Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Мьянмӕ

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Мьянмӕ

«КӔРДИНАГ... бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Лук. 10:2). Чырысти ацы ныхӕстӕ загъта иу-2 000 азы размӕ. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, абон Хуссар-Скӕсӕн Азийы бӕстӕтӕй иуы, Мьянмӕйы, цы уавӕр ис, уый. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Мьянмӕйы иу-4 200 хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ нӕй, ӕмӕ сӕ хъусын кӕнын та хъӕуы 55 000 000 адӕймагӕн.

Фӕлӕ «хуымы Хицау», Йегъовӕ, ӕндӕр бӕстӕты цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй сӕдӕгӕйтты зӕрдӕтӕ баразӕнгард кодта, ӕмӕ алы рӕттӕй ӕрцыдысты, цӕмӕй ацы бӕстӕйы «хуымгӕрдӕны» бакусой. Сӕ райгуырӕн бӕстӕ сӕ цы ныууадзын кодта? Цӕй фӕрцы сын бантыст ацы бӕстӕмӕ ӕрцӕуын? Ӕмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

«ӔРЦӔУТ, ПИОНЕРТӔ НӔ ТЫНГ ХЪӔУЫ!»

Японийы чи цард ӕмӕ пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕрӕн, Кадзухиройӕн, цалдӕр азы размӕ уыди эпилепсийы приступ. Кадзухиро афтӕ бавзӕр, ӕмӕ йӕ рынчындонмӕ аластой. Дохтыр ын загъта, дыууӕ азы йын машинӕ скъӕрӕн кӕй нӕ уыдзӕн. Кадзухиро хорзау нал фӕци. «Пионерӕй ма куыд лӕггад кӕндзынӕн, уымӕй фылдӕр куы ницы уарзын, уӕд?!» – хъуыды кодта Кадзухиро. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын исты хуызы баххуыс кодтаид дарддӕр дӕр пионерӕй лӕггад кӕнынӕн.

Кадзухиро ӕмӕ Мари

Кадзухиро радзырдта: «Ме ’мбӕлттӕй иу уӕд лӕггад кодта Мьянмӕйы. Ӕмӕ, уыцы хабарӕй иу мӕй куы рацыд, уӕд мын мӕ уавӕры тыххӕй фехъуыста. Телефонӕй мӕм ӕрбадзырдта ӕмӕ мын загъта: „Ам, Мьянмӕйы, адӕм фылдӕр автобустыл фӕцӕуынц, ӕмӕ ардӕм куы ’рцӕуис, уӕд дӕ пионерӕй лӕггад кӕнынӕн машинӕ ӕппындӕр нӕ бахъӕуид!“ Ӕз дӕр мӕ дохтыры бафарстон, зӕгъын мын ме ’нӕниздзинады уавӕрмӕ гӕсгӕ Мьянмӕмӕ ацӕуӕн ис ӕви нӕ. Дохтыр мын афтӕ: „Японимӕ Мьянмӕйӕ ӕрцыд, эпилепси чи дзӕбӕх кӕны, иу ахӕм дохтыр, ӕмӕ дӕ йемӕ базонгӕ кӕндзынӕн. Кӕд ма дын искуы приступ уа, уӕд дӕм уый йӕ хъус фӕдардзӕн“. Мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд! Уыцы ныхӕстӕ мӕнӕн уыдысты Йегъовӕйы дзуапп».

Кадзухиро уайтагъд Мьянмӕйы филиалмӕ писмо арвыста. Ныффыста дзы, йӕ бинойнагимӕ сӕ уыцы бӕстӕйы пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды. Ӕмӕ фондз боны йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕм филиалӕй дзуапп ӕрбарвыстой: «Ӕрцӕут, пионертӕ нӕ тынг хъӕуы!» Гъемӕ Кадзухиро ӕмӕ йӕ бинойнаг, Мари, сӕ дыууӕ машинӕйы ауӕй кодтой, визӕтӕ райстой ӕмӕ хӕдтӕхӕгмӕ билеттӕ балхӕдтой. Абон зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнынц горӕт Мандалайы, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм къорды. Кадзухиро загъта: «Ацы хабары фӕстӕ ноджы тынгдӕр баууӕндыдыстӕм, Хуыцау нын 37-ӕм псаломы 5-ӕм стихы зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл: „Дӕ фӕндаг Йегъовӕйы бар бакӕн, дӕ зӕрдӕ йыл дар, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг архайдзӕн“».

