Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Микронези

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Микронези

КЭТРИН схъомыл Америкӕйы Иугонд Штатты. 16 азы йыл куы цыд, уӕд донаргъуыд райста ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Кэтрин тынг зӕрдиагӕй хъусын кодта, фӕлӕ, кӕм лӕггад кодта, уым адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ нӕ хъуыстой. Кэтрин зӕгъы: «Нӕ литературӕйы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бакастӕн ахӕм хабӕрттӕ, ӕмӕ-иу адӕймаг Хуыцаумӕ куывта, зӕгъгӕ-ма мӕм искӕй ӕрбарвит ӕмӕ мын дӕу базонынӕн баххуыс кӕна. Ӕмӕ мӕн дӕр тынг фӕндыд ахӕм адӕймаджы ссарын, фӕлӕ – ницы».

Цалдӕр азы фӕстӕ Кэтрин райдыдта хъуыды кӕнын, адӕм хорз хабармӕ хуыздӕр кӕм хъусынц, ахӕм ранмӕ ацӕуыныл. Фӕлӕ, йӕ бон кӕй бауыдзӕн, ууыл дызӕрдыг кодта. Йӕ бинонтӕй дард иу хатт йеддӕмӕ нӕ уыд,– уымӕй дӕр ӕрмӕстдӕр дыууӕ къуырийы,– ӕмӕ сӕ уӕд дӕр алы бон дӕр мысыд. Фӕлӕ йӕ, ӕцӕг Хуыцауы чи агуры, ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы тас уыд, ууыл фӕтых. Кэтрин ахъуыды кодта, йӕ бон кӕдӕм уыд ацӕуын, цалдӕр ахӕм бӕстӕйыл, ӕмӕ ныффыста Гуамы филиалмӕ. Филиал ын дзуапп ӕрӕрвыста, ӕмӕ 2007 азы июлы Кэтрин ацыд, Сабыр океаны чи ис, уыцы сакъадах Сайпанмӕ,– кӕм цӕры, уырдыгӕй уыцы сакъадах у иу-10 000 километры дарддӕр. Уӕд Кэтриныл цыди 26 азы. Цымӕ дарддӕр йӕ хабар куыд рауад?

ДЫУУӔ КУЫВДӔН ИУ ДЗУАПП

Кэтрин ног ӕмбырды лӕггад кӕнын куы райдыдта, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр фембӕлд Дорисыл, 40 азӕй фылдӕр кӕуыл цыд, ахӕм сылгоймагыл. Дорис Библи ахуыр кӕныныл сразы. Фӕлӕ, Библи цы чиныджы фӕрцы ахуыр кодтой, уымӕй фыццаг ӕртӕ сӕры куы рацыдысты, уӕд Кэтрин сагъӕсы бацыд. «Дорис хорз ахуыргӕнинаг уыди,– дзуры Кэтрин,– ӕмӕ, мӕн тыххӕй размӕ ма цыдаид, уый мӕ нӕ фӕндыд. Библи ӕдзухдӕр кӕимӕ ахуыр кодтаин, ахӕм ахуыргӕнинаг мын уый размӕ никуы уыд, ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтон, зӕгъын, Дорисӕн хуыздӕр уыдзӕн, йемӕ мӕнӕй фӕлтӕрдджындӕр хо куы ахуыр кӕна, йӕхи карӕн чи у, ахӕм». Кэтрин Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, Дорисӕн Библи ахуыр кӕнын хуыздӕр кӕимӕ уыдаид, ахӕм хойы ссарынӕн. Ӕмӕ стӕй хъуамӕ хабар Дорисӕн йӕхицӕн дӕр бамбарын кодтаид.

