Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон куыд у кувын, цӕмӕй дын Хуыцау дӕ куывдтытӕм хъуса?

Дӕ бон куыд у кувын, цӕмӕй дын Хуыцау дӕ куывдтытӕм хъуса?

Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» (Псалом 65:2). Нӕ бон ӕм у кувын кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр, хъӕрӕй кӕнӕ нӕхинымӕр. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хонӕм нӕ «Фыд». Ӕмӕ, уӕвгӕ, уымӕй хуыздӕр Фыд нӕй (Матфейы 6:9). Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ нын амоны, нӕ бон ӕм куыд у кувын, цӕмӕй нын нӕ куывдтытӕм хъуса.

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУМӔ КУВ ЧЫРЫСТИЙЫ НОМӔЙ

«Мӕ Фыдӕй цыфӕнды ма ракурат мӕ номӕй,– ратдзӕн уын ӕй» (Иоанны 16:23).

Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцаумӕ иконӕты, сыгъдӕджыты, зӕдты ӕмӕ сӕ мард фыдӕлты уылты куы кувой, уӕд ӕм баввахс уыдзысты. Фӕлӕ Библи бӕлвырдӕй ӕмбарын кӕны, Хуыцаумӕ кӕй хъуамӕ кувӕм Чырыстийы номӕй. Афтӕмӕй нӕ бон у равдисын, Чырыстийӕн Хуыцауы фӕндты ахсджиаг бынат кӕй ис, уый кӕй ӕмбарӕм. Чырысти загъта: «Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6).

ДӔ ЗӔРДӔЙЫ ЦЫ ИС, УЫЙ-ИУ ЫН РАДЗУР

«Ӕргом ын кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ» (Псалом 62:8).

Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд хъуамӕ йемӕ ныхас кӕнӕм, нӕ уарзӕгой фыдимӕ куыд ныхас кӕниккам, афтӕ. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй куывды ныхӕстӕ сахуыр кӕнӕм ӕмӕ ӕрмӕст уыцы ныхӕстӕ дзурӕм кӕнӕ сӕ куывдтыты чиныгӕй кӕсӕм. Хъуамӕ Йегъовӕимӕ ныхас кӕнӕм зӕрдӕбынӕй ӕмӕ йын кад кӕнӕм.

ХУЫЦАУМӔ КУВ ЙӔ ФӔНДОНМӔ ГӔСГӔ

«Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоанны 5:14).

Йегъовӕ Хуыцау нын Библийы уылты дзуры, мах тыххӕй цы саразинаг у ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕм хъуса, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ кувӕм «йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ». Уый нӕ бон бауыдзӕн, Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд. Уый фӕрцы Хуыцауы хуыздӕр базондзыстӕм ӕмӕ йын нӕ куывдтытӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм.

НӔ БОН ЦӔЙ ТЫХХӔЙ У КУВЫН?

Кув, цардӕн дӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕтты тыххӕй. Нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, алы бон нӕ цы фӕхъӕуы, уыдӕтты тыххӕй – хӕринаг, уӕлӕдарӕс ӕмӕ цӕрӕнбынаты тыххӕй. Нӕ бон ма у Хуыцауӕй зонд курын, цӕмӕй-иу раст уынаффӕ рахӕссӕм, ӕмӕ дзы хъарутӕ курын, цӕмӕй-иу нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй нӕм уырнындзинад уа, нӕ рӕдыдтытӕ нын хатыр кӕна ӕмӕ нын ӕххуыс кӕна (Лукайы 11:3, 4, 13; Иаковы 1:5, 17).

Кув иннӕты тыххӕй. Уарзӕгой ныййарджытӕн ӕхсызгон вӕййы, сӕ сывӕллӕттӕ кӕрӕдзи куы фӕуарзынц, уӕд. Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ зӕххон сывӕллӕттӕ кӕрӕдзийыл зӕрдиагӕй тыхсой. Хуыцаумӕ нӕ бон у кувын нӕ цардӕмбалы, нӕ сывӕллӕтты, нӕ бинонты ӕмӕ не ’мбӕлтты тыххӕй. Чырыстийы ахуыргӕнинаг Иаков дӕр ныффыста, «кӕрӕдзийы тыххӕй кувут», зӕгъгӕ (Иаковы 5:16).

Хуыцауӕн бузныг дзур. Библийы не Сфӕлдисӕг Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста» (Хъуыддӕгтӕ 14:17). Хуыцау мах тыххӕй цыдӕриддӕр аразы, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын бузныг дзурдзыстӕм. Фӕлӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый ма хъуамӕ ӕвдисӕм, нӕ цард куыд аразӕм, уымӕй дӕр (Колоссӕгтӕм 3:15).

