Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ИОВ

Йегъовӕ йын йӕ мӕстытӕ ферох кӕнын кодта

Йегъовӕ йын йӕ мӕстытӕ ферох кӕнын кодта

 Ӕппынфӕстаг нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр ныхъхъус сты. Бӕстӕ бамыр. Ӕрмӕст ма, ӕвӕццӕгӕн, Аравийы ӕдзӕрӕг быдырӕй хъуыст хъарм дымгӕйы улӕфт. Иов бафӕллад, цы зӕгъинаг уыд, уый загъта, ӕмӕ ныр ницыуал дзуры. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, йе ’ртӕ зонгӕмӕ, Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софармӕ, куыд мӕсты каст кӕны, уый. Йӕ цӕстӕнгасӕй сын цыма афтӕ дзуры, цы ныхъхъус стут, цӕуылнӕуал исты дзурут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыдон сӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ нал исынц. Хорзау нал фесты, уымӕн ӕмӕ сӕ зондджын хъуыдытӕ, сӕ «афтид» ӕмӕ карз ныхӕстӕ дзӕгъӕлы фесты (Иов 16:3). Куыдфӕнды ма уыдаид, Иов цӕттӕ уыд йӕ иузӕрдиондзинады сӕрыл дзурынмӕ, цас хъуыд, уыйбӕрц.

 Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта, кӕд ӕнӕ ницӕмӕй баззад, уӕддӕр. Йӕ дӕс сывӕллоны амардысты, ӕнӕхай фӕци йӕ исбонӕй, йе ’мбӕлтты ӕмӕ йӕ сыхӕгты ӕххуысӕй ӕмӕ йын сӕ цӕсты цы кад уыди, уымӕй. Йӕ царм йӕ низӕй ныссау, схӕлмӕгтӕ йын ис ӕмӕ йын лыстӕг кӕлмытӕй нал зынд. Йӕ комытӕфӕй зӕрдӕ хӕццӕ кодта (Иов 7:5; 19:17; 30:30). Уымӕй уӕлдай ма йын уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы ныхӕстӕ йӕ маст ссыгътой. Хъуамӕ сын бамбарын кодтаид, тӕригъӕдджын ӕй кӕй схуыдтой, уымӕй раст кӕй нӕ уыдысты. Иовы фӕстаг раныхасы фӕстӕ ма цы загътаиккой, уый нал зыдтой. Сӕ ӕгъатыр ныхӕстӕн кӕрон ӕрцыд. Фӕлӕ Иовӕн йӕ зӕрдӕйы рыст нӕ банцад. Куыд тынг ӕй хъуыди, цӕмӕй йын исчи баххуыс кодтаид!

 Иов йӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕй нӕ каст, уый бамбарӕн ис. Хъуамӕ дзы исчи ныфс бауагътаид ӕмӕ йын йӕ зондахаст сраст кӕнынӕн баххуыс кодтаид. Стӕй ма йын хъуамӕ исчи йӕ зӕрдӕйы рыст фӕрогдӕр кодтаид. Уыцы удӕнцойы хос ын хъуамӕ йе ’ртӕ зонгӕйы фӕуыдаиккой, фӕлӕ йын уыдон ницӕмӕй баххуыс кодтой. Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ нӕ бафӕраздзынӕ, исчи дын уынаффӕ куы нӕ ратта ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕ куы не ’рсабыр кӕна, уӕд? Искуы дӕ, де ’мбӕлттӕ кӕй хуыдтай, уыдон фӕфыдӕнхъӕл кодтой? Йегъовӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнӕг Иовӕн куыд баххуыс кодта ӕмӕ уыцы уавӕры Иов йӕхи куыд дардта, уый дӕ, чи зоны, ныфс бауадза ӕмӕ дын стыр ӕххуыс фӕуа.

Ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уынаффӕгӕнӕг

 Иовы хабар дарддӕр кӕсгӕйӕ базонӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы иу цыдӕр кӕй ӕрцыд. Уым ма уыди ноджыдӕр иу нӕлгоймаг, Елиуй. Уый уыцы ран уыд ӕппӕты райдианӕй ӕмӕ ӕнӕдзургӕйӕ хъуыста, хистӕртӕ цы дзырдтой, уымӕ. Ӕмӕ йӕ сӕ ныхӕстӕ тынг смӕсты кодтой.

