Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау цыхуызӕн у ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис?

Хуыцау цыхуызӕн у ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис?

Адӕймагӕн йӕ хорз миниуджытӕ куы фӕуынӕм ӕмӕ йӕ хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ноджы тынгдӕр балымӕн вӕййӕм йемӕ. Йегъовӕмӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон хуыздӕр куы базонӕм, уӕд хуыздӕр зондзыстӕм, цавӕр Хуыцау у, уый ӕмӕ нӕ хорз ӕмбал суыдзӕн. Хуыцаумӕ цы диссаджы миниуджытӕ ис, уыдонӕй сӕйрагдӕр сты йӕ тых, зонд, рӕстдзинад ӕмӕ уарзондзинад.

ХУЫЦАУ У ХЪОМЫСДЖЫН

«О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Ды де стыр хъаруйы фӕрцы ӕмӕ дӕ тыхджын цонджы фӕрцы скодтай арв ӕмӕ зӕхх» (ЙЕРЕМИ 32:17).

Хуыцауы тых бӕрӕг у, цы сфӕлдыста, уымӕй. Зӕгъӕм, сӕрдыгон бон ӕддӕмӕ куы рахизыс, уӕд дӕ хуры тынтӕ схъарм кӕнынц. Ӕмӕ уый Йегъовӕйы тыхы фӕрцы у. Хуры тӕвд хӕццӕ кӕны 15 милуан градусы онг. Хурӕй алы секунд дӕр цы энерги рацӕуы, уымӕн йӕ тых абарӕн ис, сӕдӕ милуан атомон бомбӕйы иумӕ куы фехӕликкой, уӕд цас энерги рацӕуид, уыимӕ.

Фӕлӕ Дун-дунейы цы миллиардгай стъалытӕ ис, уыдонимӕ абаргӕйӕ Хур гыццыл стъалы у. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй ӕппӕты стырдӕр стъалы у UY Щита (UY Scuti). Уыцы стъалы Хурӕй 1 700 хатты стырдӕр у. UY Щита Хуры бӕсты куы сӕвӕрай, уӕд Зӕхх дӕр бамбӕрздзӕн ӕмӕ ма суанг Юпитерӕй дарддӕр цы стъалытӕ ис, уыдон дӕр. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ Хуыцау арв ӕмӕ зӕхх, ома Дун-дуне, йе стыр тыхы фӕрцы кӕй сарӕзта, уый тыххӕй Йереми цы загъта, уый.

Хуыцау хъомысджын кӕй у, уый нын цы пайда у? Адӕмы цард, Хуыцау цы сфӕлдыста, уымӕй кӕнгӕ у, зӕгъӕм, Хуры хъармӕй ӕмӕ Зӕххыл цы ис, уымӕй. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау йӕ хъаруйы фӕрцы алы адӕймагӕн дӕр ӕххуыс кӕны. Куыд? Фыццаг ӕнусы Хуыцау йӕ хъаруйӕ схайджын кодта Йесо Чырыстийы, цӕмӕй диссаджы хъуыддӕгтӕ арӕзтаид. Библийы фыст ис: «Куырмытӕ цӕстӕй уынынц, къуылыхтӕ къуылых нал цӕуынц, хъотырджынтӕ сӕ низӕй дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц» (Матфейы 11:5). Абон та? Библийы фыст ис: «Уый фӕллад адӕймагӕн ратты тых». Стӕй ма дзы фыст ис: «Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдоны ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн» (Исай 40:29, 31). Хуыцауӕн йӕ бон у, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» нӕ схайджын кӕнын, цӕмӕй нӕ бон уа зындзинӕдты ӕмӕ фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууын (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Чи дӕ уарзы ӕмӕ дын йӕ тыхы фӕрцы чи ’ххуыс кӕны, уыцы Хуыцаумӕ дӕ ӕввахсдӕр кӕнын нӕ фӕнды?

ХУЫЦАУ У СТЫР ЗОНДЫ ХИЦАУ

«Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ! Иууылдӕр сӕ скодтай де стыр зондӕй» (ПСАЛОМ 104:24).

Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд нӕ йе стыр зонд дисы бафтауы. Ахуыргӕндтӕ иртасынц, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ, цӕмӕй-иу, ӕрдзы цытӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ цыдӕртӕ ӕрхъуыды кӕной (биомиметикӕ кӕнӕ биомимикрийӕ), зӕгъӕм, камерӕ ӕмӕ хӕдтӕхӕджы хӕйттӕ.

