Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Сывӕллон фӕивы бинонты цард

Сывӕллон фӕивы бинонты цард

Чарлз *: «Нӕ чызг куы райгуырд, уӕд Мэриимӕ нӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыди. Фӕлӕ фыццаг цалдӕр мӕйы ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ ӕрвыстам. Куыд ӕм кӕсдзыстӕм ӕмӕ йӕ куыд хъомыл кӕндзыстӕм, уый фӕдыл нӕм бирӕ алыхуызон пълӕнттӕ уыди, фӕлӕ йӕ райгуырды фӕстӕ нӕ пълӕнттӕй ницыуал баззад».

Мэри: «Нӕ сывӕллон куы райгуырд, уӕд мӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Мӕхимӕ мӕ ӕппындӕр нал ӕвдӕлди. Сывӕллон йеддӕмӕ мӕ ӕндӕр ницӕйуал мӕт уыд: йӕ бутылкӕ йын-иу ӕхсырӕй нӕма байдзаг кодтон, афтӕ-иу ын хъуыди йӕ бын аивын, стӕй та-иу кӕуын райдыдта, ӕмӕ-иу ӕй хъуыди ӕрсабыр кӕнын, ӕмӕ афтӕ ӕнӕрынцойӕ. Чарлзимӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр мӕйы фӕстӕ нӕхимӕ гыццыл ӕрцыдыстӕм ӕмӕ та нӕ кӕрӕдзи раздӕрау ӕмбарын райдыдтам».

БИРӔТӔ сразы уыдзысты, царды мидӕг хъӕбулы цинӕй стырдӕр цин кӕй нӕй. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы «лӕвар» (Псалом 127:3). Чарлз ӕмӕ Мэрийау лӕг ӕмӕ усӕн фыццаг сывӕллон куы райгуыры, уӕд сӕ бинонты цард, ӕнхъӕл куыд не сты, афтӕ фӕивы. Мад ӕгасӕй дӕр йӕ гыццыл хъӕбулыл свӕййы ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр дис фӕкӕны, сывӕллон цыдӕр цух кӕй у, уый йӕ зӕрдӕ куыд базоны, стӕй йӕ хъыс-хъысмӕ ӕвиппайды куыд фехъал вӕййы, ууыл. Фыдмӕ та диссаг фӕкӕсы, йӕ ус ӕмӕ сӕ гыццыл сывӕллон кӕрӕдзиимӕ цы фидар тӕгтӕй баст сты, уый. Фӕлӕ йӕм иннӕмӕй та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ йӕхӕдӕг хъӕугӕ дӕр нал кӕны.

Лӕг ӕмӕ усӕн фыццаг сывӕллон куы райгуыры, уӕд арӕх кӕрӕдзи нал фембарынц. Чи зоны, сӕ иумӕ раздӕр афтӕ каст, ӕмӕ йӕ цардӕмбалӕй фаг рӕвдыд нӕ зоны, ӕмӕ йӕм сывӕллоны райгуырды фӕстӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ ноджы арӕхдӕр фӕзыны. Науӕд та, чи зоны, се ’хсӕн уӕдмӕ дӕр цыдӕр зындзинӕдтӕ уыди, ӕмӕ ныр ноджы тынгдӕр рабӕрӕг сты.

Сывӕллоны райгуырды фӕстӕ фыццаг цалдӕр мӕйы ныййарджытӕн сӕ сӕрыл куырой фӕзилы, сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ сӕ хъарутӕ фӕхъӕуы иууылдӕр сывӕллонӕн дӕттын. Куыд сахуыр уой уыцы ног уавӕртыл? Цы у сӕ бон аразын, цӕмӕй дарддӕр дӕр кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уой? Сывӕллон хъомыл кӕныны тыххӕй ӕмхуызон куы нӕ хъуыды кӕной, уӕд сын куыд кӕнгӕ у? Ӕркӕсӕм уыцы зындзинӕдтӕй алкӕцымӕ дӕр ӕмӕ фенӕм, Библийы уынаффӕты фӕрцы куыд ис сӕ сӕрты хизӕн.

1-АГ ЗЫНДЗИНАД. Уӕ сывӕллон сси уӕ сӕйраг мӕт.

