Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Бразили

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Бразили

ӔРТЫН азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хо, Рубийӕ, цалдӕр азы размӕ уазӕгуаты ацыд йе ’мбал Сандрӕмӕ. Йе ’мбал пионерӕй лӕггад кӕны Бразилийы хуссар хайы иу гыццыл ӕмбырды. Уыцы балц Рубийӕйӕн йӕ цард бынтондӕр фӕивта. Куыд? Ӕркӕсӕм, йӕхӕдӕг цы дзуры, уымӕ.

«МӔ ДИСӔН КӔРОН ДӔР НАЛ УЫДИ»

«Сандрӕ мӕ йемӕ акодта, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, иу ахӕм сылгоймагмӕ. Ахуыры рӕстӕджы уыцы сылгоймаг Сандрӕйӕн загъта: „Хӕдӕгай, мӕ куысты ма ноджыдӕр ӕртӕ чызджы фӕнды Библи ахуыр кӕнын. Фӕлӕ йӕ зонын, бирӕтимӕ кӕй ахуыр кӕныс ӕмӕ дын иннӕтӕн рӕстӕг кӕй нал ис. Ӕмӕ сын загътон, иннӕ азмӕ сӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй бахъӕудзӕн“. Мӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыди. Йегъовӕйы тыххӕй базонын кӕй фӕнды, уыдоны сӕ радмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъӕудзӕн, ууыл ӕз хъуыды дӕр никуы акодтаин! Нӕхимӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтаин, иу ахӕм адӕймаг дӕр зынтӕй уыди ссарӕн. Ӕмӕ мӕ раст уыцы рӕстӕг тынг бафӕндыд уыцы гыццыл горӕты адӕмӕн баххуыс кӕнын. Гъемӕ цасдӕры фӕстӕ стыр горӕт ныууагътон ӕмӕ, Сандрӕ кӕм лӕггад кодта, уырдӕм ацыдтӕн».

Рубийӕ дарддӕр цы баци? Мӕнӕ йӕхӕдӕг цы зӕгъы: «Дыууӕ мӕймӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон 15 адӕймагимӕ. Нӕ уӕ бауырндзӕн, фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Сандрӕйау мӕн дӕр бахъуыд, ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыдоны ныффыссын!»

ЙӔ ЛӔГГАДЫЛ НЫХЪХЪУЫДЫ КОДТА

Не ’фсымӕр Диегойыл цӕуы 20 азы бӕрц. Йӕ зонгӕ ӕфсымӕртӕ цалдӕрӕй пионертӕй лӕггад кӕнынц Бразилийы хуссар хайы иу гыццыл горӕты, Прудентополисы, ӕмӕ сӕм уырдӕм уазӕгуаты ацыд. Уыцы ӕфсымӕртӕ йыл афтӕ бандӕвтой, ӕмӕ, куыд лӕггад кӕны, ууыл ныхъхъуыды кодта. Диего дзуры: «Ме ’мбырды мӕхи уӕлдай никуы батыхсын кодтон, мӕй-иу кӕд цалдӕр сахаты уыдтӕн уацамынды, уӕд хорз. Фӕлӕ мын уыцы пионертӕ сӕ лӕггадӕй алыхуызон хабӕрттӕ куы дзырдтой, уӕд ахъуыды кодтон, адон куыд хъӕлдзӕг сты ӕмӕ куыд цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынц, ӕз та иу ран бадын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мӕн дӕр бафӕндыд уыдонау фылдӕр лӕггад кӕнын». Диего куыддӕр сӕхимӕ ӕрыздӕхт, афтӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта.

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, чи зоны, сымах дӕр Диегойы уавӕры стут. Чи зоны, уацамынды вӕййут, ӕмбырдтӕм цӕут, фӕлӕ уӕ лӕггадӕй уӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны. Кӕд уӕ хабар афтӕ у, уӕд уӕ бон нӕу уӕ царды исты фӕивын ӕмӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуын? Сымах дӕр ӕй уӕхиуыл бавзардзыстут, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цас циндзинад хӕссы, уый. Чи зоны, хъуыды кӕнут, уым куыд уыдзынӕн, цӕмӕй цӕрдзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бирӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уымӕй нӕ фӕтарстысты. Цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕной, уый тыххӕй сӕ раздӕры пълӕнттӕ ӕмӕ фӕндтыл сӕ къух систой. Афтӕ бакодта Бруно дӕр. Ӕркӕсӕм ын йӕ хабармӕ.

ЗЫНДГОНД МУЗЫКАНТ ӔВИ ПИОНЕР?

Брунойыл цӕуы 28 азы. Цалдӕр азы размӕ ахуыр кодта зындгонд музыкалон скъолайы. Оркестры дирижер суыдаид, уый уыди йӕ бӕллиц. Уыцы хъуыддагмӕ афтӕ хорз арӕхсти, ӕмӕ-иу ӕй арӕх фӕхуыдтой, цӕмӕй-иу концерты стыр оркестрӕн дирижер уыдаид. Диссаджы фидӕнмӕ йын дуар байгом. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр афтӕ касти, цыма йын цыдӕр нӕ фаг кӕны. Бруно дзуры: «Кӕд мӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтон, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрстон, мӕ бон цас уыди, уыйас кӕй нӕ арӕзтон, ӕмӕ мын уый ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Гъемӕ Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ йын уыдӕтты тыххӕй радзырдтон. Стӕй ӕмбырды фӕлтӕрд ӕфсымӕртимӕ дӕр аныхас кодтон. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг мӕхицӕн загътон, музыкалон скъола кӕй ныууадздзынӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаг фыццаг бынаты кӕй сӕвӕрдзынӕн. Ӕмӕ мын кӕд ӕнцон нӕ уыди, уӕддӕр ацыдтӕн, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ранмӕ». Бруно ахӕм уынаффӕ кӕй рахаста, уый йӕ цардыл куыд фӕзынд?