ЙЕГЪОВӔ ФӔНДАГ АЛӔГЪЗ КОДТА

2014 азы Мьянмӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ сӕм уыд сӕрмагонд регионалон конгресс. Ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр сӕм бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрцыд. Уыдонӕй сӕ иу уыди, 34 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хо Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, йӕ ном Моник. Уый загъта: «Конгрессӕй нӕхимӕ куы ӕрыздӕхтӕн, уӕд Йегъовӕмӕ скуывтон, зӕгъын, дарддӕр мӕ разы цавӕр нысан сӕвӕрон. Стӕй ууыл мӕ ныййарджытимӕ дӕр аныхас кодтон. Ӕмӕ иумӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдыстӕм, ӕмӕ хъуамӕ фӕстӕмӕ Мьянмӕмӕ аздӕхон. Фӕлӕ цалынмӕ уый фидарӕй нӕ аскъуыддзаг кодтон, уӕдмӕ иуцасдӕр рӕстӕг фӕхъуыды кодтон ӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕр бирӕ фӕкуывтон». Ӕмӕ цӕмӕн, уый дӕр бамбарын кодта.

Моник ӕмӕ Ли

Моник загъта: «Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн фӕдзӕхста, зӕгъгӕ-иу исты хъуыддаг саразын куы сфӕнд кӕнат, уӕд уал-иу банымайут, йӕ саразынӕн уӕ цас бахъӕудзӕн, уый. Ӕмӕ ӕз дӕр хъуыды кодтон: „Мӕ къух амоны уыцы бӕстӕмӕ ацӕуын? Мӕхи фӕдарынӕн мӕ уым фылдӕр кусын нӕ бахъӕудзӕн?“» Стӕй загъта: «Бирӕ хъуыды кӕнын мӕ нӕ бахъуыд. Уайтагъд ӕй бамбӕрстон, цӕрынмӕ зӕххы иннӕ кӕронмӕ ацӕуон, уый фаг ӕхца мӕм кӕй нӕ уыд». Ӕмӕ уӕдӕ цы баци? (Лук. 14:28).

Моник дарддӕр радзырдта: «Иу бон мӕм мӕ куысты хицау йӕ кабинетмӕ фӕдзырдта. Мӕхимидӕг стыхстӕн, зӕгъын мӕ кӕд мӕ куыстӕй ӕрвиты. Фӕлӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Мӕ куысты тыххӕй мӕ раппӕлыд ӕмӕ мын афтӕ, преми, дам, дын хъуамӕ раттон. Ӕмӕ мын цы ’хца радта, уый разынд, мӕ хӕстӕ бафидынӕн мӕ цас хъуыди, растдӕр уыйбӕрц!»

2014 азы декабрӕй фӕстӕмӕ Моник лӕггад кӕны Мьянмӕйы. Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕныны тыххӕй цы хъуыды кӕны? «Тынг амондджын дӕн, ам кӕй дӕн, уый тыххӕй,– загъта Моник.– Ӕртӕ адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын. Сӕ иу у, 67 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм сылгоймаг. Куы йӕм ӕрбацӕуын, уӕд мӕм алы хатт дӕр йӕ мидбылты худгӕ ракӕсы ӕмӕ мын зӕрдиаг хъӕбыс акӕны. Хуыцауы номы тыххӕй куы базыдта, уӕд йӕ цӕссыг ӕркалд, ӕмӕ загъта: „Мӕ царды фыццаг хатт хъусын, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, уый. Ды мын сывӕллонӕн бӕззыс, фӕлӕ, царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый дӕуӕй базыдтон“. Цы йӕ сусӕг кӕнон, ӕз дӕр мӕ цӕссыг нӕ баурӕдтон. Ахӕм хабӕрттӕй зӕрдӕ куыннӕ хъуамӕ райа! Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр ма цы ис!» Ӕрӕджы Моникмӕ ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кодта.