 Елиуй Иовмӕ смӕсты. Уымӕн зын уыд, рӕстгӕнӕг Иов уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы ныхӕсты тыххӕй «Хуыцауы нӕ, фӕлӕ йӕхи кӕй хуыдта раст». Фӕлӕ Елиуй Иовӕн тӕригъӕд кодта. Уый уыдта, цы стыр рыст ӕвзӕрста, куыд сыгъдӕгзӕрдӕ уыди ӕмӕ йӕ куыд тынг хъуыди, цӕмӕй йын исчи уынаффӕ радтаид ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр кодтаид. Диссаг нӕу, Елиуй уыцы ӕртӕ мӕнг ныфсӕвӕрӕджы ныхӕстӕм йӕхи кӕй нӕ баурӕдта! Уый хъуыста, Иовӕн цы ӕгъатыр ныхӕстӕ кодтой, цӕмӕй йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдаид, йӕхицӕн мауал аргъ кодтаид ӕмӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивтаид. Уымӕй фыддӕр та уыди, сӕ зыгъуыммӕ ныхӕстӕй афтӕ кӕй уад, ӕмӕ Хуыцау дӕр ӕнаипп нӕу. Ӕмӕ Елиуйӕн йӕ бон хъусӕй лӕууын нал уыд! (Иов 32:2–4, 18).

 Елиуй загъта: «Ӕз ӕрыгон дӕн, сымахыл та цӕуы бирӕ азтӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй лӕууыдтӕн ӕнцад, уый тыххӕй нӕ уӕндыдтӕн, цӕмӕй, цы зонын, уый уын зӕгъон». Фӕлӕ йӕ бон нал уыд ӕнӕдзургӕйӕ лӕууын. Елиуй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Бирӕ кӕуыл цӕуы, зондджын ӕрмӕст уыдон не сты, кӕнӕ, раст тӕрхон кӕнын куыд хъӕуы, уый ӕрмӕст зӕрӕдтӕ нӕ зонынц» (Иов 32:6, 9). Уыцы ныхӕстӕ раст кӕй уыдысты, уый бӕрӕг у, уый фӕстӕ цы загъта, уымӕй. Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар куыд дзырдтой, Елиуй афтӕ нӕ дзырдта. Уый Иовӕн загъта, уӕлейӕ дӕлӕмӕ йӕм кӕй нӕ кӕсдзӕн ӕмӕ йын йӕ уавӕр фӕфыддӕр кӕныныл кӕй нӕ архайдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма равдыста, кӕй йын кад кодта: дзырдта йӕм йӕ номӕй, стӕй йын загъта, иннӕ нӕлгоймӕгтӕ йемӕ сӕхи куыд дардтой, уымӕй бӕрӕг кӕй уыд, кӕй йын нӕ аргъ кодтой *. Елиуй йӕм уӕзданӕй бадзырдта: «Ныр дӕ, Иов, курын, мӕ ныхӕстӕм мын байхъус» (Иов 33:1, 7; 34:7).

Елиуй Иовмӕ йӕ номӕй дзырдта, йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта ӕмӕ бӕрӕг уыд, кӕй йын аргъ кӕны

 Елиуй Иовӕн комкоммӕ загъта: «Ӕз дын фехъуыстон дӕ ныхӕстӕ: „Ӕз сыгъдӕг дӕн, ницы фыддзинад ракодтон, ницы аххос мыл ис, ницӕмӕй фӕрӕдыдтӕн. Уый [Хуыцау] ссары ӕфсӕнттӕ, цӕмӕй мӕ ныхмӕ рацӕуа“». Уӕдӕ Елиуй бамбӕрста, Иовӕн йӕ рӕдыд цӕй мидӕг уыд, уый ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды уый рӕстдзинадыл нымайыс? Ды зӕгъыс: „Ӕз Хуыцауӕй растдӕр дӕн“». Иов афтӕ кӕй хъуыды кодта, уымӕн бабыхсын Елиуйӕн йӕ бон нӕ уыд, ӕмӕ йын загъта: «Ам ды раст нӕ дӕ» (Иов 33:8–12; 35:2). Елиуй зыдта, Иов тынг мӕсты кӕй уыд, цы бӕллӕхтӕ йыл ӕрцыд ӕмӕ йын йе ’фсоны ӕмбӕлттӕ цытӕ фӕдзырдтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ бафӕдзӕхста: «Дӕхимӕ кӕс, цӕмӕй дӕ масты фӕдыл ма ацӕуай ӕмӕ мӕстӕймарӕн ӕмдзӕгъд ма кӕнай» (Иов 36:18).

