Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН | НЫЙЙАРДЖЫТӔ

Ныййарджытӕ куы ахицӕн вӕййынц, уӕд уый сывӕллӕттыл куыд фӕзыны?

Ныййарджытӕ куы ахицӕн вӕййынц, уӕд уый сывӕллӕттыл куыд фӕзыны?

 Иуӕй-иутӕ сӕ цардӕмбӕлттимӕ куы нӕ фӕфидауынц, уӕд ахъуыды кӕнынц, сӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр кӕй уыдзӕн, куы ахицӕн уой, уӕд, цӕмӕй ӕдзух ма уыной, куыд хыл кӕнынц, уый. Фӕлӕ цымӕ сывӕллӕттӕн ӕцӕгдӕр афтӕ хуыздӕр вӕййы?

 Ныййарджытӕ куы ахицӕн вӕййынц, уӕд уый сывӕллӕттыл куыд фӕзыны?

 Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, йӕ ныййарджытӕ кӕмӕн ахицӕн вӕййынц, ахӕм сывӕллӕттӕн тынг зын вӕййы. Ахӕм сывӕллӕттӕ арӕх:

  •   мӕстыгӕр вӕййынц, тынг фӕтыхсынц, ӕнкъард ӕмӕ ныфссаст вӕййынц;

  •   сӕхи ӕвзӕр фӕдарынц ӕмӕ иннӕтимӕ нӕ фӕфидауынц;

  •   ӕвзӕр фӕахуыр кӕнынц кӕнӕ скъола ныууадзынц;

  •   арӕх фӕрынчынтӕ кӕнынц.

 Уымӕй уӕлдай ма сывӕллӕттӕй бирӕтӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ уыдоны тыххӕй ахицӕн сты кӕнӕ сӕ бон цыдӕр саразын уыд, цӕмӕй ма ахицӕн уыдаиккой.

 Сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджытӕ кӕй ахицӕн сты, уый сӕ цардыл тынг фендавы, куы сыстыр вӕййынц, уӕд дӕр. Уыдон арӕхдӕр сӕхи ницӕйагыл фӕнымайынц ӕмӕ иннӕтыл нӕ феууӕндынц. Стӕй сӕхицӕн бинонтӕ куы фӕзыны, уӕд арӕхдӕр ахицӕн вӕййынц, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд.

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Ахицӕн кӕныныл чи фӕхъуыды кӕны, уыцы адӕмӕй иуӕй-иутӕ сӕхицӕн фӕдзурынц, уый сӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй хабар бынтон ӕндӕрхуызон вӕййы. Психолог Пенелопӕ Лич ныффыста: «Сывӕллонӕн йӕ ныййарджытӕ кӕй ахицӕн вӕййынц, уый тыххӕй тынг ӕнамонд вӕййы» a.

 Библийы уагӕвӕрд: «Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Филиппӕгтӕм 2:4).

 Куы ахицӕн уон, уӕд мӕ сывӕллонӕн хуыздӕр уыдзӕн?

 Иуӕй-иутӕ, о, зӕгъгӕ, фӕзӕгъынц. Фӕлӕ зӕрдыл дарын хъӕуы: ныййарӕджы цы фӕфӕнды, уый арӕхдӕр тынг фӕхицӕн кӕны, сывӕллоны цы фӕфӕнды, уымӕй. Адӕймаг хицӕн кӕныныл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд ӕй фӕфӕнды йӕ цард ногӕй саразын. Сывӕллоны та фӕфӕнды йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдимӕ иумӕ цӕрын.

 Йӕ ныййарджытӕ кӕмӕн ахицӕн сты, ахӕм сывӕллӕттӕй цалдӕр мины чи бафарста, ӕртӕ ахӕм ахуыргонды сӕ чиныджы ныффыстой: «Сывӕллӕттӕй афтӕ ничи загъта, ӕмӕ амондджындӕр фӕци. Се ’ппӕт дӕр загътой: „Мӕ ныййарджытӕ цы бон ахицӕн сты, уыцы бон мӕ сабибонтӕ фесты“». Уыцы чиныджы ма фыст ис: «Ахӕм сывӕллӕттӕ ныр дунемӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц, сӕхи дзы ӕдас нал хатынц, уымӕн ӕмӕ сын ӕппӕты ӕввахсдӕр чи уыд ӕмӕ сӕхи ӕдас кӕй фӕрцы хатыдысты, уыцы дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзийыл ӕнувыд нал сты» (The Unexpected Legacy of Divorce).