2013 азы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныджы» фыст уыд Мьянмӕйы тыххӕй. Ӕмӕ уыцы «Ӕрвылазон чиныг» бакӕсгӕйӕ дӕр кӕйдӕрты бафӕндыд уыцы бӕстӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын. 30 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хо, Ли, зӕгъгӕ, йӕхӕдӕг дӕр цард Хуссар-Скӕсӕн Азийы бӕстӕтӕй иуы. Уым куыста, ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм хъуыд, ахӕм ран. Фӕлӕ «Ӕрвылазон чиныджы» Мьянмӕйы тыххӕй куы бакаст, уӕд райдыдта уырдӕм ацӕуыныл хъуыды кӕнын. Ли загъта: «2014 азы Янгоны сӕрмагонд регионалон конгрессы куы уыдтӕн, уӕд базонгӕ дӕн иу бинонтимӕ. Уыдон Мьянмӕмӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй, китайаг ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн хъусын кӕной. Мӕхӕдӕг дӕр китайаг ӕвзагыл дзурын, ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъын, ӕз дӕр хъуамӕ уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ ацӕуон ӕмӕ китайаг къордӕн баххуыс кӕнон. Моникимӕ бамбал дӕн, ӕмӕ Мандалаймӕ ӕрцыдыстӕм. Йегъовӕйы фӕрцы дыууӕйӕ дӕр иу скъолайы ссардтам, ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм куыст – ахуыргӕнӕджы куыст, стӕй уыцы скъоламӕ ӕввахс фатер дӕр баххуырстам. Кӕд ам тынг тӕвд вӕййы, стӕй нӕ уавӕртӕ дӕр бынтон хорз не сты, уӕддӕр ацы бӕстӕйы лӕггад кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Мьянмӕйы адӕм хуымӕтӕг цард кӕнынц, фӕлӕ тынг уӕздан сты ӕмӕ хорз хабармӕ зӕрдиагӕй фӕхъусынц. Йегъовӕ ацы ран хъусын кӕныны хъуыддаг куыд фӕтагъд кодта, уый уынгӕйӕ тынг цин кӕнын. Ӕз фидарӕй зонын: ам, Мандалайы, кӕй лӕггад кӕнын, уый Йегъовӕйы фӕндон у».

ЙЕГЪОВӔ СЫН СӔ КУЫВДТЫТӔ ФЕХЪУЫСТА

Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц, куывдӕн цы стыр тых ис, уый. Джумпеи, цӕуы йыл 37 азы, ӕмӕ йӕ бинойнаг, Нао, цӕуы йыл 35 азы, лӕггад кодтой Японийы, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм ӕмбырды. Уыдон та Мьянмӕмӕ цӕмӕн ӕрцыдысты? Джумпеи радзырдта: «Мӕ бинойнагимӕ нӕ алкӕддӕр фӕндыд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕйы лӕггад кӕнын. Уӕдмӕ Японийы не ’мбырдӕй иу ӕфсымӕр Мьянмӕмӕ ӕрцыд. Нӕ рӕбыны ӕхца гыццыл йеддӕмӕ нӕ уыд ӕвӕрд, фӕлӕ уӕддӕр 2010 азы майы мах дӕр ардӕм ӕрцыдыстӕм. Ӕмӕ ныл ам хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ тынг бацин кодтой!» Цымӕ Джумпеи цы хъуыды кӕны, Мьянмӕйы къухӕйамонгӕ ӕвзагыл куыд хъусын кӕны, уый тыххӕй? «Адӕм хорз хабармӕ тынг хъусынц,– загъта уый.– Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн къухӕйамонгӕ ӕвзагыл видеороликтӕ куы равдисӕм, уӕд дисы бафтынц. Йегъовӕйӕн ам лӕггад кӕнын кӕй аскъуыддзаг кодтам, ууыл афтӕ тынг цин кӕнӕм, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй!»

Нао ӕмӕ Джумпеи

Цымӕ Джумпеи ӕмӕ Наойӕн Мьянмӕйы сӕхи фӕдарын зын нӕ уыд? Джумпеи радзырдта: «Ӕртӕ азы фӕстӕ нӕм ӕхца бирӕ нал баззад, ӕмӕ, иннӕ азӕн фатерӕн цӕмӕй бафыстаиккам, уый нӕм нал уыд. Гъемӕ мӕ бинойнагимӕ Йегъовӕмӕ бирӕ фӕкуывтам. Ӕнӕнхъӕлӕджы филиалӕй фыстӕг райстам, ӕмӕ дзы фыст уыд, нӕ бон кӕй у иуцасдӕр рӕстӕг сӕрмагонд пионертӕй балӕггад кӕнын! Йегъовӕ нӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дардтам. Уый ныл ныронг дӕр алы хъуыддаджы дӕр тыхсы». Ӕрӕджы Джумпеи ӕмӕ Нао Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кодтой.