Елиуй дзуры Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй

 Сӕйраджыдӕр Елиуй дзырдта, Йегъовӕ Хуыцау алкӕддӕр раст кӕй вӕййы, уый тыххӕй. Хуымӕтӕг, фӕлӕ фидар ныхӕстӕй бамбарын кодта иу тынг ахсджиаг хъуыддаг: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна! ...Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау рӕстдзинад нӕ зыгъуыммӕ кӕны» (Иов 34:10, 12). Елиуй Иовӕн баххуыс кодта, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг Хуыцау у, уый бамбарынӕн. Иов ӕрмӕст йӕхиуыл кӕй хъуыды кодта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы тыххӕй, раст цы нӕу, уый загъта. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕйӕн уыцы ныхӕсты тыххӕй йӕ бон уыд Иовы бафхӕрын, уӕддӕр ӕй нӕ бафхӕрдта (Иов 35:13–15). Елиуй йӕхи ахӕмӕй не ’вдыста, цыма Хуыцауы тыххӕй алцыдӕр зоны, фӕлӕ сӕрныллӕгӕй загъта: «Хуыцау куыд бӕрзонд у, ууыл зонд не ’ххӕссы» (Иов 36:26).

 Кӕд Елиуй Иовӕн комкоммӕ уынаффӕ радта, уӕддӕр йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодта. Уый йын дзырдта, цы диссаджы ныфс ын ис, уый тыххӕй, ома уыцы бон кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн. Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы тыххӕй зӕгъдзӕн: «Уадз йӕ буар, ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр суӕд, уадз йе ’взонджы бонтӕм раздӕхӕд». Елиуй фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уый ма барӕг уыд ӕндӕр хъуыддагӕй дӕр. Иовӕн зӕндтӕ нӕ амыдта, фӕлӕ йын загъта, цӕмӕй йемӕ аныхас кодтаид: «Дзур, уымӕн ӕмӕ дӕ рӕстдзинадӕй мӕ зӕрдӕ рухс кӕны» (Иов 33:25, 32). Фӕлӕ Иов ницы дзырдта. Ӕвӕццӕгӕн ын Елиуйы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодтой ӕмӕ дзы ныфс бауагътой, ӕмӕ йӕ бамбӕрста, йӕхи рӕстытӕ кӕнын ӕй кӕй нӕ хъӕуы. Чи зоны йын афтӕ фенцон, ӕмӕ йӕ цӕссыгтӕ дӕр ӕркалдысты.

 Уыцы дыууӕ иузӕрдион нӕлгоймагӕй цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтыл ахуыр кӕнӕм? Елиуйӕ ахуыр кӕнӕм, искӕмӕн уынаффӕ раттӕн кӕнӕ йын йӕ зӕрдӕйы рыст фӕрогдӕр кӕнӕн куыд ис, ууыл. Ӕцӕг ӕмбал дын зӕгъдзӕн, раст цы нӕ аразыс, уый ӕмӕ дӕ бафӕдзӕхсдзӕн, цӕмӕй рӕдыд къахдзӕф ма саразай, уый йын зын куы уа, уӕддӕр (Ӕмбисӕндтӕ 27:6). Мах дӕр фӕнды, цӕмӕй ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ уӕм, алкӕддӕр уӕм фӕлмӕн ӕмӕ, зӕрдӕрыст чи вӕййы, уый-иу бафидар кӕнӕм, ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ куы кӕна, суанг уӕд дӕр. Иовы цӕвиттонӕй та ууыл ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй-иу уынаффӕйыл нӕ къух ма ауигъӕм, фӕлӕ-иу ӕм сӕрныллӕгӕй байхъусӕм. Уынаффӕ нӕ алкӕй дӕр фӕхъӕуы. Ӕмӕ-иу ӕм куы байхъусӕм, уӕд нын уый, гӕнӕн ис, нӕ цард дӕр бахъахъхъӕна (Ӕмбисӕндтӕ 4:13).

