Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет цы у?
Разамонӕг совет у фӕлтӕрдджын чырыстӕтты гыццыл къорд. Уыдон разамынд дӕттынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕппӕт дунейы дӕр. Сӕ хъус дарынц дыууӕ хъуыддагмӕ:
Цӕттӕ кӕнынц Библийыл арӕзт ахуыргӕнӕн программӕтӕ, ӕмӕ уый аразынц публикациты, фембӕлдты ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты скъолаты уылты (Лукайы 12:42).
Разамынд дӕттынц, ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы куыст кӕнынц, уымӕн – хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Стӕй ма сӕ хъус дарынц, цӕмӕй мысайнӕгтӕ раст хардз цӕуой.
Разамонӕг совет архайы, фыццаг ӕнусы «апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» цы ’гъдау ӕрфидар кодтой, уымӕ гӕсгӕ. Уыдон-иу рахастой, ӕгас ӕмбырдмӕ чи хауд, ахӕм ахсджиаг уынаффӕтӕ (Хъуыддӕгтӕ 15:2). Разамонӕг советы цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдон дӕр уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытау нӕ организацийӕн сӕхи хицӕуттӕ нӕ кӕнынц. Уыдон разамынд агурынц Библийы ӕмӕ ӕууӕндынц, Йегъовӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы ӕмбырды сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 11:3; Ефесӕгтӕм 5:23).
Разамонӕг советы чи ис?
Разамонӕг советы сты Гейдж Флигл, Геррит Лёш, Дейвид Сплэйн, Джеффри Джексон, Джеффри Уиндер, Кеннет Кук, Марк Сандерсон, Стивен Летт ӕмӕ Сэмюэл Хёрд. Уыдон лӕггад кӕнынц нӕ сӕйраг хайады Уорвичы (Нью-Йорк, АИШ).
Разамонӕг совет куыд архайы?
Разамонӕг совет сарӕзта ӕхсӕз комитеты, цӕмӕй алыхуызон хъуыддӕгтӕм сӕ цӕст дарой. Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕй алчидӕр лӕггад кӕны иу кӕнӕ цалдӕр комитеты.
Ахуырадон комитет цӕттӕ кӕны фембӕлдты ӕмӕ нӕ организацийы скъолаты программӕтӕ, стӕй алыхуызон аудио- ӕмӕ видеопродукци.
Координаторты комитет йӕ хъус дары юридикон хъуыддӕгтӕм ӕмӕ ӕххуыс кӕны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, сӕ дины тыххӕй сӕ фӕдыл куы фӕзилынц кӕнӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ куы ’рцӕуы, йе та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы бахауынц, ӕвӕстиатӕй архайын кӕм фӕхъӕуы, ахӕм уавӕрты.
Лӕггадгӕнджыты чи снысан кӕны, уыцы комитет тыхсы, ӕгас дунейы дӕр Вефилты чи лӕггад кӕны, уыдоныл.
Рауагъдады комитет йӕ хъус дары, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ куыд мыхуыргонд цӕуы ӕмӕ ӕмбырдтӕм куыд фӕхӕццӕ вӕййы, уымӕ. Йӕ цӕст ма дары залты, тӕлмацгӕнджыты офисты ӕмӕ филиалты агъуыстыты арӕзтадмӕ дӕр.
Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитет разамынд дӕтты, «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар хъуыстгонд» куыд цӕуы, уымӕн (Матфейы 24:14).
Фысджыты комитет цӕттӕ кӕны уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕмӕ йӕ хъус дары, цӕмӕй мыхуыры цӕуа ӕмӕ нӕ сайты дӕр уа, стӕй ма разамынд дӕтты тӕлмацгӕнджыты куыстӕн.
Разамонӕг советы ӕфсымӕртӕ ӕрмӕст ацы комитетты нӕ кусынц, фӕлӕ ма алы къуыри дӕр фембӕлынц, цӕмӕй-иу нӕ организацийы хъуыддӕгтыл аныхас кӕной. Уыцы фембӕлдты Фыстадыл фӕныхас кӕнынц ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй уынаффӕтӕ ӕмвӕндӕй хӕссой, ӕмӕ уый аразынц Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ (Хъуыддӕгтӕ 15:25).
Разамонӕг советы ӕххуысгӕнджытӕ чи сты?
Уыдон сты, Разамонӕг советы комитеттӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы ӕууӕнкджын чырыстӕттӕ (1 Коринфӕгтӕм 4:2). Арӕхстджын ӕмӕ курдиатджын кӕй сты, уый фӕрцы сӕ бон у, цы комитетмӕ сӕ снысан кодтой, уым ӕххуыс кӕнын. Стӕй ма вӕййынц, комитетӕн алы къуыри дӕр цы фембӕлд вӕййы, уым. Ӕмӕ кӕд Разамонӕг советы ӕххуысгӕнджытӕ уынаффӕтӕ нӕ хӕссынц, уӕддӕр бацӕттӕ кӕнынц, сӕ комитеты цы информаци фӕхъӕуы, уый ӕмӕ цавӕрдӕр фарстаты фӕдыл сӕ хъуыдытӕ фӕзӕгъынц. Феххӕст кӕнынц комитеты уынаффӕ ӕмӕ сӕ хъус фӕдарынц, уыцы уынаффӕйы фӕрцы цы бантыст, уымӕ. Стӕй ма сын Разамонӕг совет бахӕс кӕны алыхуызон бӕстӕты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кӕнын ӕмӕ раныхӕстӕ дзурын, зӕгъӕм, ӕрвылазон фембӕлды, кӕнӕ студенттӕ Галаады скъола каст кӕй фесты, уый фӕдыл.
Комитет |
Ном |
---|---|
Ахуырадон комитет |
|
Координаторты комитет |
|
Лӕггадгӕнджыты чи снысан кӕны, уыцы комитет |
|
Рауагъдады комитет |
|
Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитет |
|
Фысджыты комитет |
|