Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ – штат Нью-Йорк

Уыдон уыдысты цӕттӕ – штат Нью-Йорк

ЦАЛДӔР азы размӕ Сезар ӕмӕ йӕ бинойнаг Росио цардысты Калифорнийы. Уыцы бинонтӕ ӕппындӕр ницы цух уыдысты. Сезар куыста ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ йӕ куыст баст уыд батарейтӕ, вентиляци ӕмӕ кондиционертимӕ. Росио та куыста къаддӕр рӕстӕг иу дохтыры офисы. Цардысты сӕхи хӕдзары, стӕй сын сывӕллӕттӕ дӕр нӕй. Фӕлӕ сын стӕй иу хабар сӕ цард фӕивта. Цымӕ уый цавӕр хабар уыд?

2009 азы октябры Иугонд Штатты филиал сӕ бӕстӕйы ӕмбырдтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр арвыста писмо. Уыцы писмойы дзырд цыди, арӕзтадон куыстытӕ кӕнын чи зоны, ахӕм барвӕндон кусджыты иуцасдӕр рӕстӕгмӕ Вефилы балӕггад кӕнынмӕ кӕй хонынц, цӕмӕй, филиалӕн Уолкиллы (штат Нью-Йорк) цы бӕстыхӕйттӕ ис, уыдон фестырдӕр кӕнынӕн баххуыс кӕной. Хуыдтой, йӕ кармӕ гӕсгӕ Вефилы лӕггад кӕнынмӕ кӕй нал фӕхуыдтаиккой, суанг уыдоны дӕр. Сезар ӕмӕ Росио загътой: «Мах ахӕм кары уыдыстӕм, ӕмӕ нын Вефилы балӕггад кӕнынӕн ӕндӕр фадат нал уыдаид. Ӕмӕ нӕ уыцы диссаджы фадат фесафын нӕ фӕндыд!» Гъемӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ анкетӕтӕ байдзаг кодтой.

Уорвичы чи кусы, уыцы барвӕндон лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ

Афӕдзӕй фылдӕр рацыд, фӕлӕ Сезар ӕмӕ Росиойы Вефилмӕ нӕ фӕхуыдтой. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр, сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтаикккой ӕмӕ сӕ нысан сӕ къухы бафтыдаид. Сезар загъта: «Нӕ гаражӕй сарӕзтам, цӕрӕн кӕм уыдаид, ахӕм къомнӕт, цӕмӕй нӕ хӕдзар ӕххуырсты радтаиккам. Нӕ хӕдзар нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди, нырма йӕ цалдӕр азы размӕ фестӕм арӕзт, стӕй гыццыл дӕр нӕ уыд – 200 квадратон метры. Фӕлӕ уӕддӕр ахызтыстӕм, 25 квадратон метры йеддӕмӕ чи нӕ уыд, уыцы къомнӕтмӕ. Уыцы ивындзинӕдты фӕрцы нын ӕнцондӕр уыдаид Вефилмӕ ацӕуын, куы нӕ фӕхуыдтаиккой, уӕд». Цымӕ уый фӕстӕ цы ’рцыд? Росио загъта: «Нӕ ног цӕрӕнбынатмӕ куы ралыгъдыстӕм, уымӕй нӕ иу мӕйы фӕстӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ фӕхуыдтой Уолкиллы балӕггад кӕнынмӕ. Нӕ дыууӕ дӕр ӕй бамбӕрстам: Йегъовӕ нын раарфӕ кодта, нӕ цард кӕй фӕхуымӕтӕгдӕр кодтам, уый тыххӕй».

