Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Хорз ныййарджытӕ цӕй фӕрцы уыдзыстут?

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут, цӕмӕй Хуыцауы бауарзой?

Фыд ӕмӕ мад кӕрӕдзи кӕм уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕм аргъ кӕнынц, ахӕм хӕдзар у диссаджы бынат сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн (Колоссӕгтӕм 3:14, 19). Йегъовӕ Хуыцау йӕ Фырты куыд уарзы ӕмӕ дзы куыд ӕппӕлы, раст афтӕ хорз ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллӕтты уарзынц ӕмӕ сӕ ӕппӕлынц. (Бакӕс Матфейы 3:17.)

Нӕ уӕларвон Фыд хъусы йӕ лӕггадгӕнджытӕм ӕмӕ йӕ хъус дары, сӕ зӕрдӕты цы ис, уымӕ. Ныййарджытӕ дӕр хъуамӕ Хуыцауы фӕзмой ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕм хъусой (Иаковы 1:19). Хъуамӕ сӕ хъус лӕмбынӕг дарой, сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты цы ис, уымӕ, суанг сӕ зӕрдӕмӕ цыдӕр куы нӕ цӕуа, уӕд дӕр. (Бакӕс Нымӕцтӕ 11:11, 15.)

Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа?

Ныййарджытӕ, сымахӕн уый бар ис, цӕмӕй уӕ хӕдзары бӕлвырд ӕгъдау ӕрӕвӕрат (Ефесӕгтӕм 6:1). Уыцы хъуыддаджы хъуамӕ Хуыцауы фӕзмат. Йӕ зӕххон сывӕллӕтты кӕй уарзы, уый зыны, бӕрӕг уагӕвӕрдтӕ сын кӕй ӕвӕры ӕмӕ сӕ кӕй фӕдзӕхсы, ӕгоммӕгӕс куы уой, уӕд сыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕй (Райдиан 3:3). Хуыцау адӕмы тыхӕй нӕ коммӕ кӕсын кӕны, фӕлӕ сын ӕмбарын кӕны, раст куыд у, афтӕ кӕнын хорз цӕмӕн у. (Бакӕс Исайы 48:18, 19.)

Уӕ бон цыдӕриддӕр у, уый саразут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы бауарзой. Ӕмӕ уӕд, сӕ цуры куы нӕ уат, уӕд дӕр сӕхи куыд ӕмбӕлы, афтӕ дардзысты. Хуыцау иннӕты ахуыр кӕны йӕхи цӕвиттонӕй. Сымах дӕр уӕ сывӕллӕтты Хуыцауы уарзын ахуыр кӕнут уӕхи цӕвиттонӕй. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:5–7; Ефесӕгтӕм 4:32; 5:1.)