ЙЕГЪОВӔ БИРӔТЫ БАРАЗӔНГАРД КОДТА

Ӕфсымӕр Симоне у Италийӕ, цӕуы йыл 43 азы. Йӕ бинойнаг Аннӕ та у Ног Зеландийӕ ӕмӕ йыл цӕуы 37 азы. Цымӕ уыдоны та цы сразӕнгард кодта Мьянмӕмӕ ӕрцӕуынмӕ? «2013 азы „Ӕрвылазон чиныджы“ Мьянмӕйы тыххӕй цы хабӕрттӕ фыст уыд, уыдон»,– загъта Аннӕ. Симоне та загъта: «Мьянмӕйы лӕггад кӕнын нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм. Ам цард бирӕ хуымӕтӕгдӕр у, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ бон у Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнгӕйӕ адӕймаг банкъары, Йегъовӕ йыл куыд тыхсы, уый. Ӕмӕ уый ницӕимӕ ис абарӕн!» (Пс. 121:5). Аннӕ загъта: «Ныр куыд амондджын дӕн, афтӕ никуыма. Мах кӕнӕм хуымӕтӕг цард. Мӕ цардӕмбалимӕ фылдӕр рӕстӕг кӕй ӕрвитын, уый фӕрцы кӕрӕдзиимӕ ноджы ӕнгомдӕр систӕм. Стӕй ма нын бирӕ ног ӕмбӕлттӕ фӕзынд, ӕмӕ нын уый дӕр стыр цины хос у. Ам адӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хорз цӕстӕй кӕсынц, стӕй сӕ рӕстдзинад базонын тынг фӕнды». Уый цӕмӕй бӕрӕг у?

Симоне ӕмӕ Аннӕ

Аннӕ радзырдта: «Иухатт базары, университеты чи ахуыр кодта, иу ахӕм чызгӕн хъусын кодтон, ӕмӕ йемӕ ногӕй фембӕлыныл баныхас кодтон. Ӕмӕ куы фембӕлдыстӕм, уӕд йемӕ йе ’мбал чызджы ӕрбакодта. Иннӕ хатт та йемӕ цалдӕр чызджы ӕрбакодта, фӕстӕдӕр та – ноджыдӕр цалдӕры. Ӕмӕ ныр уыдонӕй фондзимӕ Библи ахуыр кӕнын». Симоне загъта: «Бынӕттон адӕм тынг хӕларзӕрдӕ сты, стӕй сӕ алцыдӕр цымыдис кӕны. Бирӕты бафӕнды хорз хабары тыххӕй фылдӕр базонын. Уыйбӕрц сты, ӕмӕ се ’ппӕтыл ӕххӕсгӕ дӕр нӕ кӕнӕм!»

Сачио ӕмӕ Мидзухо

Фӕлӕ, Мьянмӕмӕ чи ’рцыд, уыдоны уыцы уынаффӕ рахӕссынӕн бӕлвырдӕй цавӕр къахдзӕфтӕ скӕнын хъуыди? Японийӕ чи у, иу ахӕм хо, Мидзухо, загъта: «Мӕ сӕрыхицауимӕ, Сачиоимӕ, алкӕддӕр бӕллыдыстӕм, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕйы лӕггад кӕнынмӕ, фӕлӕ, бӕлвырдӕй кӕцы бӕстӕйы, уый нӕ зыдтам. 2013 азы „Ӕрвылазон чиныджы“, Мьянмӕйы тыххӕй куы бакастыстӕм, уӕд нын уыцы диссаджы хабӕрттӕ нӕ зӕрдӕтӕ тынг бацагайдтой, ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдтам, уӕдта Мьянмӕйы балӕггад кӕниккам, зӕгъгӕ». Сачио йын йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Мах сфӕнд кодтам иу къуыримӕ Мьянмӕйы ӕппӕты стырдӕр горӕт Янгонмӕ ацӕуын, цӕмӕй уыцы „зӕхх басгӕрстаиккам“. Ӕмӕ уыцы цыбыр балцы фӕстӕ бамбӕрстам, ӕнӕмӕнгӕй нӕ ардӕм ӕрцӕуын кӕй хъӕуы».

