Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Искуы терроризмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн?

Искуы терроризмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн?

 Теракт куы ӕрцӕуы, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕныс: «Хуыцау кӕдӕм кӕсы? Ахӕм бӕллӕхтӕ цӕмӕн цӕуы? Искуы терроризмӕн a кӕрон ӕрцӕудзӕн? Адӕймаг тӕрсгӕ-ризгӕйӕ кӕдмӕ цӕрдзӕн?» Ацы фарстатӕн Библийы ис дзуапп.

Хуыцау терроризммӕ цы цӕстӕй кӕсы?

 Хуыцау тыхми ӕмӕ терроризмӕй йе сӕфт уыны (Псалом 11:5; Ӕмбисӕндтӕ 6:16, 17). Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бауайдзӕф кодта, йӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй сӕ къухмӕ хъама куы райстой, уӕд (Матфейы 26:50–52). Кӕд иуӕй-иутӕ афтӕ фӕзӕгъынц, ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ Хуыцауы номӕй аразынц, уӕддӕр сын Хуыцау ахӕм бар нӕ радта. Ахӕм адӕмӕн Хуыцау сӕ куывдтытӕ дӕр нӕ хъусы (Исай 1:15).

 Хуыцау тыхсы, зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдоныл, уыимӕ, теракты чи бахауд ӕмӕ теракты тыххӕй стыр маст чи бавзӕрста, уыдоныл (Псалом 31:7; 1 Петры 5:7). Библийы ма фыст ис, Хуыцау тыхми ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Исай 60:18).

Терроризм цӕмӕн ис?

 Библи ӕмбарын кӕны, терроризм цӕмӕн ис, уый: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕн рагӕй фӕстӕмӕ дӕр сӕ хӕцӕнгарз сты фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ тыхми, ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы иннӕты бартӕ ссӕндынц. Уымӕ гӕсгӕ, кӕй фефхӕрынц, уыдон дӕр семӕ ахӕм хӕцӕнгарзӕй фӕтох кӕнынц (Екклесиаст 7:7).

Терроризмӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн

 Хуыцау зӕрдӕ ’вӕры, адӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ кӕй нал цӕрдзысты, тыхми кӕй нал уыдзӕн ӕмӕ зӕххыл сабыр цард кӕй скӕндзӕн (Исай 32:18; Михей 4:3, 4).

  •   Хуыцау кӕрон скӕндзӕн, терроризм цӕмӕн ис, уымӕн. Хуыцау зӕххон хицауӕдтӕ баивдзӕн йӕхи хицауадӕй. Уый разамынд дӕтдзӕн ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр. Уыцы хицауады Хицау Йесо Чырысти архайдзӕн рӕстӕй ӕмӕ тыхми ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (Псалом 72:2, 14). Уӕд фыдхъуыддаг саразыныл хъуыды дӕр никуыуал ничи акӕндзӕн. Адӕм «фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:10, 11).

  •   Терроризм цы бӕллӕхтӕ ӕрхаста, уыдонӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Адӕм ферох кӕндзысты, терроризм сын цы рыст ӕмӕ цы маст бавзарын кодта, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау сдзӕбӕх кӕндзӕн (Исай 65:17; Раргомад 21:3, 4). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн, ӕмӕ, фарн кӕм уыдзӕн, уыцы зӕххыл кӕй цӕрдзысты (Иоанны 5:28, 29).

 Библийӕ нӕ бон у базонын, Хуыцау тагъд архайын кӕй райдайдзӕн. Фӕлӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Хуыцау терроризмӕн нырмӕ кӕрон цӕуылнӕ скодта?» Ацы фарстайӕн дзуапп базоныны тыххӕй бакӕс видеороликмӕ «Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?».

a «Терроризм» арӕхдӕр фӕхонынц, политикӕйы, дины кӕнӕ ӕхсӕнады хъуыддӕгты цыдӕр фӕивыны тыххӕй исчи исты тыхми куы саразы кӕнӕ тыхми саразынӕй куы фертхъирӕн кӕны (сӕ амӕттӕгтӕ арӕхдӕр вӕййынц ӕнаххос хуымӕтӕг адӕм). Фӕлӕ терроризмыл цавӕр хъуыддӕгтӕ ис нымайӕн, уый фӕдыл адӕм иу хъуыдыйыл хӕст не сты.