Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библийы эвтаназийы тыххӕй исты фыст ис?

Библийы эвтаназийы тыххӕй исты фыст ис?

Дзуапп Библийӕ

 Библийы ницы фыст ис эвтаназийы a тыххӕй. Фӕлӕ дзы цард ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, уыцы фарстамӕ раст цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсӕм. Уый бар нын нӕй, цӕмӕй кӕмӕндӕр йӕ цард аскъуынӕм. Фӕлӕ адӕймаг мӕлӕтдзаг рынчын куы уа, уӕд цыфӕндыйӕ дӕр ууыл архайӕм, ӕмӕ уыцы уавӕр фылдӕр ахӕсса, уый дӕр нӕ ничи домы.

 Библимӕ гӕсгӕ Хуыцау у не Сфӕлдисӕг, нӕ «царды суадон» (Псалом 36:9; Хъуыддӕгтӕ 17:28). Хуыцауы цӕсты цард тынг зынаргъ у. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау уый бар нӕ дӕтты, цӕмӕй иу адӕймаг иннӕйы цард байса кӕнӕ адӕймаг йӕхи амара (Рацыд 20:13; 1 Иоанны 3:15). Уымӕй уӕлдай ма, Библимӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи цард дӕр хъахъхъӕнӕм ӕмӕ иннӕты цард дӕр (Дыккаг закъон 22:8). Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй цардӕн аргъ кӕнӕм.

Адӕймаг мӕлӕтдзаг рынчын куы уа, уӕд та?

 Библимӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, цӕмӕй иу адӕймаг иннӕ адӕймагӕн йӕ цард байса, кӕд тагъд амӕлдзӕн, уӕд дӕр. Ӕркӕсӕм-ма Израилы паддзах Саулы хабармӕ. Саул тохы рӕстӕг уӕззау цӕф куы фӕци, уӕд йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн загъта, цӕмӕй йӕ амардтаид (1 Самуилы 31:3, 4). Фӕлӕ уый не сразы. Фӕстӕдӕр иу адӕймаг афтӕ куы загъта, цыма Саулы йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ амардта, уӕд ӕй Давид амарын кодта, уымӕн ӕмӕ уый дӕр цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй каст (2 Самуилы 1:6–16).

Хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр цард фӕдаргъдӕр кӕныныл архайӕм?

 Кӕд адӕймаг мӕлӕтдзаг рынчын у, уӕд Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ цыфӕндыйӕ дӕр ууыл хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй уыцы уавӕр фылдӕр рӕстӕг ахӕсса. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Мӕлӕт нӕ фыддӕр знаг у, ӕмӕ мӕлӕм, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый тыххӕй (Ромӕгтӕм 5:12; 1 Коринфӕгтӕм 15:26). Кӕд мӕлын никӕй фӕнды, уӕддӕр тӕрсын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, чи амард, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн (Иоанны 6:39, 40). Цардӕн чи аргъ кӕны, уый хос кӕнынӕн хуыздӕр мадзӕлттӕ агурдзӕн. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ уд чи исы, уыцы адӕймаджы цард цыбыр рӕстӕгмӕ фӕдаргъдӕр кӕныны тыххӕй цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттӕй ӕнӕмӕнг спайда кӕнын хъӕуы.

Адӕймаг йӕхи куы амара, уӕд ын йӕ тӕригъӕд хатыргонд не ’рцӕудзӕн?

 Библимӕ гӕсгӕ уый афтӕ нӕу. Йӕхи чи амары, уый уӕззау тӕригъӕд b саразы, фӕлӕ Хуыцау ӕмбары, уыцы хъуыддаг цӕмӕн бакодта, уый, зӕгъӕм, психикон рынчын у, зын уавӕры бахауд кӕнӕ уый йӕ туджы рахаста (Псалом 103:13, 14). Хуыцау Библийы фӕрцы ныфс бауадзы, йӕ къухтӕ чи ӕруагъта, уыдоны. Уымӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис: «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, зӕгъӕм, йӕхи чи амардта, уыдонӕн ныфс кӕй ис, Хуыцау сӕ кӕй райгас кӕндзӕн, уымӕй.

a Дзырдуатмӕ гӕсгӕ эвтанази у, рынчынӕн ахӕм хос скӕнын, цӕмӕй ӕнцонтӕй амӕла кӕнӕ йын йӕ цард аскъуынын, цӕмӕй йӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕза (Merriam-Webster Learner’s Dictionary). Рынчынӕн дохтыр куы баххуыс кӕны амӕлын, уӕд уый хонынц ассистированный суицид.

b Библийы фыст ис, йӕхи чи амардта, цалдӕр ахӕм адӕймаджы тыххӕй, фӕлӕ уыцы адӕм Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ архайдтой (2 Самуилы 17:23; 1 Паддзӕхты 16:18; Матфейы 27:3–5).