ДӔУӔН ТА ДӔ БОН НӔ УАИД АЦЫ КЪАХДЗӔФ СКӔНЫН?

Джейн, Даникӕ, Родни ӕмӕ Джордан

Родни ӕмӕ йӕ бинойнаг Джейн сты Австралийӕ, сӕ дыууӕйыл дӕр цӕуы 50 азӕй фылдӕр. Родни ӕмӕ Джейн, стӕй сӕ фырт, Джордан, ӕмӕ сӕ чызг, Даникӕ, 2010 азӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнынц Мьянмӕйы. Родни загъта: «Ам адӕм Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонынмӕ куыд бӕллынц, уый фенгӕйӕ дисы бацыдыстӕм. Мӕ зӕрдӕ алы бинонтӕн дӕр зӕгъы, цӕмӕй уыдон дӕр бафӕлварой Мьянмӕйы хуызӕн бӕстӕйы балӕггад кӕнын». Цымӕ цӕмӕн? «Нӕ бинонтӕ ам лӕггад кӕнгӕйӕ Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс сты, ӕмӕ уымӕн аргъ дӕр нӕй! Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ сӕ рӕстӕг иууылдӕр хардз кӕнынц сӕ телефонтыл, сӕ машинӕтыл, сӕ куыстыл ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Нӕ сывӕллӕттӕ та сӕ рӕстӕгӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй-иу, уацамынды сӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм ныхӕстӕ сахуыр кӕной. Уыдон ахуыр кӕнынц, Библийы тыххӕй ӕппындӕр чи ницы зоны, ахӕм адӕмимӕ куыд ис ныхас кӕнӕн, стӕй, ӕмбырды бынӕттон ӕвзагыл дзуаппытӕ куыд ис дӕттӕн, ууыл. Иудзырдӕй сын Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ ӕхсызгон куыст ис».

Оливер ӕмӕ Аннӕ

Оливер у Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, цӕуы йыл 37 азы. Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын йӕ зӕрдӕ иннӕтӕн дӕр цӕмӕн зӕгъы, уый афтӕ бамбарын кодта: «Йегъовӕйӕн, ахуыр кӕуыл нӕ уыдтӕн, ахӕм уавӕрты кӕй лӕггад кӕнын, уый мын стыр пайда фӕци. Нӕхицӕй дард кӕй дӕн, уый фӕрцы сахуыр дӕн цыфӕнды уавӕры дӕр мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын. Ам лӕггад кӕнын, раздӕр кӕй нӕ зыдтон, ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ. Фӕлӕ не ’хсӕн ис иудзинад, уымӕн ӕмӕ иу цӕуылдӕр ӕууӕндӕм. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы организацийы!» Ныртӕккӕ Оливер ӕмӕ йӕ бинойнаг, Аннӕ, зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц, китайаг ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн.

Трэйзел

Трэйзел у Австралийӕ, цӕуы йыл 52 азы. Ацы хо Мьянмӕйы лӕггад кӕны 2004 азӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ афтӕ загъта: «Тынг мӕ фӕндид, йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц, уыдон, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран куы балӕггад кӕниккой. Мӕхицӕй йӕ зонын, адӕймаджы лӕггад кӕнын куы фӕнда, уӕд ын Йегъовӕ йӕ фыдӕбонӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн. Мӕ фыны дӕр ӕй никуы федтаин, ахӕм цардӕй кӕй цӕрдзынӕн. Амӕй арфӕйагдӕр ӕмӕ хуыздӕр цардӕн скӕнӕн нӕй».

Чи зоны, ацы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты зӕрдӕбын ныхӕстӕ бакӕсгӕйӕ дӕу дӕр бафӕндыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты къах кӕм не ’рлӕууыд, ахӕм ранмӕ ацӕуын ӕмӕ уым сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Мьянмӕйы чи лӕггад кӕны, уыцы хъусынгӕнджытӕ дӕумӕ дӕр сидынц: «Ӕрцу ӕмӕ нын баххуыс кӕн!»