Кэтрин дзуры: «Дорисӕн хъуыддаджы кой нӕма скодтон, афтӕ мын загъта, мемӕ йӕ аныхас кӕнын кӕй фӕнды. Цы йӕ тыхсын кодта, уый мын куы радзырдта, уӕд ын загътон, ӕз дӕр ахӕм уавӕры кӕй уыдтӕн, ӕмӕ йын радзырдтон, Йегъовӕ мын уӕд куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ мӕ Дорис тынг фӕбузныг». Стӕй Дорис Кэтринӕн загъта: «Йегъовӕ мын дӕу фӕрцы ӕххуыс кӕны. Фыццаг хатт мӕм цы бон ӕрбацыдтӕ, уыцы бон цалдӕр сахаты дӕргъы Библи кастӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн кӕугӕйӕ лӕгъстӕ кодтон, зӕгъын-ма мӕм искӕй ӕрбарвит, ӕмӕ мын Библи бамбарынӕн баххуыс кӕна. Ӕмӕ мын стӕй ды мӕ дуар ӕрбахостай. Йегъовӕ мын мӕ куывд фехъуыста!» Дорисы ныхӕстӕ дзургӕйӕ Кэтринӕн йӕ цӕстытӕ доны разылдысты. Уый зӕгъы: «Йӕ ныхӕстӕ уыдысты мӕ куывдӕн дзуапп. Йегъовӕ мын равдыста, мӕ бон кӕй бауыдзӕн Дорисимӕ дарддӕр ахуыр кӕнын».

 Дорис 2010 азы донаргъуыд райста, ӕмӕ ныр йӕхӕдӕг дӕр цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕны. Кэтрин зӕгъы: «Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр мӕ бӕллиц уыд сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг суа. Ӕмӕ Хуыцауӕй тынг бузныг дӕн, мӕ бӕллиц кӕй сӕххӕст, уый тыххӕй!» Ныртӕккӕ Кэтрин сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕны, Сабыр океаны чи ис, ӕндӕр ахӕм сакъадахыл, Косрае, зӕгъгӕ, ӕмӕ у тынг амондджын.

ӔРТӔ ЗЫНДЗИНАДЫ. КУЫД ИС СӔ СӔРТЫ АХИЗӔН?

Микронезийы хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уыцы рӕттӕм лӕггад кӕнынмӕ фӕсарӕнтӕй ӕрцыд сӕдӕ хо ӕмӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕр (19 азӕй 79 азы онг). Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ сӕ лӕггады тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уый хорз зыны хо Эрикӕйы ныхӕстӕй. 2006 азы Эрикӕ, 19 азы йыл куы цыд, уӕд, ӕрцыди Гуаммӕ, ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Адӕм рӕстдзинад тынг кӕм агурынц, ахӕм ран пионерӕй лӕггад кӕнын у стыр цины хос. Йегъовӕйы фӕрцы мӕ бон баци, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм бӕстӕйы пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг дӕн. Царды уымӕй хуыздӕр ницы ис!» Ныр Эрикӕ сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕны сакъадах Эбайыл (Маршаллы сакъадӕхтӕ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕндӕр бӕстӕйы чи лӕггад кӕны, уыдон зындзинӕдтыл дӕр сӕмбӕлынц. Цӕй ӕмӕ дзы ӕртӕмӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ базонӕм, Микронезимӕ чи ’рцыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уыцы зындзинӕдты сӕрты куыд ахизынц, уый.

Эрикӕ

Царды уавӕртӕ. 2007 азы Саймон, 22 азы йыл куы цыди, уӕд, Английӕ ӕрцыд сакъадах Палаумӕ. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрста, сӕхимӕ цас ӕхца куыста, уымӕй ам бирӕ къаддӕр кӕй кусдзӕн. Саймон дзуры: «Раздӕр-иу мӕ цыдӕриддӕр ӕрхъуыди, уый-иу балхӕдтон, фӕлӕ ныр хъуамӕ сахуыр уыдаин ме ’хца фӕстауӕрц кӕнын. Ныр дзӕбӕх ахъуыды кӕнын, цавӕр хӕринӕгтӕ балхӕнон, ууыл ӕмӕ асламдӕр дуканитӕ бацагурын. Исты дзаума мын куы асӕтты, уӕд та, цы хӕйттӕ дзы асаст, ахӕмтӕ бацагурын ӕмӕ мын ӕй чи сараза, ахӕм искӕй ссарын». Саймоны йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын кӕй бахъуыд, уымӕ цы цӕстӕй кӕсы? Мӕнӕ цы зӕгъы: «Уый фӕрцы бамбӕрстон, царды ӕнӕмӕнгхъӕугӕ цы у ӕмӕ цы нӕу, ӕмӕ базыдтон, къаддӕр ӕхца кусгӕйӕ ӕмӕ къаддӕр хӕрдзтӕ кӕнгӕйӕ куыд ис цӕрӕн, уый. Цалдӕр хатты афтӕ уыд, ӕмӕ-иу бӕлвырд федтон, Йегъовӕ мыл куыд тыхсы, уый. Ныр ам авд азы дӕн, ӕмӕ афтӕ никуыма уыди, ӕмӕ, цы бахӕрон ӕмӕ кӕм бахсӕвиуат кӕнон, уый мын ма уыдаид». Бӕрӕг у, хуымӕтӕг цард чи кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурынц (Матф. 6:32, 33).

