Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд кӕд дӕтдзӕн?

Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд кӕд дӕтдзӕн?

Чырыстийы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕй кӕйдӕрты фӕндыд базонын, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райсдзӕн, уый. Чырысти сын загъта, уыцы Паддзахад зӕххӕн разамынд кӕд дӕтдзӕн, уый зонын сӕ кӕй нӕ хъӕуы (Хъуыддӕгтӕ 1:6, 7). Фӕлӕ сын уымӕй размӕ загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ куы уыной, цавӕрдӕр хабӕрттӕ уыцы иу рӕстӕг кӕй цӕуынц, уӕд сын уый ууыл дзурӕг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ «Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг», ома тагъд рӕстӕджы бартӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн (Лукайы 21:31).

ЧЫРЫСТИЙЫ НЫХӔСТӔМ ГӔСГӔ ЦАВӔР ХАБӔРТТӔ ХЪУАМӔ ЦЫДАИД?

Чырысти загъта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕмӕ-иу куы иу ран, куы иннӕ ран сыстдзӕн фыднизтӕ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Лукайы 21:10, 11). Ӕнгуылдзты фӕдтӕм гӕсгӕ адӕймаджы куыд вӕййы сбӕрӕг кӕнӕн, раст афтӕ ӕппӕт ацы хабӕрттӕ уыцы иу рӕстӕг куы цыдаиккой, уӕд уый фӕрцы уыдаид сбӕрӕг кӕнӕн, «Хуыцауы паддзахад [кӕй] ӕрхӕстӕг». Цымӕ ацы хабӕрттӕ уыцы иу рӕстӕг ӕгас зӕххыл дӕр цӕуынц? Ӕркӕсӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕм.

1. ХӔСТЫТӔ

1914 азы ныггуыпп кодта Фыццаг дунеон хӕст. Уыцы хӕсты цал бӕстӕйы архайдта, уыйбӕрц уый размӕ никуы, ӕмӕ зиан дӕр тынг бирӕ адӕмӕн ӕрхаста! Историктӕ арӕх фӕдзурынц, 1914 азы историйы цалх цӕхгӕр кӕй фӕзылд, уымӕн ӕмӕ уый размӕ дунеон хӕст никуыма уыд. Уыцы хӕсты, хӕдтӕхджытӕй кӕй ӕрӕппарынц, ахӕм бомбӕтӕй, танктӕй, пулемёттӕй, маргджын газӕй ӕмӕ ӕндӕр мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгарзӕй цас пайда кодтой, афтӕ уый размӕ никуы. Уый фӕстӕ райдыдта Дыккаг дунеон хӕст, ӕмӕ уым та фыццаг хатт спайда кодтой ядерон хӕцӕнгарзӕй. 1914 азӕй фӕстӕмӕ зӕххыл куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты, ӕмӕ уӕдӕй абоны онг фӕцагъды милуангай адӕм.

2. ЗӔХХӔНКЪУЫСТЫТӔ

Иу статьяйы куыд фыст ис, афтӕмӕй, алы аз дӕр цы зӕххӕнкъуыстытӕ вӕййы, уыдонӕй иу-100 ахӕм тыхджын вӕййынц, ӕмӕ ӕрхӕссынц стыр зиан (Britannica Academic). Америкӕйы Иугонд Штатты геологийы службӕ та фехъусын кодта, зӕгъгӕ, «иу-1900 азӕй фӕстӕмӕ нӕм цы бӕрӕггӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, алы аз дӕр кӕй уыдзӕн 16 тыхджын зӕххӕнкъуысты бӕрц». Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, зӕххӕнкъуыстыты нымӕцыл афтӕ уымӕн бафтыд, ӕмӕ сӕ цы мадзӕлтты фӕрцы сбӕрӕг кӕнынц, уыдон фӕхуыздӕр сты. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та хабар афтӕ у, ӕмӕ, ӕгас зӕххыл цы стыр зӕххӕнкъуыстытӕ ӕрцӕуы, уыдон абон цас зиан ӕрхӕссынц ӕмӕ цас адӕмы цард байсынц, уыйбӕрц никуыма.