Джейсон, Сезар ӕмӕ Уильям

СӔ УДУӔЛДАЙДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ АРФӔГОНД ЦӔУЫНЦ

Росио ӕмӕ Сезарау сӕдӕгай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой, цӕмӕй сӕ бон уа, штат Нью-Йорчы цы арӕзтадон куыстытӕ цӕуы, уым баххуыс кӕнын. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй иутӕ ӕххуыс кӕнынц Уолкиллы, иннӕтӕм та ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ ӕххуыс кӕнынц Уорвичы сӕйраг хайад аразынӕн *. Бирӕтӕ сӕ ныууагътой сӕ хорз хӕдзӕрттӕ, сӕ хорз куыстытӕ ӕмӕ ма суанг сӕ хӕдзарон цӕрӕгойты дӕр, цӕмӕй сӕ бон уа Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Цымӕ афтӕ удуӕлдай кӕй разындысты, уый тыххӕй сын Йегъовӕ арфӕ кӕны? Ай-гъай дӕр!

Уэй

Зӕгъӕм, Уэй ӕмӕ Дебрайыл цӕуы 60 азмӕ ’ввахс ӕмӕ сты Канзасӕй. Ацы бинонтӕ сӕ хӕдзар ӕмӕ сӕм исбонӕй цы уыд, уымӕн йӕ фылдӕр хай ауӕй кодтой ӕмӕ Уолкиллмӕ ацыдысты. Уэй у инженер-электрик, ӕмӕ ныр Дебраимӕ рӕстӕгмӕ лӕггад кӕнынц Вефилы *. Кӕд сӕ уый тыххӕй сӕ царды цыдӕртӕ фӕивын бахъуыд, уӕддӕр ӕй ӕмбарынц, сӕ удуӕлдайдзинад дзӕгъӕлы кӕй нӕу. Дебра, Вефилы кӕй лӕггад кӕны, уый тыххӕй загъта: «Нӕ публикациты вӕййы, дзӕнӕты адӕм хӕдзӕрттӕ куыд араздзысты, уый нывтӕ. Ӕмӕ мӕм хатгай афтӕ фӕкӕсы, цыма ӕз дӕр ахӕм ран кусын!»

Мелвин ӕмӕ Шерон дӕр ауӕй кодтой, Хуссар Каролинӕйы сын цы хӕдзар ӕмӕ цы исбон уыд, уый ӕмӕ Уорвикмӕ ацыдысты. Уый сын кӕд ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр ацы бинонтӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, сӕ бон кӕй у ахӕм ахсджиаг хъуыддаджы архайын. Уыдон дзурынц: «Цы куыст кӕнӕм, уый ӕгас зӕххыл дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн пайда кӕй хӕсдзӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц».

Кеннет

Кеннет ӕмӕ Морин сты Калифорнийӕ, цӕуы сыл 50 азӕй фылдӕр. Кеннет, цалынмӕ пенсийы нӕ ацыд, уӕдмӕ кодта арӕзтадон куыстытӕ. Ацы бинонтӕ дӕр ацыдысты Уорвичы балӕггад кӕнынмӕ. Цӕмӕй сӕ бон ацӕуын уыдаид, уый тыххӕй ӕмбырдӕй иу хоимӕ баныхас кодтой, цӕмӕй сын сӕ хӕдзармӕ йӕ хъус фӕдардтаид, сӕ хиуӕттӕн та загътой, цӕмӕй Кеннеты ацӕргӕ фыдмӕ фӕкастаиккой. Цымӕ сӕ Вефилы балӕггад кӕныны тыххӕй сӕ царды цыдӕртӕ фӕивын кӕй бахъуыд, ууыл фӕсмон кӕнынц? Ӕппындӕр нӕ! «Йегъовӕ нын, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ арфӕ кӕны,– дзуры Кеннет.– Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зындзинӕдтӕ дӕр нын ис. Фӕлӕ мах нӕ цардӕй тынг райгонд стӕм ӕмӕ алкӕй дӕр зӕрдиагӕй разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй уыдон дӕр ахӕм хуызы балӕггад кӕной».