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ныййарджытӕ куы ахицӕн вӕййынц, уӕд сывӕллӕттӕ амондджындӕр фӕвӕййынц.

 Библийы уагӕвӕрд: «Ныфссаст зӕрдӕ... стджытӕ хус кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 17:22).

 Сывӕллӕтты иумӕ хъомыл кӕныны тыххӕй цы хъуамӕ зонон?

 Чи ахицӕн вӕййы, уыцы ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ фӕархайынц раздӕрау сӕ сывӕллӕтты иумӕ хъомыл кӕнын. Фӕлӕ уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй ахӕм ныййарджытӕ арӕх:

  •   сӕ сывӕллӕттимӕ къаддӕр рӕстӕг фервитынц;

  •   куыд сӕ хъомыл кӕной, уый фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст нӕ вӕййынц;

  •   сӕ сывӕллӕтты сӕхи бар ауадзынц, сӕхи сӕ разы аххосджыныл кӕй фӕнымайынц кӕнӕ фӕллад кӕй вӕййынц, уый тыххӕй.

 Уымӕй уӕлдай, гӕнӕн ис, ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕм раздӕрау мауал хъусой. Чи зоны, ӕмӕ хъуыды кӕной: «Цӕмӕн сӕм хъуамӕ хъусон? Сӕхӕдӕг дӕр цыдӕр раст нӕ саразынц ӕмӕ сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кӕнынц».

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Чи ахицӕн вӕййы, уыцы ныййарджытӕй бирӕтӕн сӕ сывӕллӕтты иумӕ хъомыл кӕнын зын вӕййы. Фӕлӕ сывӕллӕттӕн та ноджы зындӕр вӕййы.

 Библийы уагӕвӕрд: «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой» (Колоссӕгтӕм 3:21).

 Хуыздӕр куыд уаид бакӕнын?

 Лӕг ӕмӕ ус куы ахицӕн вӕййынц, уӕд сӕ бирӕ хъарутӕ бахъӕуы, цӕмӕй та сӕ цард ногӕй саразой. Фӕлӕ арӕхдӕр хуыздӕр вӕййы, уыцы хъарутӕ-иу сӕ бинонты цард бахъахъхъӕнынмӕ куы саразиккой. Иу чиныджы фыст ис: «Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы нӕ фембарынц, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ цӕрӕнбонты сӕ хабар афтӕ уыдзӕн. Кӕрӕдзиимӕ ӕппындӕр чи нӕ фӕфидауы, ахӕм лӕг ӕмӕ ус дӕр иумӕ цӕргӕйӕ куы баззайынц, уӕд фӕстӕдӕр бирӕ амондджындӕр вӕййынц» (The Case for Marriage). Уӕдӕ ныййарджытӕ иумӕ куы баззайынц, уӕд сывӕллӕттӕ дӕр амондджындӕр вӕййынц.

 Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хицӕн кӕнӕн ӕппындӕр нӕй. Библи хицӕн кӕныны бар дӕтты, лӕг ӕмӕ усӕй искӕмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы уа, уӕд (Матфейы 19:9). Фӕлӕ ма Библийы афтӕ фыст дӕр ис, «ӕмбаргӕ адӕймаг... хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл», зӕгъгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Хицӕн кӕнын чи фӕнд кӕны, ахӕм лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ алцӕуылдӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕной, уыимӕ, уый сӕ сывӕллӕттыл куыд фӕзындзӕн, ууыл дӕр.

 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕст быхсын фаг нӕу. Хъӕуы архайын дӕр. Библийы хорз уынаффӕтӕ ис лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн. Уыдоны фӕрцы сӕ бон у сӕ удыхъӕды ахӕм миниуджытӕ фидар кӕнын, цӕмӕй сӕ бинонты цард ма фехӕла ӕмӕ амондджын уой. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ Библийы автор у бинонты царды бындурӕвӕрӕг – Йегъовӕ Хуыцау (Матфейы 19:4–6).

 Библийы уагӕвӕрд: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны» (Исай 48:17).

a Ист у чиныгӕй «Your Growing Child—From Babyhood Through Adolescence».