Адӕймаджы цӕст диссаджы конд у

Хуыцауы стыр зонд ӕппӕты тынгдӕр зыны, адӕймаджы буар куыд конд у, уымӕй. Ахъуыды-ма кӕнӕм, сывӕллон мады гуыбыны куыд сӕвзӕры, ууыл. Адӕймаг сӕвзӕры иу кълеткӕйӕ, ӕмӕ уыцы кълеткӕйы фыст вӕййы, дарддӕр буар куыд хъуамӕ рӕза, уый. Стӕй уыцы кълеткӕ адихтӕ вӕййы бирӕ ахӕм кълеткӕтыл. Фӕлӕ стӕй уыцы кълеткӕтӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын райдайынц, зӕгъӕм, фӕзыны туджы кълеткӕтӕ, нервыты кълеткӕтӕ ӕмӕ стӕджы кълеткӕтӕ. Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ фӕзынынц ӕмӕ кусын райдайынц буары системӕтӕ. Ӕмӕ фараст мӕйы фӕстӕ сывӕллон райгуыры, иу кълеткӕйӕ милуангай кълеткӕтӕ кӕй равзӕры, уый фӕрцы. Адӕймаджы буар куыд конд у, уымӕй бӕрӕг у Хуыцауы стыр зонд, ӕмӕ бирӕтӕ сразы вӕййынц Библийы фыст ныхӕстимӕ: «Кадджын дӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ... диссаджы конд дӕн» (Псалом 139:14).

Хуыцау стыр зонды хицау кӕй у, уый нын цы пайда у? Сфӕлдисӕг зоны, амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый. Алцыдӕр кӕй зоны ӕмӕ кӕй ӕмбары, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у, цӕмӕй нын хорз уынаффӕтӕ дӕтта. Уыцы уынаффӕтӕ фыст сты йӕ Ныхас Библийы. Зӕгъӕм, дзуры нын, «кӕрӕдзийӕн барут», зӕгъгӕ (Колоссӕгтӕм 3:13). Хорз уынаффӕ нӕу? О. Дохтыртӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй иннӕтӕн чи хатыр кӕны, уыцы адӕймаг хуыздӕр фӕфынӕй кӕны ӕмӕ йӕ туджы ӕлхъывдад хӕрдмӕ нӕ фӕхизы, йӕхимӕ нӕ ныхъхъусы ӕмӕ ӕндӕр низтӕй дӕр къаддӕр фӕрынчын кӕны. Хуыцау у стыр зонды хицау ӕмӕ нын хорз ӕмбалау ратты, пайда нын чи вӕййы, ахӕм уынаффӕ (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Ахӕм ӕмбал дын куы уаид, уый дӕ нӕ фӕнды?

ХУЫЦАУМӔ ИС РӔСТДЗИНАД

«Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад» (ПСАЛОМ 37:28).

Хуыцау алкӕддӕр аразы, раст цы у, уый. «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» (Иов 34:10). Йегъовӕ рӕстӕй кӕй фӕтӕрхон кӕны, уый тыххӕй Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ды адӕмтӕн тӕрхон кӕндзынӕ рӕстӕй» (Псалом 67:4). «Йегъовӕ... кӕсы зӕрдӕмӕ» ӕмӕ йӕ цӕстмӕмитӕй асайӕн нӕй, фӕлӕ алкӕддӕр уыны, рӕстӕй чи архайы, уый ӕмӕ раст тӕрхон рахӕссы (1 Самуилы 16:7). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау уыны, зӕххыл цы хӕрам ӕмӕ мӕнгард хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон ӕмӕ зӕрдӕ ’вӕры, тагъд фыдгӕнджыты зӕххӕй кӕй фесафдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:22).

Фӕлӕ Хуыцау карз тӕрхонгӕнӕг нӕу ӕмӕ бафхӕрынмӕ нӕ бӕллы. Гӕнӕн куы вӕййы, уӕд фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисы. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг», зӕрдиагӕй чи ӕрфӕсмон кӕны, суанг уыцы фыдгӕнджытӕм дӕр (Псалом 103:8; 2 Петры 3:9). Уый Хуыцауы рӕстдзинадыл дзурӕг нӕу?

Хуыцау рӕстӕй кӕй архайы, уый нын цы пайда у? Апостол Петр загъта: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Хуыцау рӕстӕй кӕй архайы, уый нын пайда у, уымӕн ӕмӕ никуы никӕй фӕхъулон кӕны. Цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм, ахуырдзинад нӕм уа, ӕви нӕ, мӕгуыр уӕм ӕви хъӕздыг, уӕддӕр ын нӕ бон у лӕггад кӕнын ӕмӕ нын аргъ кӕндзӕн.