«Тыхдымгӕйы астӕуӕй»

 Елиуй куы дзырдта, уӕд арӕх кодта дымгӕ, мигътӕ, арвнӕрд ӕмӕ арвӕрттывды кой. Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Байхъусут-ма, йӕ хъӕлӕс куыд нӕры». Гыццыл фӕстӕдӕр Елиуй скодта «тыхджын дымгӕйы» кой (Иов 37:2, 9). Ӕвӕццӕгӕн, Елиуй Иовимӕ куыд дзырдта, афтӕ дымгӕ дымын райдыдта ӕмӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта, ӕмӕ ӕппынфӕстаг тыхдымгӕмӕ рахызт. Ӕмӕ стӕй ӕрцыд ӕппӕты диссагдӕр хабар – Йегъовӕ дзурын райдыдта! (Иов 38:1).

Ахъуыды-ма кӕн, цӕй стыр кад у, Дунесфӕлдисӕг нӕ алыварс дунейы тыххӕй цы раныхас дзуры, уымӕ хъусын!

 Иовы чиныджы нын уӕлдай ӕхсызгон вӕййы, Йегъовӕ Иовимӕ кӕм ныхас кӕны, уыцы сӕртӕ кӕсын. Тыхдымгӕ рог бырӕттӕ куыд ахӕссы, афтӕ Йегъовӕйы ныхӕстӕ иуварс ахастой Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софары ӕнӕпайда ныхӕстӕ. Райдианы Йегъовӕ уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы ’рдӕм иу ныхас дӕр не скодта. Уый дзырдта ӕрмӕстдӕр Иовимӕ. Йегъовӕ йӕ уарзон лӕггадгӕнӕгӕн йӕ зондахаст бараст кодта, фыд йӕ фырты зондахаст куыд бараст кӕны, афтӕ.

 Йегъовӕ ӕмбӕрста Иовы рыст. Ӕмӕ йын тӕригъӕд кодта, йӕ уарзон хъӕбултӕй чи фӕхъизӕмар кӕны, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр куыд фӕтӕригъӕд кӕны, афтӕ (Исай 63:9; Захари 2:8). Иов «ӕнӕмбаргӕ ныхӕстӕ» кӕй кодта, уымӕй йӕ уавӕр ноджы фыддӕр кодта. Уымӕ гӕсгӕ йӕм Йегъовӕ райдыдта фарстатӕ дӕттын, цӕмӕй йын йӕ зондахаст бараст кодтаид. Фыццаг ӕй бафарста: «Зӕххӕн бындур куы ӕвӕрдтон, уӕд кӕм уыдтӕ? Зӕгъ мын ӕй, кӕд ӕй зоныс, уӕд». Йегъовӕ алцыдӕр куы сфӕлдыста, уӕд «сӕууон стъалытӕ», Хуыцауы зӕдтӕ фырцинӕй хъӕр кодтой, цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдӕттӕ уынгӕйӕ (Иов 38:2, 4, 7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иов ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ницы зыдта.

Йегъовӕ Иовмӕ дзырдта тыхдымгӕйы астӕуӕй ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй йӕ зондахаст бараст кодта

 Йегъовӕ райдыдта дзурын, цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй. Зӕгъӕн ис, Иовӕн цыбыртӕй цыдӕртӕ бамбарын кодта, абон ӕрдззонынмӕ чи хауы, уыцы наукӕтӕй, зӕгъӕм, астрономийӕ, биологийӕ, геологийӕ ӕмӕ физикӕйӕ. Зӕгъӕм, радзырдта йын, Иов кӕм цард, уым чи ӕмбӕлд, уыцы цӕрӕгойтӕй цалдӕры тыххӕй: домбай, халон, дзӕбидыр, хъӕддаг хӕрӕг, хъӕддаг гал, страус, бӕх, уари, цӕргӕс, бегемот ӕмӕ левиафан (кӕнӕ крокодил). Ахъуыды-ма кӕн, цӕй стыр кад у, Дунесфӕлдисӕг нӕ алыварс дунейы тыххӕй цы раныхас дзуры, уымӕ хъусын *!