ЗЫНДЗИНӔДТЫ СӔРТЫ КУЫД ХИЗЫНЦ

Хуыцауӕн фылдӕр балӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ чи разынд, уыдонӕй бирӕты бахъуыд цавӕрдӕр зындзинӕдты сӕрты ахизын. Зӕгъӕм, Уильям ӕмӕ Сандрӕйыл цӕуы 60 азӕй гыццыл фылдӕр. Уыдон цардысты Пенсильванийы ӕмӕ ӕппындӕр ницӕуыл тыхстысты. Уыди сын, алыхуызон запчасттӕ кӕм кодтой, ахӕм фирмӕ, сӕ куыст хорз цыди ӕмӕ сӕм куыста 17 адӕймаджы. Кӕм лӕггад кодтой, уыцы ӕмбырды уыдысты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ, стӕй сӕ хӕстӕджытӕн дӕр сӕ фылдӕр уыцы ран цардысты. Уолкиллы сын рӕстӕгмӕ вефилӕгтӕй балӕггад кӕныны фадат куы фӕзынд, уӕд ӕй ӕмбӕрстой, кӕуыл сахуыр сты, уыцы адӕмы кӕй хъуамӕ ныууадзой ӕмӕ, цӕуыл сахуыр сты, уыдӕттӕй сӕхи кӕй хъуамӕ фӕцух кӕной. Уильям загъта: «Ӕппӕты зындӕр нын уыди, афтӕ хорз нын кӕм уыд, уыцы бынат ныууадзын». Фӕлӕ Хуыцаумӕ бирӕ фӕкуывтой ӕмӕ аскъуыддзаг кодтой, Уолкиллмӕ кӕй ацӕудзысты. Ӕмӕ сӕ уынаффӕйыл ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕнынц! «Вефилы бинонтӕй уай ӕмӕ семӕ иумӕ лӕггад кӕнай, уый ахӕм стыр цины хос у, ӕмӕ йӕ абарӕн дӕр ницӕимӕ ис,– загъта Уильям.– Сандрӕимӕ ныр куыд амондджын стӕм, афтӕ никуы!»

Уолкиллы чи кусы, уыцы бинонтӕй иуӕй-иутӕ

Рики йӕ бинонтимӕ царди Гавайы сакъадӕхтыл ӕмӕ куыста прорабӕй. Уорвикмӕ йӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ лӕггад кӕнынмӕ куы фӕхуыдтой, уӕд йӕ бинойнаг Кендрӕ тынг бацин кодта. Фӕлӕ иу хъуыддагыл тынг тыхстысты – сӕ 11-аздзыд лӕппу Джейкоб куыд уыдзӕн, ууыл. Хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, штат Нью-Йоркмӕ цӕрынмӕ куы алидзӕм, уӕд раст бакӕндзыстӕм ӕви нӕ, ӕмӕ нӕ лӕппу бынтон ӕндӕр уавӕртыл сахуыр уыдзӕн ӕви нӕ.

«Нӕ сӕйраг нысӕнттӕй иу уыди, фӕзминаг ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕм ис, ахӕм ӕмбырд ссарын,– дзуры Рики.– Фӕндыд нӕ, цӕмӕй Джейкобӕн хорз ӕмбӕлттӕ уыдаид». Хабар афтӕ рауад, ӕмӕ, цы ӕмбырдмӕ райдыдтой цӕуын, уым цалдӕр сывӕллоны йеддӕмӕ нӕ уыд, фӕлӕ дзы лӕггад кодта цалдӕр вефиладжы. Рики загъта: «Уыцы ӕмбырды фыццаг хатт куы уыдыстӕм, уый фӕстӕ Джейкобы бафарстон, зӕгъын дзы дӕ карӕн ӕппындӕр ничи ис, ӕмӕ дзы дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди. Уый мын загъта: „Ма тыхс, па. Ме ’мбӕлттӕ уыдзысты, Вефилӕй дзы цы ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ис, уыдон“».

