Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахады Паддзах чи у?

Хуыцауы Паддзахады Паддзах чи у?

Хуыцау Библийы фысджытӕй кӕмӕндӕрты бӕстон ныффыссын кодта, йӕ Паддзахады Паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уый цы хабӕртты фӕрцы уыдаид базонӕн, уыдон.

  • Уый хъуамӕ уыдаид Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах. «Ӕз мӕ паддзахы сӕвӕрдтон» (Псалом 2:6). «Сӕвӕрдзынӕн ӕй зӕххон паддзӕхтӕй се ’ппӕтӕй уӕлдӕр» (Псалом 89:27).

  • Хъуамӕ уыдаид паддзах Давиды байзӕддаг. «Мӕнӕ нын райгуырди сывӕллон, лӕвӕрд нын у лӕппу. [...] Йӕ кънйазы бартӕ аххӕсдзысты дардыл, ӕмӕ Давиды паддзахбадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад уыдзысты ӕгӕрон фарнӕй хайджын. Йӕ паддзахад уыдзӕн фидар ӕвӕрд» (Исай 9:6, 7).

  • Хъуамӕ райгуырдаид Вифлеемы. «[Паддзах] сӕ рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдта, Чырысти кӕм хъуамӕ райгуырдаид, зӕгъгӕ. Уыдон ын загътой: „Иудейаг горӕт Вифлеемы, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у пехуымпармӕ“» (Матфейы 2:4, 5).

  • Хъуамӕ йӕ ныхмӕ рацыдаиккой ӕмӕ йӕ амардтаиккой. «Ӕппындӕр ӕй ницӕмӕ дардтой, ӕмӕ йӕ мах нымадтам ницӕйагыл. ...Уый барӕхуыстой нӕ фыдракӕндты тыххӕй, нӕ тӕригъӕдты тыххӕй йын бавзарын кодтой хъизӕмӕрттӕ» (Исай 53:3, 5).

  • Хъуамӕ райгас уыдаид ӕмӕ скадджын уыдаид. «Ды мын мӕ уд ингӕны нӕ ныууадздзынӕ. Иузӕрдион дыл чи у, уый нӕ бауадздзынӕ арф ингӕн фенын» (Псалом 16:10). «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ мӕ Хицауӕн: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“» (Псалом 110:1).

Йесо Чырысти – ӕппӕты хуыздӕр Хицау

Ацы стихты Хуыцауы ӕвӕрд Паддзахы тыххӕй цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон иууылдӕр хаудысты ӕрмӕстдӕр иу адӕймагмӕ – Йесо Чырыстимӕ. Дӕ хъус-ма ӕрдар, зӕд Чырыстийы мад Марийӕйӕн цы загъта, уымӕ: «Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн. ...Ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн» (Лукайы 1:31–33).

Чырысти зӕххыл никуы уыд хицау. Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн разамынд дӕтдзӕн уӕлӕрвтӕй. Чырысти ӕппӕты хуыздӕр Хицау цӕй фӕрцы уыдзӕн? Ӕркӕсӕм, зӕххыл куы уыд, уӕд цы арӕзта, уымӕ.

  • Адӕмыл зӕрдиагӕй тыхсти. Чырысти алкӕмӕн дӕр, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, стырӕй-гыццылӕй, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, ӕххуыс кодта. Стӕй йын уӕлдай нӕ уыд, адӕймаг цавӕр адӕмыхаттӕй у ӕмӕ цавӕр уавӕрты схъомыл, уый (Матфейы 9:36; Марчы 10:16). Иухатт ын хъотырӕй рынчын нӕлгоймаг ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ». Чырысти йын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта (Марчы 1:40–42).

  • Амыдта, Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕн куыд ис, уый. Чырысти загъта: «Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр». Стӕй ма загъта, мах куыд фӕнды, цӕмӕй нын адӕм уой, афтӕ сын кӕй хъуамӕ уӕм нӕхӕдӕг дӕр. Уымӕй уӕлдай ма бамбарын кодта, цы аразӕм, Хуыцауӕн ӕрмӕст уый кӕй нӕу ахсджиаг, фӕлӕ, цавӕр хъуыдытӕ ӕмӕ нӕм ӕнкъарӕнтӕ вӕййы, уый дӕр. Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ бар цӕуа нӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтыл ӕмӕ фӕндтыл (Матфейы 5:28; 6:24; 7:12). Чырысти ма бамбарын кодта, ӕцӕг амондджын кӕй уыдзыстӕм, Хуыцау нӕ цы домы, уый куы базонӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд (Лукайы 11:28).

  • Ӕмбарын кодта, уарзондзинад хъуыддагӕй куыд хъӕуы ӕвдисын, уый. Чырысти цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый-иу адӕмы зӕрдӕтӕ тынг бацагайдта. «Адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл, уымӕн ӕмӕ... уый кодта барджын ныхас» (Матфейы 7:28, 29). Уый сын дзырдта: «Уарзут уе знӕгты». Йӕ мӕлӕты аххосджын чи уыд, суанг уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты тыххӕй скуывта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц» (Матфейы 5:44; Лукайы 23:34).

Чырысти адӕмӕн кӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр Хицау. Фӕлӕ цымӕ кӕд райдайдзӕн хицауиуӕг кӕнын?