Ахуыр ӕй кӕны сӕрныллӕгдзинадыл ӕмӕ уарзондзинадыл

 Ӕппӕт уыдӕттӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Иовӕн нӕ фаг кодта сӕрныллӕгдзинад. Иовмӕ афтӕ кӕй каст, ӕмӕ ’фхӕрд Йегъовӕйы къухӕй ӕййафы, уый тыххӕй хъаст кодта. Афтӕмӕй йӕ уарзгой Фыдӕй йӕхи дард кодта, ӕмӕ йын уый йӕ уавӕр ноджы фыддӕр кодта. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр Иовмӕ фарстатӕ лӕвӕрдта. Бафарста йӕ, зӕгъгӕ, дунейы цы диссӕгтӕ ис, уыдон куы фӕзындысты, уӕд кӕм уыдтӕ. Стӕй ма йӕ бафарста, цӕрӕгойты дӕ бон у ӕфсадын ӕмӕ ӕрмахуыр скӕнын, зӕгъгӕ. Кӕд Иовӕн уый йӕ бон нӕ уыд, уӕд афтӕ куыд хъуамӕ хъуыды кодтаид, ӕмӕ йын уый бар ис, цӕмӕй Сфӕлдисӕгӕн дзура, цы кӕнын ӕй хъӕуы, уый? Йегъовӕ Иовӕй бирӕ хуыздӕр зыдта, цы аразын хъӕуы ӕмӕ йӕ куыд аразын хъӕуы, уый.

Иов Йегъовӕимӕ нӕ быцӕу кодта ӕмӕ йӕхи нӕ рӕстытӕ кодта

 Йегъовӕйы ныхӕстӕй ма бӕрӕг уыди, Иовы куыд тынг уарзта, уый. Цыма йын афтӕ дзырдта: «Мӕ хъӕбул, кӕд ӕз ӕппӕт уыдӕттӕ сфӕлдыстон ӕмӕ сыл тыхсын, уӕд дӕм ӕцӕгдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕуыл нӕ батыхсдзынӕн? Куыд дӕ хъуамӕ ныууагътаин, куыд дын хъуамӕ байстаин дӕ сывӕллӕтты, дӕ хорз цард ӕмӕ де ’нӕниздзинад? Мӕн йеддӕмӕ дын ӕппӕт уыдӕттӕ фӕстӕмӕ раттын кӕй бон у ӕмӕ дӕ мӕн йеддӕмӕ дӕ хъизӕмайраг низӕй чи фервӕзын кӕндзӕн?»

 Иов ӕрмӕстдӕр дыууӕ хатты радта дзуапп, Йегъовӕ йӕ куы фарста, уӕд. Уый нӕдӕр быцӕу кодта йемӕ, нӕдӕр йӕхи рӕстытӕ кодта. Сӕрныллӕгӕй басаст, ӕцӕгдӕр тынг гыццыл кӕй зыдта, ууыл ӕмӕ йе ’нӕрхъуыды ныхӕстыл фӕфӕсмон кодта (Иов 40:4, 5; 42:1–6). Ам уынӕм, Иов цы фидар уырнындзинады хицау уыд, уый. Йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта, кӕд йӕ сӕр уыйбӕрц цыдӕртӕ баййӕфта, уӕддӕр. Йегъовӕйы зондамындмӕ байхъуыста ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕмӕ айста. Хорз уаид, нӕхимӕ ахӕм фарста куы раттиккам: «Цымӕ уыйбӕрц сӕрныллӕг дӕн, цӕмӕй зондамындмӕ кӕнӕ уынаффӕмӕ байхъусон?» Махӕй алкӕй дӕр фӕхъӕуы зондамынд кӕнӕ уынаффӕ, ӕмӕ-иу сӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм, уӕд фӕзмдзыстӕм Иовы уырнындзинад.

«Сымах мӕн тыххӕй... раст цы у, уый нӕ дзырдтат»

