Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алисӕ

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Турци

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Турци

ФЫЦЦАГ ӕнусы чырыстӕттӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдтой, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн фехъусын кодтаиккой «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» (Матф. 24:14). Чидӕртӕ-иу сӕ суанг фӕсарӕнтӕм дӕр ацыдысты. Зӕгъӕм, апостол Павел йӕ уацамындон балцыты куы уыд, уӕд хорз хабар бӕстон хъусын кодта, ныртӕккӕ Турци кӕм ис, уым *. Уымӕй иу-2 000 азы фӕстӕ, 2014 азы, Турцийы уыд зиу, ӕмӕ та дзы хорз хабар хъуыстгонд цыд. Уыцы зиу цӕмӕн скодтой? Ӕмӕ дзы чи архайдта?

«ИСТЫ ХАБАР У?»

Турцийы ис 2 800 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр, йӕ цӕрджыты нымӕц та у 80 милуаны бӕрц. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дзы 1 хъусынгӕнӕгмӕ хауы 28 000 адӕймаджы бӕрц. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон нӕу уыйбӕрц адӕмыл аххӕссын. Ацы зиуӕн йӕ нысан уыд хорз хабар цыбыр рӕстӕгмӕ фылдӕр адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Турцимӕ иннӕ бӕстӕтӕй ӕрцыд иу-550 хъусынгӕнӕджы, се ’ппӕт дӕр дзырдтой туркаг ӕвзагыл ӕмӕ зиуы рӕстӕг бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хъусын кодтой. Цы сын бантыст?

Хорз хабар фехъуыстой тынг бирӕ адӕм. Стамбулы ӕмбырдтӕй иу ныффыста: «Адӕм нӕ фарстой: „Ам уын исты фембӕлд ис, ӕви? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕм нӕ фендзынӕ, ахӕм нӕй!“» Измиры ӕмбырд та ныффыста: «Такситы лӕууӕндоны чи кусы, иу ахӕм нӕлгоймаг бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иумӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: „Исты хабар у? Афтӕ мӕм кӕсы, цыма фӕфылдӕр стут“». Уӕдӕ адӕм зиу ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты.

Стеффен

Турцимӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй чи ’рцыд, уыдон хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кодтой, ӕмӕ сын уый циндзинад хаста. Иу ӕфсымӕр Данийӕ, Стеффен, зӕгъгӕ, загъта: «Алы бон дӕр-иу хъусын кодтон, Йегъовӕйы тыххӕй чи никуыма фехъуыста, ахӕм адӕмӕн. Ныр ӕй бамбӕрстон, куыд ӕхсызгон у Йегъовӕйы ном иннӕтӕн ӕргом кӕнын». Жан-Давид та, Францийӕ чи у, уыцы ӕфсымӕр, ныффыста: «Алы уынджы дӕр-иу сахатгай хъусын кодтам. Адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты зонгӕ дӕр нӕ кодтой. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы хӕдзары дӕр нӕ бон уыд искӕимӕ аныхас кӕнын, видеоролик сын равдисын ӕмӕ сын литературӕ ныууадзын».

Жан-Давид (астӕуӕй)

Зиуы цы 550 хъусынгӕнӕджы архайдта, уыдон ӕрмӕстдӕр дыууӕ къуыримӕ апарахат кодтой 60 000 публикацийы! Зиуы фӕрцы тынг бирӕ адӕм фехъуыстой хорз хабар.

Хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайын райдыдтой. Бынӕттон ӕфсымӕртыл зиу тынг бандӕвта. Бирӕты бафӕндыд ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Ӕмӕ зиуы фӕстӕ иу азмӕ Турцийы 82 хъусынгӕнӕджы райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын.

Ширин

Фӕсарӕнтӕй сӕм чи ’рцыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ радзырдтой, фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕтӕм куы аздӕхтысты, уӕд уыцы зиу сӕ лӕггадыл куыд фӕзынд, уый тыххӕй. Германийӕ иу хо, Ширин, зӕгъгӕ, ныффыста: «Турцийы не ’фсымӕртӕн хъусын кӕныны фадат куы фӕзыны, уӕд адӕмимӕ ныхас кӕнын ӕнцонтӕй райдайынц, ӕз та тынг фефсӕрмы кӕнын. Фӕлӕ уыцы зиуы кӕй архайдтон, стӕй бынӕттон ӕфсымӕрты цӕвиттон кӕй уыдтон ӕмӕ бирӕ кӕй фӕкуывтон, уый фӕрцы мын бантыст, раздӕр мӕ бон цы нӕ уыд, уый. Суанг ма метройы дӕр хъусын кодтон ӕмӕ дзы буклеттӕ байуӕрстон! Ныр бирӕ ныфсхастдӕр дӕн!»