Сӕ хиуӕтты фӕмысынц. Эрикӕ дзуры: «Мӕ бинонтимӕ афтӕ ӕнгом дӕн, ӕмӕ тарстӕн, дард сӕ кӕй уыдзынӕн, уый тыххӕй мын зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын зын куы уа». Цымӕ Эрикӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕхи рагацау бацӕттӕ кодтаид? «Цалынмӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ нӕ ацыдтӕн, уӕдмӕ „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ цалдӕр статьяйы бакастӕн – хорз уынаффӕтӕ дзы уыди, йӕ хиуӕтты чи фӕмысы, уыдонӕн. Уый фӕрцы мӕхи бацӕттӕ кодтон, цӕмӕй уыцы зындзинады сӕрты ахызтаин. Иу статьяйы фыст уыди, иу хо йӕ чызджы ныфс куыд бауагъта, уый тыххӕй, зӕгъгӕ, дам, дыл Йегъовӕ мӕнӕй бирӕ хуыздӕр батыхсдзӕн. Уыцы ныхӕстӕ мӕ тынг бафидар кодтой». Ханнӕ ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Патрик лӕггад кӕнынц Маджуройы (Маршаллы сакъадӕхтӕ). Ханнӕ йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ рӕстӕг се ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн кӕй не ’вгъау  кӕны, уый фӕрцы йӕ хиуӕтты афтӕ тынг нӕ мысы. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Йегъовӕйӕн ӕппынӕдзух бузныг фӕдзурын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр мӕ бинонтӕ сты. Уыдон мын куы нӕ уаиккой, уӕд мӕ бон никуы бауыдаид, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм ран лӕггад кӕнын».

Саймон

Ӕмбӕлттӕ ссарын. «Ӕндӕр бӕстӕйы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алцыдӕр вӕййы ӕндӕрхуызон,– дзуры Саймон.– Хатт мӕ фӕфӕнды исты хъазӕн ныхас зӕгъын, фӕлӕ мӕ алчи кӕй нӕ бамбардзӕн, уый зонгӕйӕ мӕхиуыл фӕхӕцын». Эрикӕ та афтӕ зӕгъы: «Фыццаг рӕстӕг ӕнкъард кодтон, уымӕн ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ никӕй хъӕуын. Фӕлӕ мын уый уыд хорз фадат мӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн ӕмӕ, ардӕм цӕй тыххӕй ӕрцыдтӕн, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Ардӕм мӕхи тыххӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ Йегъовӕйы тыххӕй, цӕмӕй йын фылдӕр лӕггад кӕнон». Эрикӕ ма зӕгъы: «Рӕстӕг куы рацыд, уӕд мын фӕзынди хорз ӕмбӕлттӕ. Ӕз сӕ бирӕ уарзын». Саймон зӕрдиагӕй архайдта палауаг ӕвзаг сахуыр кӕныныл. Ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон баци бынӕттон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн «йӕ зӕрдӕ уӕрӕх байгом кӕнын» (2 Кор. 6:13). Се ’взаг сахуыр кӕныныл кӕй архайдта, уый тыххӕй йӕ тынг бауарзтой. Ӕцӕгдӕр, фӕсарӕнтӕй чи ’рцӕуы, уыдон бынӕттон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ уӕхски-уӕхск куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд кӕрӕдзийӕн хорз ӕмбӕлттӕ свӕййынц. Цымӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм чи ацӕуы, уыдон ма ноджыдӕр цавӕр хорздзинӕдтӕй схайджын вӕййынц?