 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Иовы зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр кӕныны тыххӕй иу цыдӕр сарӕзта. Йегъовӕ йӕ ныхас аздӕхта Елифазмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕртӕ ӕфсоны ныфсӕвӕрӕгӕй хистӕр чи уыди, уымӕ. Загъта йын: «Дӕумӕ ӕмӕ дӕ дыууӕ ӕмбалмӕ мӕ маст ссыгъд, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн тыххӕй мӕ лӕггадгӕнӕг Иовау, раст цы у, уый нӕ дзырдтат» (Иов 42:7). Цымӕ Йегъовӕ уый зӕгъынмӕ хъавыд, ӕмӕ уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы цы дзырдтой, уыдӕттӕ иууылдӕр мӕнг уыдысты, Иов цы дзырдта, уыдӕттӕ та иууылдӕр раст? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ *. Фӕлӕ Иов ӕмӕ йӕ чи аххосджын кодта, уыдон кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой. Иов тынг хъизӕмар кодта, йӕ зӕрдӕ уыд мастӕй йедзаг, стӕй йӕ ныфс асаст, ӕнӕ аххосӕй йӕ кӕй аххосджын кодтой, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, хатт-иу дзы ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ кӕй схауд, уый. Фӕлӕ Елифаз ӕмӕ йӕ дыууӕ ӕмбалы ахӕм уавӕры нӕ уыдысты. Уыдон Иовӕн барӕй зӕрдӕкъахӕн ныхӕстӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ уыдысты сӕрбӕрзонд ӕмӕ сӕ уырнындзинад уыд лӕмӕгъ. Уыдон ӕрмӕст ӕнаххос адӕймаджы нӕ аххосджын кодтой, фӕлӕ ма Йегъовӕйӕ дзырдтой, раст цы нӕ уыд, уый. Сӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, цыма Йегъовӕ уыд ӕгъатыр, суанг фыдгӕнӕг!

 Уӕдӕ диссаг нӕу, Йегъовӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕй стыр нывӕндтӕ кӕй ӕрдомдта, уый. Хъуамӕ ӕрхастаиккой авд галы ӕмӕ авд фыры. Уый гыццыл хъуыддаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ гал уыди, хистӕр сауджын-иу тӕригъӕд куы сарӕзта ӕмӕ-иу уымӕй адӕмы дӕр тӕригъӕды куы бафтыдта, уӕд-иу кӕй хъуамӕ ӕрхастаид, ахӕм нывонд (Левит 4:3). Гал уыди, Закъонмӕ гӕсгӕ нывондӕн кӕй хастой, уыцы фосӕй ӕппӕты зынаргъдӕр. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ загъта, Иовы чи аххосджын кодта, уыдоны нывонд кӕй айсдзӕн, Иов уыдоны тыххӕй куы скува, ӕрмӕстдӕр уӕд (Иов 42:8) *. Куыд ӕхсызгон уыдаид Иовы рыст зӕрдӕйӕн, йӕ Хуыцау ӕй кӕй сраст кодта ӕмӕ Йегъовӕйы рӕстдзинад кӕй фӕуӕлахиз!

«Мӕ лӕггадгӕнӕг Иов сымах тыххӕй скувдзӕн» (Иов 42:8)

 Йегъовӕ зыдта, Иов, куыд ын загъта, афтӕ кӕй бакӕндзӕн, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ афтӕ тынг чи фӕриссын кодта, уыдонӕн кӕй ныххатыр кӕндзӕн. Ӕмӕ Иов йӕ Фыды нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта (Иов 42:9). Иов коммӕгӕс кӕй уыд, уый цыфӕнды ныхӕстӕй дӕр хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн уыд, иузӕрдион кӕй уыд, уымӕн. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Йегъовӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта.

«Фӕлмӕн уарзтӕй... уарзы»

 Йегъовӕ Иовы «фӕлмӕн уарзтӕй» уарзта ӕмӕ йӕм уыд «фӕлмӕнзӕрдӕ» (Иаковы 5:11). Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Йегъовӕ Иовы йӕ низӕй фервӕзын кодта. Елиуй куыд загъта, афтӕ «йӕ буар, ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр» сси. Ахъуыды-ма кӕн, Иов уый куы федта, уӕд куыд цин кодтаид! Ӕмӕ ӕппынфӕстаг та йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд сты, ныфсытӕ йын ӕвӕрдтой ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ ӕрбахастой. Йегъовӕ йын ногӕй йӕ исбон сбирӕ кодта – цы йӕм уыди, уымӕй йын дыууӕ хатты фылдӕр радта. Ӕмӕ йын йе ’ппӕты стырдӕр бӕллӕх – йӕ сывӕллӕтты мӕлӕт – йӕ зӕрдӕйы цы арф хъӕдгом ныууагъта, уый та? Иов ӕмӕ йӕ усы зӕрдӕйы рыст ӕрсабырдӕр, ноджыдӕр ма сын дӕс сывӕллоны куы райгуырд, уӕд. Йегъовӕ диссаджы хуызы Иовы царды бонтыл бафтыдта. Иов ма уый фӕстӕ фӕцард 140 азы. Уыцы рӕстӕг фаг уыд, цӕмӕй федтаид йӕ байзӕддӕгты суанг цыппӕрӕм фӕлтӕры онг. «Ӕмӕ амард Иов зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй»,– фыст ис Библийы (Иов 42:10–17). Дзӕнӕты та Иов ӕмӕ йӕ ус ногӕй уыдзысты сӕ сывӕллӕттимӕ. Семӕ уыдзысты, Хӕйрӕг сӕ цард кӕмӕн байста, уыцы дӕс сывӕллоны дӕр (Иоанны 5:28, 29).