Йоханнес

Германийӕ иу ӕфсымӕр, Йоханнес, загъта: «Турцийы лӕггадгӕнгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Бынӕттон ӕфсымӕрты ӕцӕгдӕр фӕнды фылдӕр адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнын, ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнынц. Ӕмӕ ӕз дӕр фӕстӕмӕ Германимӕ куы ӕрыздӕхтӕн, уӕд сӕ бафӕзмыдтон. Ныр мын уайы фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнын».

Зейнеп

«Ацы зиу мӕ лӕггадыл тынг фӕзынд. Уый фӕрцы фӕныфсджындӕр дӕн, стӕй мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарын райдыдтон»,– загъта Францийӕ иу хо, Зейнеп, зӕгъгӕ.

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕрӕдзийӕн адджындӕр систы. Алы бӕстӕтӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ федтой, се ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ иудзинад ис, уый, ӕмӕ сӕ уый никуы ферох уыдзӕн. Гыццыл раздӕр цы Жан-Давиды кой кодтам, уый загъта: «Мах „бафӕлвӕрдтам“ не ’фсымӕрты уазӕгуарзондзинад. Се ’мбӕлттау нӕ суазӕг кодтой ӕмӕ, раст цыма иу бинонтӕ стӕм, уыйау нын сӕ хӕдзӕртты дуӕрттӕ байгом кодтой. Зыдтон ӕй, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр нын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй ис, стӕй уый тыххӕй нӕ публикациты дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ кастӕн. Фӕлӕ йӕ ныр та мӕхиуыл бавзӕрстон. Йегъовӕйы адӕмӕй кӕй дӕн, уымӕй тынг сӕрыстыр дӕн, ӕмӕ йын уый тыххӕй бузныг фӕдзурын».

Клер (астӕуӕй)

«Уыдыстӕм Данийӕ, Францийӕ, Германийӕ, Турцийӕ, фӕлӕ иу бинонтӕй уӕлдай нӕ уыдыстӕм. Афтӕ мӕм каст, цыма, алы бӕстӕты ’хсӕн цы арӕнтӕ ис, уыдон Йегъовӕ стыр фыстхалӕнӕй сыхӕлдта»,– загъта Францийӕ иу хо, Клер.

Стефани (астӕуӕй)

Францийӕ ӕндӕр хо та, Стефани, загъта: «Ацы зиуы фӕрцы федтам, иу культурӕ ӕмӕ нӕ иу ӕвзаг кӕй нӕ бӕттынц кӕрӕдзийыл, фӕлӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый».

СТЫР ПАЙДА БЫНӔТТОН ӔМБЫРДТӔН

Турцийы ныр дӕр ма бирӕ куыст ис, ӕмӕ дзы фӕсарӕнтӕй чи уыд, уыдонӕй чидӕртӕ хъуыды кӕнын райдыдтой уырдӕм цӕрынмӕ ацӕуыныл. Ӕмӕ сӕ кӕмӕндӕрты уыцы нысан сӕ къухы бафтыд. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыцы хъусынгӕнджытӕн тынг аргъ кӕнынц.

Зӕгъӕм, 25 хъусынгӕнӕджы кӕм ис, иу ахӕм гыццыл къорды бирӕ азты дӕргъы иу хистӕр нӕлгоймаг йеддӕмӕ нӕ уыд. Ӕмӕ сӕм 2015 азы Германийӕ ӕмӕ Нидерландтӕй 6 хъусынгӕнӕджы куы ’рцыд, уӕд ма сӕ цинӕн кӕрон кӕм уыдаид!

ЛӔГГАД КӔНЫНЦ, ӔХХУЫС КӔМ ХЪӔУЫ, УЫМ

Турцийы иуцасдӕр чи лӕггад кӕны, уыдон цымӕ сӕ цардӕй райгонд сты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон сын нӕ вӕййы, фӕлӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц. Ӕркӕсӕм, сӕхӕдӕг цы зӕгъынц, уымӕ.