«СТЫР ТЫЛЛӔГ»

Апостол Павел загъта: «Рӕдау тауӕг... сисдзӕн стыр тыллӕг» (2 Кор. 9:6). Ацы ныхӕстӕ ахӕссӕн ис, фылдӕр лӕггад кӕнын чи райдайы, уыцы чырыстӕттӕм дӕр. Цымӕ, Микронезимӕ чи ’рцыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уым цавӕр «стыр тыллӕг» исынц?

Патрик ӕмӕ Ханнӕ

Микронезийы нырма бирӕ ис, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕм. Ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдайынц, уӕд сӕхи цӕстӕй фӕуынынц, сӕ цард куыд фӕивынц ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл размӕ куыд фӕцӕуынц, уый. Патрик ӕмӕ Ханнӕ хъусын кодтой Ангауры дӕр, 320 адӕймаджы кӕм цӕры, ахӕм гыццыл сакъадахыл. Дыууӕ мӕйы дзы куы фӕхъусын кодтой, уӕд фембӕлдысты, йӕ лӕппуйы иунӕгӕй чи хъомыл кодта, ахӕм сылгоймагыл. Уыцы сылгоймаг Библи ахуыр кӕныныл уайтагъд сразы, рӕстдзинад бауарзта ӕмӕ йӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ скодта. Ханнӕ зӕгъы: «Ахуыры фӕстӕ-иу нӕхимӕ велосипедтыл куы цыдыстӕм, уӕд-иу кӕрӕдзимӕ бакастыстӕм ӕмӕ-иу цингӕнгӕйӕ загътам: „Бузныг Йегъовӕйӕн!“». Ханнӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ уыцы сылгоймаджы йӕхимӕ ӕндӕр искуыд дӕр ӕрбакодтаид. Фӕлӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы уыцы сӕрныллӕг адӕймаджы ссардтам ӕмӕ йын Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кодтам. Уый у нӕ царды ӕхсызгондӕр хабӕрттӕй сӕ иу!» Эрикӕ зӕгъы: «Адӕймаг искӕмӕн Йегъовӕйы базонынӕн куы баххуыс кӕны, уӕд ын уый ӕрхӕссы, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм циндзинад!»

ДӔУӔН ДӔР ДӔ БОН У УЫЦЫ ХЪУЫДДАДЖЫ АРХАЙЫН?

Бирӕ бӕстӕты хъӕуы фылдӕр хъусынгӕнджытӕ. Дӕ бон нӕ уаид ахӕм бӕстӕтӕй искӕцымӕ ацӕуын ӕмӕ уым лӕггад кӕнын? Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕ ноджы тынгдӕр бафӕнда фылдӕр лӕггад кӕнын. Аныхас кӕн де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ, районон цӕстдарӕгимӕ, стӕй, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй, ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм бӕстӕйы чи лӕггад кодта, уыдонимӕ дӕр. Кӕцы бӕстӕмӕ ацӕудзынӕ, уый куы аскъуыддзаг кӕнай, уӕд-иу ныффысс, уыцы бӕстӕ цы филиалмӕ хауы, уырдӕм, цӕмӕй дын хабӕрттӕ бӕстон бамбарын кӕной *. Ӕмӕ, чи зоны, ды дӕр ӕрбаиу уай, цӕттӕ чи разынд, уыцы мингай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм – се ’хсӕн ис ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, бинонджынтӕ дӕр ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕмтӕ дӕр. Ӕмӕ уӕд ды дӕр банкъардзынӕ, адӕймаг йӕ фыдӕбонӕй «стыр тыллӕг» исгӕйӕ цы циндзинад банкъары, уый.

^ 17 абз. Кӕс 2011 азы августы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», статья «Дӕ бон у Македонимӕ ацӕуын?».