Бруно цӕрынмӕ ацыд гыццыл горӕт Гуапиарӕмӕ. Уый ис горӕт Сан-Паулойӕ иу-260 километры дарддӕр ӕмӕ дзы цӕры 7 000 адӕймаджы бӕрц. Йӕ цард куыд тынг фӕивта, уый тыххӕй мӕнӕ цы дзуры: «Цы гыццыл хӕдзары ӕрцардтӕн, уым нӕдӕр холодильник уыди, нӕдӕр телевизор, стӕй дзы Интернет дӕр нӕ куыста. Фӕлӕ дзы цы уыди, уый зонут? Дыууӕ цӕхӕрадоны, зади дзы халсартӕ ӕмӕ дыргътӕ!» Уыцы горӕты Бруно лӕггад кодта гыццыл ӕмбырды ӕмӕ-иу къуыри иу хатт йӕ мотоциклыл ацыд хъӕуты хъусын кӕнынмӕ, йӕ сумкӕ-иу хӕринаг, дон ӕмӕ литературӕйӕ байдзаг кодта, афтӕмӕй. Уым цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ хорз хабар уый размӕ никуы фехъуыстой. «Иуафон Библи ахуыр кодтон 18 адӕймагимӕ,– дзуры Бруно.– Уыцы адӕм сӕ цард куыд ивтой, уымӕ кӕсгӕйӕ-иу мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг!» Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уыцы рӕстӕг бамбӕрстон, царды мын цы нӕ фаг кодта, уый кӕй ссардтон. Адӕймаг Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг фыццаг бынаты куы ’вӕра, уӕд уымӕй стырдӕр циндзинад нӕй. Кад ӕмӕ хъӕздыгдзинад куы агуырдтаин, уӕд мын уый ахӕм циндзинад не ’рхастаид». Фӕлӕ Гуапиарӕйы лӕггад кӕнгӕйӕ йӕхи цӕмӕй дардта? «Кӕйдӕрты ахуыр кодтон гитарӕйыл цӕгъдын»,– йӕ мидбылты худгӕйӕ загъта Бруно. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ музыкантӕй баззади.

«МӔ ЗӔРДӔ АЦӔУЫН НАЛ БАКУЫМДТА»

Нӕ хо Марианӕйыл цӕуы иу-30 азы бӕрц. Уый дӕр уыди Брунойы уавӕры. Марианӕ куыста юристӕй. Ӕмӕ йын кӕд хорз фыстой, уӕддӕр йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ нӕ ради. Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йӕ цард уыди «дымгӕ сурӕгау» (Еккл. 1:17). Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ арӕх разӕнгард кодтой, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Марианӕ йӕ уавӕртӕм ӕркаст ӕмӕ сфӕнд кодта йе ’мбӕлттимӕ, Бьянкӕ, Каролинӕ ӕмӕ Жулианӕимӕ, горӕт Барра-ду-Бургесмӕ ацӕуын, цӕмӕй уым ӕмбырдӕн баххуыс кодтаиккой. Уыцы горӕт ис Боливимӕ хӕстӕг ӕмӕ, кӕм цӕры, уырдыгӕй у тынг дард. Цымӕ Марианӕ дарддӕр цы баци?

Марианӕ загъта: «Ацы ӕмбырды пълан кодтон ӕртӕ мӕйы баззайын. Фӕлӕ ӕртӕ мӕйы куы рацыд, уӕдмӕ 15 адӕймагимӕ ахуыр кодтон Библи! Нырма сӕ бирӕ ӕххуыс хъуыди, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдаиккой. Ӕмӕ мӕ зӕрдӕ нал бакуымдта уырдыгӕй ацӕуын – куыд сын ӕй загътаин, цӕугӕ кӕй кӕнын. Гъемӕ ӕз дӕр баззадтӕн». Афтӕ бакодтой иннӕ ӕртӕ хойы дӕр. Цымӕ ныр Марианӕ йӕ цардӕй тынгдӕр райгонд у? Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Стыр циндзинад мын уый хӕссы, ӕмӕ Йегъовӕ мӕн уылты дӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕны сӕ цард фӕивынӕн. Мӕ рӕстӕг ӕмӕ мӕ хъарутӕ ахӕм ахсджиаг хъуыддагӕн кӕй дӕттын, уымӕй стырдӕр арфӕдзинад ма цы хъуамӕ уа!» Уыцы цыппар хойы куыд амондджын сты, уый бӕрӕг у Каролинӕйы ныхӕстӕй дӕр: «Ӕхсӕв куы схуыссын, уӕд фӕхъуыды кӕнын, хуыздӕрӕй мӕм цы ис, уый та абон дӕр Йегъовӕйы хъуыддагӕн радтон, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Мӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты, мӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд баххуыс кӕнон, ууыл. Куыд рӕзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ мыл базыртӕ базайы. Ӕз мӕхиуыл бавзӕрстон псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ, „бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый“, зӕгъгӕ» (Пс. 34:8).

Ӕгас зӕххыл дӕр бирӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ «лӕууынц цӕттӕйӕ» ӕмӕ сын фадат куыддӕр фӕзыны, афтӕ хъусын кӕнынмӕ дард рӕттӕм ацӕуынц. Сӕ нымӕц бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕй кӕны, уый Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон у (Пс. 110:3; Ӕмб. 27:11). Уыцы ӕрыгӕттӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййынц, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны (Ӕмб. 10:22).