Мадӕн йӕ рӕстӕг иууылдӕр ноггуырд байсы ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ ӕгасӕй дӕр ууыл вӕййынц. Мадӕн сывӕллонмӕ кӕсын ӕмӕ йыл узӕлын афтӕ ӕхсызгон вӕййы, ӕмӕ йӕхицӕй амондджындӕр никӕйуал фӕхоны. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг лӕгмӕ та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ никӕйуал хъӕуы. Бразилийӕ иу фыд, Мануэл, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъы: «Мӕ бинойнаг нӕ сывӕллон йеддӕмӕ уынгӕ дӕр никӕйуал кодта, ӕмӕ мын уымӕй зындӕр ницы уыди. Раздӕр ӕрмӕстдӕр нӕ дыууӕ уыдыстӕм, фӕлӕ ӕвиппайды уавӕр фӕивта, ӕмӕ ныр дунетыл мӕ бинойнаг ӕмӕ сывӕллон йеддӕмӕ ничиуал уыди». Ахӕм ног уавӕры бинонтӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

Уынаффӕ: ут фӕразон.

«Уарзондзинад бирӕ фӕразы»,– зӕгъы Библи. Уарзондзинад, «йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны, уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5). Лӕг ӕмӕ усӕн фыццаг сывӕллон куы райгуыры, уӕд сӕ бон куыд у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын?

Ӕмбаргӕ лӕг рагацау базондзӕн, сылгоймагыл сывӕллоны райгуырд куыд фӕзыны, уый тыххӕй, ӕмӕ афтӕмӕй равдисдзӕн, кӕй йӕ уарзы. Стӕй йын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн, йӕ ус ӕвиппайды цӕмӕн ӕрӕнкъард вӕййы, уый бамбарын дӕр *. Адам цӕры Францийы ӕмӕ йын ис 11-мӕйдзыд чызг. Уый дзуры: «Мӕ бинойнаг куы ӕрӕнкъард вӕййы ӕмӕ йӕм дзурын дӕр куы нал фӕцӕуы, уӕд мын тынг зын вӕййы. Фӕлӕ мӕ зӕрдыл фӕдарын, афтӕ мӕн тыххӕй кӕй нӕ вӕййы. Афтӕ уымӕн вӕййы, ӕмӕ нын ног уавӕрты цы зындзинӕдтӕ фӕзынд, уыдонӕй стыхсы».

Искуы афтӕ вӕййы, ӕмӕ дӕ дӕ бинойнагӕн баххуыс кӕнын фӕфӕнды, уый та дӕ раст нӕ бамбары? Кӕд о, уӕд-иу тӕргай кӕнынмӕ ма фӕу (Екклесиаст 7:9). У фӕразон ӕмӕ дӕхи мӕт ма кӕныны бӕсты, уымӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл хъуыды кӕн, ӕмӕ йӕм уӕд мӕсты нӕ кӕндзынӕ (Ӕмбисӕндтӕ 14:29).

Ӕмбаргӕ ус дӕр ууыл архайдзӕн, цӕмӕй лӕг дӕр сахуыр уа, цы ног хӕстӕ йын фӕзынд, уыдон ӕххӕст кӕнын. Фадат ын дӕтдзӕн, цӕмӕй сывӕллонмӕ уый дӕр кӕса, равдисдзӕн ын, йӕ бын аивын кӕнӕ йын бутылкӕйы хӕринаг ныккӕнын куыд хъӕуы, уый дӕр. Ӕмӕ райдианты лӕг дзӕбӕх куы нӕ арӕхса, уӕд дӕр ус уыдзӕн фӕразон ӕмӕ йыл бустӕ нӕ кӕндзӕн.

Элленыл цӕуы 26 азы. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йын сывӕллон куы райгуырд, уыцы рӕстӕг йӕ лӕгмӕ раст цӕстӕй нӕ каст. «Мӕхи афтӕ дардтон, цыма сывӕллон ӕрмӕст мӕн уыди, ӕмӕ мӕ уыцы хъуыддаджы хъуыди фӕивын,– дзуры Эллен. – Истӕмӕй-иу мын куы ӕххуыс кодта, уӕд-иу мӕ хъуыди мӕхиуыл фӕхӕцын, цӕмӕй-иу ын ма бауайдзӕф кодтаин, раст нӕ кӕныс, зӕгъгӕ».