Хуыцау никӕй хъулон кӕны, ӕмӕ йӕм нӕ бон у кувын, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм, мӕгуыр уӕм ӕви хъӕздыг, уӕд дӕр

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ӕмбарӕм, рӕстӕй куыд фӕархайы, уый. Ӕмӕ нын цӕмӕй уый пайда хӕсса, уый тыххӕй нӕ ӕфсармӕй схайджын кодта. Библи ӕмбарын кӕны, ӕфсарм «зӕрдӕты фыст» закъоны хуызӕн кӕй у, ӕмӕ адӕймаг цыдӕр раст куы нӕ фӕаразы, уӕд ӕм йӕ «зӕрдӕ фӕдзуры» (Ромӕгтӕм 2:15). Уый нын цы пайда у? Не ’фсарм, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый иртасын ахуыр куы уа, уӕд нӕхи хиздзыстӕм ӕвзӕр ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй. Куы фӕрӕдийӕм, уӕд та нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ нӕ рӕдыд сраст кӕнӕм. Хуыцауы рӕстдзинад хуыздӕр куы ӕмбарӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.

ХУЫЦАУ У УАРЗОНДЗИНАД

«Хуыцау у уарзондзинад» (1 ИОАННЫ 4:8).

Хуыцау йӕ тых, йӕ зонд ӕмӕ йӕ рӕстдзинад равдисы, фӕлӕ Библийы афтӕ фыст никуы ис, ӕмӕ Хуыцау у тых, зонд кӕнӕ рӕстдзинад. Фӕлӕ дзы фыст ис, уарзондзинад кӕй у. Цӕмӕн? Хуыцау архайы йӕ тыхы, йӕ рӕстдзинады ӕмӕ зонды фӕрцы. Фӕлӕ йӕ уымӕ разӕнгард кӕны уарзондзинад. Цыдӕриддӕр аразы, уый уарзондзинады фӕрцы.

Йегъовӕ ницы цух уыди, фӕлӕ йӕ уарзондзинад сразӕнгард кодта, цӕмӕй уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр сфӕлдыстаид, йӕ уарзондзинад кӕмӕ равдыстаид ӕмӕ кӕуыл батыхстаид, ахӕм удгоймӕгты. Зӕхх афтӕ скодта, цӕмӕй йыл адӕм зӕрдӕрухсӕй цардаиккой. Хуыцау абоны онг дӕр адӕмыл тыхсы: «Йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матфейы 5:45).

Уымӕй уӕлдай ма, «Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ... у» (Иаковы 5:11). Тынг аргъ кӕны, базона йӕ ӕмӕ йӕм баввахс уа, ууыл зӕрдиагӕй чи архайы, уыдонӕн. Хуыцау алы адӕймагӕн дӕр аргъ кӕны. Ӕцӕгдӕр, «уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).

Хуыцауы уарзондзинад нын цы пайда у? Махӕн ӕхсызгон вӕййы рӕсугъд хурныгуылдмӕ кӕсын, сывӕллон куыд худы, уымӕ хъусын, стӕй аргъ кӕнӕм, нӕ бинонтӕй нын зынаргъ чи у, уыдоны уарзтӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕ ахсджиаг не сты, фӕлӕ нын стыр цины хос сты.

Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг ма у, нӕ бон ӕм кувын кӕй у, уый. Библи нӕ разӕнгард кӕны: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый». Уарзӕгой фыдау Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй дзы ӕххуыс курӕм, цы нӕ тыхсын кӕны, уыцы хъуыддӕгты. Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарнӕй» нӕ кӕй схайджын кӕндзӕн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

Хуыцауы сӕйраг миниуджытыл – тых, зонд, рӕстдзинад ӕмӕ уарзондзинадыл – кӕй аныхас кодтам, уый уын нӕ баххуыс кодта, цӕмӕй хуыздӕр базыдтаиккат, цавӕр Хуыцау у, уый? Цӕмӕй Хуыцаумӕ ноджы тынгдӕр баввахс уат, уый тыххӕй базонут, цы сарӕзта ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн, уый тыххӕй.

ХУЫЦАУ ЦЫХУЫЗӔН У ӔМӔ ЙӔМ ЦАВӔР МИНИУДЖЫТӔ ИС? Йегъовӕ у ӕппӕты хъомысджындӕр, стыр зонды хицау ӕмӕ уый хуызӕн рӕстаг ничи у. Фӕлӕ йӕ миниуджытӕй ӕппӕты тынгдӕр нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы йӕ уарзондзинад