Джейкоб ӕмӕ йӕ ныййарджытӕн тынг ӕхсызгон у, се ’мбырды вефилӕгтӕ кӕй лӕггад кӕны

Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, уыцы ӕрыгон вефилӕгтӕ Джейкобимӕ балымӕн сты. Цымӕ йыл уый куыд фӕзынд? Рики радзырдта: «Иу ӕхсӕв мӕ лӕппуйы къомнӕты рӕзты куы фӕцӕйцыдтӕн, уӕд федтон, йӕ рухс кӕй судзы. Мӕхинымӕр ахъуыды кодтон, зӕгъын та, ӕвӕццӕгӕн, компьютерон хъӕзтытӕй хъазы. Фӕлӕ уый та Библи касти! Куы йӕ бафарстон, зӕгъын, цы кусыс, уӕд мын афтӕ: „Ӕз дӕр ног вефилаг дӕн, ӕмӕ хъуамӕ Библи иу азмӕ бакӕсон“». Дзырд дӕр ыл нӕй, Рики ӕмӕ Кендрӕйӕн сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕй, ӕмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ Рики Уорвичы ӕххуыс кӕны, фӕлӕ ма сӕ ног бынаты сӕ лӕппуйы уырнындзинад кӕй фидар кӕны, уый тыххӕй дӕр (Ӕмб. 22:6).

РАЙСОМ ЦЫ УЫДЗӔН, УУЫЛ ӔГӔР НӔ МӔТ КӔНЫНЦ

Льюис ӕмӕ Дейл

Уолкиллы ӕмӕ Уорвичы арӕзтадон куыстытӕ иубон фӕуыдзысты, ӕмӕ, ӕххуыс кӕнынмӕ кӕй фӕхуыдтой, уыдон дӕр ӕмбарынц, Вефилы рӕстӕгмӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый. Цымӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ мӕт кӕнынц, уый фӕстӕ цардамӕлттӕ куыд кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ? Ӕппындӕр нӕ! Бирӕтӕ сӕ сразы уыдзысты, Джон ӕмӕ йӕ бинойнаг Кармен цы загътой, уыимӕ, стӕй Льюис ӕмӕ йӕ бинойнаг Кеньийы ныхӕстимӕ дӕр. Уыцы бинонтӕй иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр сты Флоридӕйӕ, цӕуы сыл 50 азӕй фылдӕр. Джон у прораб, ӕмӕ ныр Карменимӕ ӕххуыс кӕнынц Уорвичы. Джон дзуры: «Мах уынӕм, Йегъовӕ ныл абоны онг куыд тыхсы, уый. Ӕмӕ йӕ ’мбарӕм, ардӕм нӕ уый тыххӕй кӕй нӕ фӕхуыдта, цӕмӕй нӕ стӕй ныууадза» (Пс. 119:116). Льюис ӕмӕ Кеньи лӕггад кӕнынц Уолкиллы. Льюис аразы зынгхуыссынгӕнӕн системӕтӕ. Уыдон та мӕнӕ цы зӕгъынц: «Мах ныр дӕр уынӕм, Йегъовӕ куыд рӕдау Хуыцау у ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый цух нӕ кӕй нӕ уадзы. Мах ӕй нӕ зонӕм, дарддӕр нӕ хабар куыд уыдзӕн, стӕй, кӕд ӕмӕ кӕм уыдзыстӕм, уый дӕр. Фӕлӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ныл алкӕддӕр кӕй тыхсдзӕн, ууыл» (Пс. 34:10; 37:25).