ЦЫ ИС САРАЗӔН? Устытӕ, сывӕллонимӕ архайгӕйӕ уӕ лӕгтӕ алцыдӕр, сымах куыд аразут, афтӕ куы нӕ аразой, уӕд-иу сӕ уайдзӕфты бын ма фӕкӕнут ӕмӕ цы саразой, уый-иу уӕхӕдӕг ногӕй аразын мауал райдайут. Хорз сын цы рауайа, уый тыххӕй-иу сӕ раппӕлут. Уый сыл базыртӕ басадздзӕн ӕмӕ сӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй уын ӕххуыс кӕной. Лӕгтӕ, къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнут, афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл, цӕмӕй уын, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, уӕ устытӕн ӕххуыс кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа. Ууыл архайын уӕлдай тынгдӕр хъӕуы сывӕллоны райгуырды фӕстӕ фыццаг цалдӕр мӕйы.

2-АГ ЗЫНДЗИНАД. Кӕрӕдзиимӕ раздӕрау ӕнгом нал стут.

Ноггуырд йӕ ныййарджыты ӕхсӕв дзӕбӕх фынӕй кӕнын кӕй нӕ фӕуадзы, стӕй ӕнӕнхъӕлӕджы рынчын дӕр кӕй фӕвӕййы, уымӕ гӕсгӕ бирӕ ныййарджытӕн тынг зын вӕййы ууыл архайын, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уой. Вивьяннӕ цӕры Францийы ӕмӕ йын ис дыууӕ сывӕллоны. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Райдианты мады хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл сдӕн, ӕмӕ мыл мӕ цардӕмбалы раз цы хӕстӕ ис, уыдон мӕ рох дӕр фесты».

Иннӕрдыгӕй та хатт лӕг нӕ фембары, сылгоймаг йӕхи бар куы нӕ вӕййы, уӕд арӕх йӕхи ӕвзӕр кӕй фӕхаты ӕмӕ йӕхицӕй дӕр тыхсгӕ кӕй фӕкӕны. Стӕй сывӕллон куы райгуыры, уӕд та, раздӕр уын кӕрӕдзи рӕвдауынӕн ӕмӕ кӕрӕдзийыл цинтӕ кӕнынӕн цы рӕстӕг ӕмӕ цы хъарутӕ уыди, уыдон иууылдӕр уый байсы. Уӕдӕ лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ гыццыл хур се ’хсӕн «ма балӕууа» ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ ма адард кӕна?

Уынаффӕ: кӕрӕдзи кӕй уарзут, уый ӕвдисут.

Бинонты тыххӕй Библийы ахӕм ныхӕстӕ фыст ис: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» * (Райдиан 2:24). Йегъовӕ Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ, сывӕллӕттӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд сӕ ныййарджытимӕ нал фӕцӕрынц. Фӕлӕ лӕг ӕмӕ ус та хъуамӕ иумӕ уой цӕрӕнбонтӕм ӕмӕ, цыма иу буар сты, афтӕ ӕнгом уой кӕрӕдзиимӕ (Матфейы 19:3–9). Лӕг ӕмӕ ус ацы хъуыддаг сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сыл кӕрӕдзийы раз цы хӕстӕ ис, уыдон сӕ сывӕллоны райгуырды фӕстӕ дӕр ма ферох уой?

Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг Вивьяннӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕз хъуыды кодтон, Райдианы 2:24 стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдоныл ӕмӕ уый фӕрцы бамбӕрстон, мӕ сывӕллонимӕ нӕ, фӕлӕ мӕ лӕгимӕ кӕй сдӕн „иу буар“. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, кӕй архайдзынӕн, цӕмӕй мӕ цардӕмбалимӕ ӕнгомдӕр уон». Терезӕйӕн ис дыууӕаздзыд чызг, ӕмӕ уый та афтӕ зӕгъы: «Куы йӕ бамбарын, ӕмӕ мӕ цардӕмбалӕй адард дӕн, уӕд уайтагъд архайын райдайын, цӕмӕй иу бон дӕр афтӕ ма ацӕуа, ӕмӕ йын рӕстӕг иу гыццыл уӕддӕр ма рахицӕн кӕнон».

