Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы нывонд цы пайда хӕссы?

Чырыстийы нывонд цы пайда хӕссы?

 Алы аз дӕр ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ, кӕй фӕхонынц, уыдонӕй милуантӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕной, йӕхӕдӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ (Лукайы 22:19). Ӕрымысӕн изӕр нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Йесо адӕмы тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уый тынг ахсджиаг кӕй у. Стӕй ма нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, уый нын цы пайда хӕссы абон дӕр ӕмӕ нын фидӕны дӕр цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый (Иоанны 3:16).

 Ацы аз Ӕрымысӕн изӕры уыдтӕ ӕви нӕ, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дын Чырыстийы нывонд пайда хӕсса. Чырысти бамбарын кодта, уый тыххӕй нӕ кӕй хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы аразын.

  1.  1. Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй базон. Йесо йӕ уӕларвон Фыдмӕ куы куывта, уӕд загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).

  2.  2. Цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ цӕр. Йесо бамбарын кодта, цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕрӕм. Зӕгъӕм, адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд йӕ ныхасы кӕрон раппӕлыд, йӕ «ныхӕстӕм ын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны», уыдонӕй (Лукайы 6:46–48). Ӕндӕр хатт та загъта: «Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоанны 13:17).

 Фӕнды дӕ фылдӕр базонын Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй? Стӕй, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ куыд архайӕн ис, уый? Уымӕн дын баххуыс кӕндзӕн цалдӕр хъуыддаджы.

Библи ахуыр кӕнын

 Бирӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнынц. Уый фӕрцы Библи хуыздӕр базыдтой ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цӕрынц.

  •   Ацы фарсыл дӕ бон у фылдӕр базонын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй.

  •   Бакӕс видеороликмӕ «Ӕгас цу Библийы ахуырмӕ» ӕмӕ базон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнынц, уый.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕмбырдтӕ вӕййы къуыри дыууӕ хатты. Кӕм фембырд кӕнынц, уыцы бынӕттӕ хуыйнынц Паддзахады залтӕ. Ӕмбырдты фӕныхас кӕнӕм Библийыл ӕмӕ, йӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ куыд цӕрӕн ис, ууыл.

 Ӕмбырдтӕм кӕйфӕнды бон дӕр у цӕуын. Цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай. Кӕмдӕрты ӕмбырдтӕм байхъусӕн ис видеоконференцийы уылты дӕр.

  •   Бакӕс видеороликмӕ «Паддзахады залы цы вӕййы?», цӕмӕй базонай, ӕмбырдтӕ куыд фӕцӕуынц, уый.

Статьятӕ ӕмӕ видеотӕ нӕ сайты

 Чырыстийы ахуырӕдты тыххӕй ӕмӕ йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый нын цы пайда хӕссы, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис, нӕ сайты цы статьятӕ ӕмӕ видеотӕ ис, уыдонӕй.

 Зӕгъӕм, иу адӕймаджы мӕлӕт милуантӕн цы пайда хӕссы, уый базоныны тыххӕй бакӕс статьятӕ «Чырысти Ирвӕзынгӕнӕг цы хуызы у?» ӕмӕ «Чырысти цӕмӕн фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ цӕмӕн амард?» кӕнӕ бакӕс видеороликмӕ «Йесо Чырысти цӕмӕн амард?».