Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йесо Чырыстийы номӕй кувын цӕмӕн хъӕуы?

Йесо Чырыстийы номӕй кувын цӕмӕн хъӕуы?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцаумӕ хъуамӕ кувӕм Чырыстийы номӕй, уымӕн ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ ӕрмӕстдӕр уӕд хъусдзӕн. Чырысти загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6). Чырысти йӕ иузӕрдион апостолтӕн дӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕ Фыдӕй цыфӕнды ма ракурат мӕ номӕй,– ратдзӕн уын ӕй» (Иоанны 16:23).

Чырыстийы номӕй ма цӕмӕн хъуамӕ кувӕм

  •   Афтӕмӕй кад кӕнӕм Чырыстийӕн дӕр ӕмӕ йӕ Фыд Йегъовӕ Хуыцауӕн дӕр (Филиппӕгтӕм 2:9–11).

  •   Афтӕмӕй аргъ кӕнӕм, Чырысти мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта ӕмӕ нӕ уый фӕрцы Хуыцау кӕй ирвӕзын кӕны, уымӕн (Матфейы 20:28; Хъуыддӕгтӕ 4:12).

  •   Мах ӕмбарӕм, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн Чырысти Ӕхсӕны лӕг кӕй у (Дзуттӕгтӕм 7:25).

  •   Чырысти Хистӕр сауджын кӕй у ӕмӕ нын Хуыцауы хорзӕх ссарынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй йын аргъ кӕнӕм (Дзуттӕгтӕм 4:14–16).