Лӕгӕн та цы у йӕ бон саразын, цӕмӕй йӕ бинойнагимӕ ӕнгом уа? Дӕ бинойнагӕн дзур, кӕй йӕ уарзыс, уый. Стӕй йын дӕ уарзондзинад хъуыддагӕй дӕр ӕвдис – дӕ цин ӕмӕ йын дӕ узӕлд ма ’вгъау кӕн. Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араз, цӕмӕй дӕ бинойнагмӕ афтӕ ма кӕса, ӕмӕ йӕ нал уарзыс. Иу мад, 30 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм сылгоймаг Сарӕ, зӕгъы: «Сылгоймаг хъуамӕ уына, йӕ лӕг ӕй раздӕрау кӕй уарзы ӕмӕ йын зынаргъ кӕй у, кӕд сывӕллоны фӕстӕ йӕ фигурӕ афтӕ рӕсугъд нал у, уӕддӕр». Алан та цӕры Германийы ӕмӕ йын ис дыууӕ лӕппуйы. Алан хорз ӕмбары, йӕ бинойнаджы йӕ ныхасӕй рӕвдауын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Афтӕ зӕгъы: «Ӕдзухдӕр ууыл фӕархайын, цӕмӕй, мӕ бинойнаг ӕнкъард куы вӕййы, уӕд-иу ын фӕлмӕн ныхӕстӕ акӕнон, баузӕлон-иу ыл».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бинонтӕн сывӕллон куы фӕзыны, уӕд сын кӕрӕдзиимӕ ӕмуат ӕрцӕуынӕн уыйбӕрц фадӕттӕ нал вӕййы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ аныхас кӕной, уый фӕдыл сӕ чи цы хъуыды кӕны, ууыл. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй лӕг ӕмӕ усы сӕ сусӕг ахастдзинӕдты исты фӕивын куы бахъӕуа, уӕд хъуамӕ ууыл «дыууӕйӕ дӕр разы уой» (1 Коринфӕгтӕм 7:1–5). Цы бинонты ’хсӕн схъомыл дӕ кӕнӕ цы адӕмыхаттӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, дӕ цардӕмбалимӕ уыцы хабӕрттыл ныхас кӕнын ӕфсӕрмы кӕныс. Фӕлӕ уӕддӕр дыууӕ уды сӕ ног уавӕрты ахӕм хъуыддӕгтыл ӕргом ныхас кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ут фӕразон ӕмӕ уӕ алчидӕр, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурӕд (1 Коринфӕгтӕм 10:24). Уӕд кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбардзыстут ӕмӕ уӕ уарзт дӕр тыхджындӕр кӕндзӕн (1 Петры 3:7, 8).

Лӕг ӕмӕ усӕн ма сӕ уарзт тыхджындӕр кӕндзӕн, кӕрӕдзийӕ бузныг кӕй сты, уый куы дзурой ӕмӕ йӕ хъуыддагӕй дӕр куы ӕвдисой, уӕд. Арфуынӕг лӕг ӕмбардзӕн, йӕ бинойнаг хӕдзары цы куыстытӕ фӕкӕны, уыдонӕн сӕ фылдӕр зынгӕ дӕр кӕй нӕ фӕкӕнынц. Вивьяннӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕнӕхъӕн бон гыццыл дӕр иу ран не ’рбадын, ӕдзух сывӕллоны алыварс цъилау фӕзилын, фӕлӕ мӕм уӕддӕр изӕрӕй афтӕ фӕкӕсы, цыма ӕппындӕр ницы сарӕзтон!» Ӕмбаргӕ сылгоймаг, бирӕ куыстытӕ йын куы уа, уӕд дӕр йӕхи афтӕ нӕ дардзӕн, цыма лӕг хӕдзары ницы аразы (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

