Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

alfa27/stock.adobe.com

ХОНӔМ ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРМӔ

Йесо Чырысти фыдракӕндтӕн кӕрон скӕндзӕн

Йесо Чырысти фыдракӕндтӕн кӕрон скӕндзӕн

 Йесо Чырысти хорз зоны, фыдракӕндтӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ адӕймагӕн цы стыр маст бавзарын кӕнынц, уый. Йесойӕн йӕхи дӕр ӕнаххосӕй фӕаххосджын кодтой, фӕнадтой йӕ, раст тӕрхон ын нӕ рахастой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой. Ӕмӕ кӕд ницы аххосджын уыд, уӕддӕр «йӕ уд радта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28; Иоанны 15:13). Ныр Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах ӕмӕ тагъд фыдракӕндтӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр рӕстдзинад ӕнустӕм ӕрфидар кӕндзӕн (Исай 42:3).

 Библийы фыст ис, Йесо хъуыддӕгтӕм куы бавнала, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый тыххӕй.

  •   «Фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис. Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:10, 11).

 Йесо мах тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Лукайы 22:19 стихы фыст ис, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ын йӕ мӕлӕт сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы аз дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ. 2024 азы Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕндзыстӕм 24 мартъийы, хуыцаубоны. Ӕмӕ дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонӕм.

Ссар, Ӕрымысӕн изӕр кӕм уыдзӕн