3. АДӔМ ӔЙЙАФЫНЦ ХӔРИНАГХЪУАГ

Ӕгас дунейы адӕм хӕринагхъуаг ӕййафынц хӕстыты тыххӕй, гӕртамхор адӕмы тыххӕй, стӕй, экономикӕйы уавӕр тынг ӕвзӕр кӕй у ӕмӕ, хор ӕвзӕр кӕй ӕрзайы, уый тыххӕй. Мӕгуыр бӕстӕтӕн хӕринагӕй чи ӕххуыс кӕны, уыцы ӕппӕтдунеон организаци 2018 азы хыгъды ныффыста: «Ӕгас дунейы дӕр 821 милуан адӕймаджы ӕххормаг ӕййафынц, ӕмӕ дзы 124 милуан адӕймагӕн та, цы бахӕрой, уый ӕппындӕр нӕ вӕййы» (The World Food Programme’s “2018 Year in Review”). Адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафынц, уый тыххӕй алы аз дӕр амӕлы 3,1 милуан сывӕллоны бӕрц. 2011 азы ӕгас дунейы цал сывӕллоны амард, уыдонӕн сӕ 45 проценты бӕрц амардысты, ӕххормаг кӕй ӕййӕфтой, уый аххосӕй.

4. ФЫДНИЗТӔ

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организаци иу статьяйы ныффыста: «21 ӕнусы фыднизтӕ тынг сарӕх сты. Зӕронд низтӕ, зӕгъӕм, халер, емынӕ (чума) ӕмӕ бур тӕфсӕг (жёлтая лихорадка) фӕстӕмӕ фӕзындысты. Стӕй ма сӕм бафтыд ног низтӕ дӕр: бирӕ бӕстӕтыл чи ахӕлиу вӕййы, ахӕм грипп, рӕуджыты ӕмӕ улӕфӕнты ног низтӕ (атипичная пневмония, ближневосточный респираторный синдром), вирустӕ Эболӕ ӕмӕ Зикӕ». Фӕстагмӕ ма сӕм бафтыд коронавирус дӕр. Кӕд ахуыргӕндтӕ ӕмӕ дохтыртӕ низты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтой, уӕддӕр сын нӕ бантыст се ’ппӕт низты ныхмӕ хос ӕрымысын.

5. ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУЫСТГОНД ЦӔУЫ ХОРЗ ХАБАР

Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрхӕстӕг, уый ма цавӕр хабарӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уый тыххӕй Чырысти загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Кӕд ацы дунейы ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕуы, уӕддӕр аст милуан адӕймагӕй фылдӕр (сты ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй) хъусын кӕнынц хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Хъусын ӕй кӕнынц 240 бӕстӕйы 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Хорз хабар афтӕ никуыма цыд хъуыстгонд!

ӔППӔТ АЦЫ ХАБӔРТТӔ ДӔУӔН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ?

Чырысти цы хабӕртты кой ракодта, уыдон абон цӕуынц. Уыцы хабӕртты тыххӕй мах цӕмӕн хъӕуы зонын? Уымӕн ӕмӕ Чырысти загъта: «Куы уынат, ӕмӕ адӕттӕ цӕуынц, уӕд ӕй зонут: Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг» (Лукайы 21:31).

Тагъд Хуыцауы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый

Чырысти цы хабӕртты кой ракодта, уыдон ӕмӕ Библийы хронологи ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау уӕлӕрвты йӕ Паддзахад ӕрфидар кодта 1914 азы a. Ӕмӕ дзы уӕд йӕ Фырт Йесо Чырыстийы сӕвӕрдта Паддзахӕй (Псалом 2:2, 4, 6–9). Тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд дӕттын райдайдзӕн ӕмӕ иннӕ хицауӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Зӕххӕй та скӕндзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ йыл адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты.

Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй кувой афтӕ: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). Ӕмӕ тагъд ацы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты. 1914 азы Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕдӕй фӕстӕмӕ цы аразы? Ӕмӕ уыцы Паддзахад ӕнӕхъӕн зӕххӕн разамынд дӕттын куы райдайа, уӕд адӕм цавӕр хорздзинӕдтӕй схайджын уыдзысты?

a 1914 азы тыххӕй дӕ бон фылдӕр базонын у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд чиныгӕй «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 32 урок.