ЦЫ ИС САРАЗӔН? Мадӕлтӕ, сывӕллон куы фынӕй кӕна, уӕд-иу уӕхӕдӕг дӕр иу гыццыл афынӕй кӕнут. Батарейкӕ зарядкӕйы фӕрцы ногӕй куыд скусы, афтӕ сымахмӕ дӕр улӕфты фӕрцы фылдӕр хъарутӕ уыдзӕн уӕ цардӕмбалӕн. Фыдӕлтӕ, ӕхсӕв-иу арӕхдӕр сымах сыстут ӕмӕ-иу сывӕллонӕн хӕринаг раттут кӕнӕ-иу ын йӕ бын аивут, цӕмӕй-иу уӕ бинойнаг фылдӕр баулӕфа. Ма уӕ рох кӕнӕд, уӕ бинойнаджы кӕй уарзут, уый ӕвдисын – дыууӕ ныхасы-иу ын афыссут, СМС-иу ӕм арвитут кӕнӕ та-иу ӕм телефонӕй бадзурут. Рӕстӕг-иу ссарут, цӕмӕй-иу дыууӕйӕ баззайат ӕмӕ-иу аныхас кӕнат. Кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнут ӕрмӕст уӕ сывӕллоны тыххӕй нӕ, фӕлӕ уӕхи хабӕрттыл дӕр. Ут хорз ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ уын уӕд уӕ сывӕллоны хъомыл кӕнын дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн.

3-АГ ЗЫНДЗИНАД. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны фӕдыл ӕмхуызон нӕ хъуыды кӕнут.

Лӕг ӕмӕ ус алыхуызон уавӕрты кӕй схъомыл вӕййынц, уый тыххӕй цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм ӕмхуызон цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц. Ахӕм зындзинадыл сӕмбӕлдысты Японийӕ иу мад ӕмӕ фыд, Асами ӕмӕ Кацуро, зӕгъгӕ. Мӕнӕ цы дзуры Асами: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ Кацуро нӕ чызгимӕ ӕгӕр фӕлмӕн у. Уымӕ та афтӕ каст, ӕмӕ ӕз йемӕ ӕгӕр карз дӕн». Ныййарджытӕ, цы уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕры кӕрӕдзийы ныхмӕ ма суат?

Уынаффӕ: чи уӕ цы хъуыды кӕны, уый кӕрӕдзийӕн дзурут ӕмӕ ӕмзондӕй архайут.

Зондджын паддзах Соломон ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Адӕймаг йӕхиуыл куы фервӕсса, уӕд уый ӕркӕндзӕн быцӕутӕм, уынаффӕ чи кӕны, уыдонмӕ та ис зонд» (Ӕмбисӕндтӕ 13:10). Дӕ цардӕмбал сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый тыххӕй исты зоныс? Афтӕ куы хъуыды кӕнай, мӕнӕ сывӕллон куы райгуыра, уӕд ныхас кӕндзыстӕм уыдӕттыл, зӕгъгӕ, уӕд уӕ хабар уымӕ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уыцы зындзинӕдтӕ аиуварс кӕныны бӕсты кӕрӕдзиимӕ быцӕу кӕндзыстут.

Зӕгъӕм, мӕнӕ ацы фарстатӕй кӕцыты фӕдыл хъуыды кӕнут ӕмхуызон: «Куыд ӕй ахуыр кӕндзыстӕм хӕрын ӕмӕ афоныл фынӕй кӕнын? Куы-иу райхъал уа ӕмӕ-иу куы скӕуа, уӕд ӕй алы хатт дӕр хъӕбысмӕ исдзыстӕм? Горшокыл бадын ӕй куыд сахуыр кӕндзыстӕм?» Чи зоны, ацы фарстаты фӕдыл иннӕ ныййарджытӕ куыд хъуыды кӕнынц, сымах афтӕ ма хъуыды кӕнат. Дыууӕ сывӕллоны фыд, Итан, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъы: «Уыдӕттыл лӕг ӕмӕ усы фӕхъӕуы рагацау аныхас кӕнын, цӕмӕй иу хъуыдымӕ ӕрцӕуой. Уӕд сын иумӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, сӕ сывӕллонмӕ, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ кӕсын».

