, мемӕ йӕ аныхас кӕнын кӕй фӕнды. Ӕз фӕтарстӕн. Нӕ йӕ зыдтон, мӕ фӕнд мын куы базона, уӕд мын цы бакӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ бандӕйӕ рацауӕн нӕ уыд. Уый мын загъта: «Мах уынӕм, не ’мбырдтӕм кӕй нал цӕуыс, фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм. Дарддӕр дӕм цы фӕнд ис?» Ӕз ын загътон, Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ мӕ мӕ цард ивын кӕй фӕнды. Диссаг, фӕлӕ мын уый загъта, кӕд ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суон, уӕд мын бандӕ кӕй аргъ кӕндзӕн. Стӕй ма загъта: «Кӕд дӕ ӕцӕгӕй фӕнды Хуыцауы тыххӕй базонын, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕн. Ныфс нӕ ис, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй ныууадздзынӕ. Арфӕ дын кӕнын. Раст фӕндагыл слӕууыдтӕ. Ӕвдисӕнтӕ дын ӕцӕгдӕр баххуыс кӕндзысты. Ӕз дӕр семӕ Библи ахуыр кодтон Иугонд Штатты, ӕмӕ мӕ бинонтӕй дӕр чидӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты. Ма тӕрс. Ма ’рлӕуу, размӕ цу». Ӕз тӕрсгӕ дӕр кодтон ӕмӕ цин дӕр кодтон. Мӕхи мидӕг Йегъовӕ Хуыцауӕн бузныг дзырдтон. Кълеткӕйӕ чи раирвӕзт, ахӕм цъиуы хуызӕн кастӕн мӕхимӕ, ӕмӕ Чырыстийы ныхӕстӕ бамбӕрстон: «Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоанны 8:32).

 Фӕлӕ-иу мын мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕй иуӕй-иутӕ барӕй наркотиктӕ лӕвӕрдтой. Ӕмӕ, раст куы зӕгъон, уӕд-иу сӕ иуӕй-иу хатт райстон. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ, Хуыцаумӕ бирӕ куы фӕкуывтон, уӕд сӕ мӕ бон сси ныууадзын (Псалом 51:10, 11).

 Ахӕстонӕй куы рацыдтӕн, уӕд бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ та мӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ кӕндзынӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ бакодтон. Ахӕстонӕй куы рацыдтӕн, уӕд арӕх ахӕстонмӕ цыдтӕн, цӕмӕй хорз хабар дзырдтаин, чи дзы бадти, уыдонӕн. Ӕппынфӕстаг, мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ бамбӕрстой, кӕй аивтон, уый. Хъыгагӕн, мӕ раздӕры знӕгтӕй уый зӕгъӕн нӕ уыд.

 Иу бон иу ӕфсымӕримӕ хъусын кӕнынмӕ куы уыдыстӕм, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ алыварс амбырд сты, раздӕр нӕ ныхмӕ чи уыд, уыцы бандӕйӕ цалдӕр адӕймаджы. Семӕ уыди хӕцӕнгарз ӕмӕ мӕ хъуамӕ амардтаиккой. Ӕфсымӕр сын уӕзданӕй, фӕлӕ ныфсджынӕй бамбарын кодта, ӕз бандӕйы кӕй нал дӕн. Уыцы рӕстӕг архайдтон мӕхиуыл хӕцын. Уыдон мӕ фӕнадтой, стӕй мын загътой, цӕмӕй уыцы районмӕ макуыуал ӕрбацыдаин. Стӕй сӕ хӕцӕнгарз айстой ӕмӕ нӕ ауагътой. Библийы фӕрцы мӕ цард ӕцӕгдӕр фӕивта. Раздӕр мӕ маст райсыныл архайдтаин. Фӕлӕ ныр Библийы 1 Фессалоникӕгтӕм 5:15 стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ хъуыстон: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ ӕвзӕр ӕвзӕрӕй мачи макӕмӕн фида, фӕлӕ алкӕддӕр архайут, уӕ кӕрӕдзийӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз цы у, ууыл».

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ архайдтон, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт уыдаин. Уый ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцауы, Библийы уынаффӕты ӕмӕ мӕ ног ӕмбӕлтты ӕххуысы фӕрцы, уый мӕ къухы бафтыд. Никуы мӕ фӕндыд мӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхын (2 Петры 2:22).

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Раздӕр уыдтӕн ӕгъатыр, мӕстыгӕр адӕймаг. Ӕз ӕй зонын, мӕ цард куы нӕ аивтаин, уӕд абон ӕгас нӕ уыдаин. Библийӕ цы базыдтон, уый фӕрцы фӕивтон. Ме ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътон. Сахуыр дӕн ме знӕгтимӕ хӕларӕй цӕрын (Лукайы 6:27). Ныр мын цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдон мын ӕххуыс кӕнынц мӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнынӕн (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Ӕз амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ цард дзӕгъӕлы нӕу ӕмӕ лӕггад кӕнын, ме ’взӕр хъуыддӕгтӕ мын чи ныххатыр кодта, уыцы Хуыцауӕн (Исай 1:18).

 2006 азы сахуыр кодтон, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы ӕфсымӕртӕн цы скъола уыд, уым. Стӕй цалдӕр азы фӕстӕ мӕ цард баиу кодтон мӕ уарзон бинойнагимӕ ӕмӕ иумӕ нӕ чызджы хъомыл кӕнӕм. Ныр мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр адӕмӕн дзурын Библийы уагӕвӕрдты тыххӕй, уыцы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кодтой мӕнӕн. Не ’мбырды лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ архайын ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕхи хизой, сӕ карӕнӕй ӕз цы рӕдыдтытӕ сарӕзтон, уыдонӕй. Ныр мӕхицӕн ингӕн нал къахын, фӕлӕ аразын, Хуыцау ныфс кӕмӕй бавӕрдта, уыцы ӕнусон фидӕн.