 Йегъовӕ Иовӕн ахӕм диссаджы арфӕ цӕмӕн ракодта? Уыцы фарстайӕн дзуапп ис Библийы: «Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд, уый тыххӕй» (Иаковы 5:11). Иов фидар разынд, нӕ фылдӕрӕн сӕ бон сӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр кӕй нӕу, ахӕм зындзинӕдты. Дзырдбаст «фидар разынд» ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы зындзинӕдты рӕстӕг удӕгасӕй баззад. Иов фидар уыцы хуызы разынд, ӕмӕ йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта, стӕй Йегъовӕйы раздӕрау уарзта. Йӕ зӕрдӕ нӕ ныддур, фӕлӕ цӕттӕ уыд, йӕ зӕрдӕ йын барӕй чи фӕриссын кодта, суанг уыдонӕн дӕр ныххатыр кӕнынмӕ. Ӕмӕ йӕ къух никуы систа, цы диссаджы ныфс ын уыд ӕмӕ йын ӕппӕты зынаргъдӕр цы уыд, ууыл – йӕ иузӕрдиондзинадыл (Иов 27:5).

 Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы фидар лӕууын. Хӕйрӕг нын нӕ ныфс асӕттыныл архайдзӕн, Иовы ныфс асӕттыныл куыд архайдта, афтӕ. Фӕлӕ нӕ уырнындзинад фӕцудын куы нӕ бауадзӕм, алкӕддӕр сӕрныллӕг куы уӕм, цӕттӕ куы уӕм иннӕтӕн хатыр кӕнынмӕ ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад куы хъахъхъӕнӕм, уӕд фидарӕй зондзыстӕм, диссаджы фидӕнӕй кӕй схайджын уыдзыстӕм (Дзуттӕгтӕм 10:36). Иовы уырнындзинад куы фӕзмӕм, уӕд Хӕйрӕг мӕстӕй мӕлдзӕн, Йегъовӕйы уарзӕгой зӕрдӕ та цинӕй райдзӕн!

^ 6 абз. Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар тынг бирӕ цыдӕртӕ фӕдзырдтой Иовӕн (сӕ ныхӕстӕ Библийы бацахстой ӕнӕхъӕн фараст сӕры бӕрц), фӕлӕ йӕм йӕ номӕй иунӕг хатт дӕр не сдзырдтой.

^ 14 абз. Йегъовӕ Иовимӕ куы ныхас кодта, уӕд-иу цӕй кой кодта, уый тыххӕй-иу куы бӕлвырд дзырдта, куы та-иу аивадон ахорӕнты фӕрцы. (Кӕс, зӕгъӕм, Иов 41:1, 7, 8, 19–21.) Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, Хуыцауы нысан уыд Иовӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй йе Сфӕлдисӕгӕн ноджы тынгдӕр аргъ кодтаид.

^ 18 абз. Фӕстӕдӕр апостол Павел йӕ фыстӕджытӕй иуы ӕрхаста Елифазы ныхӕстӕ (Иов 5:13; 1 Коринфӕгтӕм 3:19). Елифаз цы загъта, уый ӕнӕуи раст уыд, фӕлӕ ахӕм ныхӕстӕ Иовы тыххӕй кӕй загъта, уый раст нӕ уыд.

^ 19 абз. Библийы никуы ис фыст, Иовы йӕ усы тыххӕй дӕр ахӕм нывонд ӕрхӕссын кӕй хъуыд.