ЦЫ ИС САРАЗӔН? Алчидӕр уӕ ахъуыды кӕнӕд, йӕ ныййарджытӕ йӕ куыд хъомыл кодтой, ууыл. Стӕй уӕ дыууӕ дӕр аскъуыддзаг кӕнут, уӕ сывӕллоны хъомыл кӕнгӕйӕ уӕ уӕ ныййарджыты цавӕр хъуыддӕгты фӕнды бафӕзмын, цавӕр хъуыддӕгты та – нӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ уӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийӕн зӕгъут.

Сывӕллон бинонты цард фӕивы хорзырдӕм

Адӕймаг къахдзоныгътыл ахуыр кӕнын куы райдайы, уӕд цӕмӕй ихыл лӕууын сахуыр уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ фӕразондзинад. Афтӕ сымах дӕр, ныййарджытӕ, цӕмӕй уӕ ног хӕстӕ ӕххӕст кӕнын сахуыр уат, уый тыххӕй уӕ хъӕуы рӕстӕг. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг уый уӕ къухы бафтдзӕн.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лӕг ӕмӕ усӕн сывӕллон куы райгуыры, уӕд сын ӕнцон нӕ вӕййы, цӕмӕй кӕрӕдзийыл раздӕрау ӕнувыд уой, стӕй ӕнӕуи дӕр сӕ цард тынг фӕивы. Фӕлӕ ма сын уый ахӕм фадат дӕр дӕтты, цӕмӕй сӕ удыхъӕды рӕсугъд миниуджытӕ ӕрфидар кӕной. Библийы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайат, уӕд сымахӕн дӕр уӕ бон зӕгъын уыдзӕн, иу фыд, Кеннет, зӕгъгӕ, куыд загъта, афтӕ: «Сывӕллӕттӕ нын кӕй ис ӕмӕ сӕ иумӕ кӕй хъомыл кӕнӕм, уый хорзырдӕм фӕзынд мӕныл дӕр ӕмӕ мӕ бинойнагыл дӕр. Ныр нӕ дыууӕ дӕр нӕхиуыл къаддӕр хъуыды кӕны, кӕрӕдзи тынгдӕр уарзӕм ӕмӕ хуыздӕр ӕмбарӕм». Ӕмӕ ахӕм ивындзинӕдтӕ та алы бинонты дӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы.

^ 3 абз. Ацы статьяйы нӕмттӕ ивд сты.

^ 11 абз. Сывӕллоны райгуырды фӕстӕ цалдӕр къуырийы дӕргъы бирӕ мадӕлтӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц. Иуӕй-иутӕн та сӕ уавӕр ноджы ӕвзӕрдӕр вӕййы – уӕззау низмӕ сын ахизы (послеродовая депрессия). Уыцы низ сбӕрӕг кӕнӕн ӕмӕ йемӕ тох кӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй кӕс журнал «Райхъал ут!»-ы статьятӕ «Как я боролась с послеродовой депрессией», 2002 аз 22 июль, ӕмӕ «Диагноз: послеродовая депрессия», 2003 аз 8 июнь; мыхуыры сӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ацы статьятӕ ма бакӕсӕн ис сайты www.watchtower.org.

^ 19 абз. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Райдианы 2:24 стихы «баиу уыдзӕн»-ӕй цы дзуттаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уымӕн ис ахӕм хъуыды, ӕмӕ «адӕймаг искӕй афтӕ куы уарза ӕмӕ йыл афтӕ ӕнувыд куы уа, цыма йыл ныхӕст у». Кӕс-ма, Библийы ацы стихмӕ цы фиппаинаг ис, уый дӕр.

АХЪУЫДЫ КӔНУТ...

  • Мӕ цардӕмбал нӕ бинонты хорзӕн цы аразы, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй дӕн, уый йын фӕстаг къуыри куыд равдыстон?

  • Мӕ цардӕмбалимӕ, сывӕллон хъомыл кӕныны фарстатыл нӕ, фӕлӕ нӕхи хабӕрттыл зӕрдӕбынӕй аныхас кӕнынӕн фӕстаг хатт рӕстӕг кӕд ссардтон?