ХУЫЦАУ СЫН АРФӔ КӔНЫ, ӔМӔ «ЦУХ... НИЦӔМӔЙУАЛ ӔЙЙАФЫНЦ»

Джон ӕмӕ Мелвин

Штат Нью-Йорчы арӕзтадон куыстыты чи ӕххуыс кӕны, уыдонӕй сӕ фылдӕрӕн сӕ бон уыдаид алыхуызон ӕфсӕнттӕ ссарын, цӕмӕй Вефилмӕ лӕггад кӕнынмӕ ма ацыдаиккой. Фӕлӕ уыдон Йегъовӕйы бафӕлвӕрдтой. Ӕмӕ нӕ уымӕ Хуыцау йӕхӕдӕг дӕр разӕнгард кӕны: «Уӕ хорзӕхӕй, бафӕлварут мӕ... кӕддӕра уын ӕз арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ уыл арфӕдзинад не ’руадзин, цух куыд ницӕмӕйуал ӕййафат, афтӕ» (Мал. 3:10).

Ды дӕр Йегъовӕйы бафӕлвардзынӕ, цӕмӕй дӕхицӕй базонай, Йегъовӕ адӕймагӕн куыд рӕдауӕй раарфӕ кӕны, уый? Хуыцаумӕ скув ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ды дӕр, штат Нью-Йорчы кӕнӕ ӕндӕр ран чи цӕуы, уыцы арӕзтадон куыстыты баххуыс кӕнай ӕмӕ дӕхи цӕстӕй фенай, Йегъовӕ дӕ куыд схорзӕхджын кӕндзӕн, уый (Мар. 10:29, 30).

Гарри

Дейл у инженер, йӕ бинойнаг Кетиимӕ сты Алабамӕйӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕнынц Уолкиллы. Уыдоны тынг фӕнды, цӕмӕй фылдӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бафӕлварой ахӕм хуызы балӕггад кӕнын ӕмӕ зӕгъынц: «Ахуыр кӕуыл дӕ, уыцы бынат ныууадзынӕн дӕм фаг хъарутӕ куы разына, уӕд фендзынӕ, Йегъовӕйы сыгъдӕг тых куыд архайы, уый». Цымӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын райдайынӕн? Дейл дзуры: «Дӕ цард хуымӕтӕгӕй хуымӕтӕгдӕр кӕн. Никуы йыл фӕфӕсмон кӕндзынӕ!» Гарри у Цӕгат Каролинӕйӕ ӕмӕ 30 азы куыста прорабӕй. Гарри ӕмӕ йӕ бинойнаг Морин дӕр радзырдтой, Уорвичы лӕггад кӕнгӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты, уый тыххӕй. Куыд загътой, афтӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕй иу у, йӕ цард Вефилы лӕггадгӕнгӕйӕ чи ӕрвиты, бирӕ ахӕм диссаджы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ кӕй базонгӕ вӕййынц ӕмӕ семӕ кӕй фӕкусынц, уый. Гарри ма загъта: «Цӕмӕй Вефилы лӕггад кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ кӕнай хуымӕтӕг цард, ӕмӕ ацы дунейы фӕстаг бонты та уымӕй хуыздӕр ницы ис». Джейсон куыста электрикӕй. Йӕ бинойнаг Дженниферимӕ сты Иллинойсӕй ӕмӕ лӕггад кӕнынц Уолкиллы. Вефилы кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй загътой: «Ацы ран тынг ӕнцон у цӕстытыл ауайын кӕнын, ног дунейы куыд цӕрдзыстӕм, уый». Дженнифер ма загъта: «Йегъовӕ дын дӕ фыдӕбонӕн кӕй аргъ кӕны, ӕмӕ дӕ фыдӕбон цы тыллӕг хӕссы, уый ног дунейы дӕр пайда кӕй хӕсдзӕн, уый зонын тынг ӕхсызгон у. Йегъовӕ нӕм йӕ хъус дары, цӕмӕй цух ӕппындӕр мацӕмӕй ӕййафӕм».

^ 7 абз. Вефилы рӕстӕгмӕ чи фӕлӕггад кӕны, уыдон къуыри иу кӕнӕ цалдӕр боны фӕлӕггад кӕнынц Вефилы ӕмӕ цӕрӕнбынатыл, стӕй ӕндӕр ахӕм хабӕрттыл сӕхӕдӕг фӕтыхсынц.