Федерико

«Бирӕ исбон мын кӕй нӕй, уый фӕрцы дӕн сӕрибар ӕмӕ мӕ тыхтӕ саразын, ахсджиагдӕр цы у, уымӕ»,– зӕгъы Федерико, 41 азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм ӕфсымӕр Испанийӕ. Цымӕ иннӕты дӕр баразӕнгард кӕнид афтӕ лӕггад кӕнынмӕ? Федерико зӕгъы: «Куыннӕ! Фӕсарӕнтӕм уый тыххӕй куы цӕуай, цӕмӕй адӕмӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕххуыс кӕнай, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕхи Йегъовӕйы бар кӕныс. Адӕймаг ӕй уӕд ноджы тынгдӕр банкъары, Йегъовӕ йыл кӕй тыхсы, уый».

Руди

Руди, 57 азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм ӕфсымӕр Нидерландтӕй, зӕгъы: «Ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ран лӕггад кӕнын ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй, уый размӕ йӕ чи никуыма фехъуыста, бирӕ ахӕм адӕмӕн дзурын нын тынг ӕхсызгон у. Рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдон куыд цин кӕнынц, уый уынгӕйӕ мӕхи зӕрдӕ дӕр фӕрайы».

Сашӕ

Сашӕйыл цӕуы 42 азы, ис ын бинонтӕ. Ацы ’фсымӕр Турцимӕ ӕрцыд Германийӕ, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Уацамынды куы вӕййын, уӕд алы хатт дӕр фембӕлын, рӕстдзинады тыххӕй фыццаг хатт чи фехъусы, ахӕм адӕмыл. Тынг ӕхсызгон мын у, кӕй сын ӕххуыс кӕнын Йегъовӕйы базонынӕн».

Ацуко

Японийӕ иу моймӕдзыд хо, Ацуко, цӕуы йыл 36 азы, зӕгъы: «Раздӕр мӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй Армагеддон тагъддӕр ӕрцыдаид. Фӕлӕ Турцимӕ куы ’рцыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзурын, фӕразонӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Йегъовӕ ӕгас дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд куыд дӕтты, уый цас хуыздӕр уынын, уыйас мӕ тынгдӕр фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнон».

Уӕрӕсейӕ иу хо, Алисӕ, зӕгъгӕ, цӕуы йыл 31 азы, зӕгъы: «Йегъовӕйӕн ахӕм хуызы кӕй лӕггад кӕнын, уый фӕрцы бафӕлвӕрдтон, куыд хорз у, уый» (Пс. 34:8). Стӕй ма зӕгъы: «Йегъовӕ ӕрмӕст мӕ Фыд нӕу, фӕлӕ ма ме ’ввахс Хӕлар дӕр, ӕмӕ йӕ алыхуызон уавӕрты хуыздӕр базонын. Ахӕм диссаджы хабӕрттӕ мыл цӕуы, стӕй ахӕм арфӕдзинӕдтӕй ӕмӕ циндзинадӕй хайджын дӕн, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй!»

«АКӔСУТ ХУЫМТӔМ»

Уыцы зиуы фӕрцы Турцийы бирӕтӕ фехъуыстой хорз хабар. Фӕлӕ ма дзы уӕддӕр куыст бирӕ ис. Турцимӕ ӕндӕр рӕттӕй цы хъусынгӕнджытӕ ’рцыд, уыдон алы бон дӕр фембӕлынц, Йегъовӕйы тыххӕй чи никуыма фехъуыста, ахӕм адӕмыл. Дӕу та нӕ фӕндид ахӕм ран лӕггад кӕнын? Кӕд о, уӕд-ма ацы ныхӕстыл ахъуыды кӕн: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35). Дӕ бон нӕ уаид, хуымтӕ кӕм «фӕбур сты», уым ӕххуыс кӕнын? Кӕд о, уӕд, цыдӕриддӕр хъӕуы, уый аразын райдай, цӕмӕй уый дӕ къухы бафта. Иу хъуыддаг бӕлвырд у: хорз хабар фылдӕр куы хъусын кӕнай, цӕмӕй «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» фӕхӕццӕ уа, уӕд хайджын уыдзынӕ ӕгӕрон арфӕдзинӕдтӕй! (Хъуыд. 1:8).

^ 2 абз. Кӕс брошюрӕ «Посмотрите на „добрую землю“», 32, 33 фӕрстӕ.