ФӔРАЗОН У ӔМӔ ДАРДДӔР ДӔР КУВ

Адӕймагӕн хатт йӕ ныфс асӕтты, Хуыцау ын йӕ зӕрдӕбын куывдтытӕн дзуапп уайтагъд куы нӕ ратты, уӕд. Цымӕ раст уыдзӕн афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ ныл Хуыцау нӕ тыхсы? Нӕ! Ӕркӕсӕм цалдӕр адӕймаджы цӕвиттонмӕ. Уыцы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, дарддӕр дӕр кӕй хъӕуы кувын.

Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг, Стив, загъта: «Дарддӕр куы нӕ куывтаин, уӕд мӕ ныфс нал уыдаид, искуы ма амондджын уыдзынӕн, уымӕй». Цы йын баххуыс кодта? Уый райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ базыдта, кувын кӕй хъӕуы ӕмӕ уый ӕдзухдӕр кӕй хъӕуы аразын. Стив ма загъта: «Мӕ зынаргъ ӕмбӕлттӕ мын тынг баххуыс кодтой, ӕмӕ Хуыцауӕн уый тыххӕй бузныг фӕдзурын. Ныры хуызӕн амондджын никуыма уыдтӕн».

Йӕхи уый аккагыл чи нӕ нымадта, ӕмӕ йын Хуыцау йӕ куывдтытӕм хъуса, уыцы сылгоймаг та, Дженни, цы баци? Уый загъта: «Мӕ уавӕр бынтон куы фӕфыддӕр, уӕд Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ мӕм цӕмӕн ис, уый бамбарынӕн». Уый йын куыд баххуыс кодта? Дженни загъта: «Хуыцаумӕ кӕй куывтон, уый фӕрцы мӕхимӕ уый цӕстӕй кӕсын райдыдтон. Ӕз бамбӕрстон, ӕмӕ мыл кӕд мӕ зӕрдӕ цӕйдӕр тыххӕй худы, уӕд мыл Хуыцауы зӕрдӕ та нӕ худы. Кӕй куывтон, уый ма мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕхи мауал хордтаин, фӕлӕ цардыл цин кодтаин». Уый фӕрцы йын цы бантыст? Уый загъта: «Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувын, уый фӕрцы ӕмбарын, уый кӕй у удӕгас Хуыцау, нӕ Фыд ӕмӕ нӕ Хӕлар. Уый нӕ уарзы ӕмӕ ныл тыхсы. Йегъовӕ алкӕддӕр уыдзӕн мӕ фарсмӕ ӕмӕ мын ӕххуыс кӕндзӕн, цы нын дзуры, уый аразыныл куы архайон, уӕд».

Изабелӕн йӕ фырт Герард кӕд сахъатӕй райгуырд, уӕддӕр цардыл цин кӕны. «Куы йӕм фӕкӕсын, уӕд ӕй фембарын, Йегъовӕ Хуыцау мын мӕ куывдтытӕн кӕй радта ӕппӕты хуыздӕр дзуапп»,– загъта Изабель

Ныр та ӕркӕсӕм Изабелы хабармӕ. Йӕхи бар куы нӕ уыд, уӕд ын йӕ дохтыртӕ загътой, йӕ сывӕллон сахъатӕй кӕй райгуырдзӕн. Изабелӕн йӕ хъару асаст. Чидӕртӕ ма йын суанг афтӕ дӕр дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, аборт скӕн. Изабель загъта: «Мӕ зӕрдӕ афтӕ тынг рыст, ӕмӕ загътон, амӕлдзынӕн». Цымӕ Изабель куыд бакодта? Уый загъта: «Хуыцаумӕ куывтон ӕмӕ куывтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид». Цасдӕры фӕстӕ йын райгуырд фырт, Герард, райгуырд сахъатӕй. Цымӕ Хуыцау Изабелы куывдтытӕн дзуапп радта? О, радта! Куыд? Изабель загъта: «Мӕ фыртыл ныр цӕуы 14 азы, ӕмӕ кӕд сахъатӕй райгуырд, уӕддӕр цардыл цин кӕны. Уымӕй стырдӕр арфӕдзинад мын нӕй. Куы йӕм фӕкӕсын, уӕд ӕй фембарын, Йегъовӕ Хуыцау мын мӕ куывдтытӕн кӕй радта ӕппӕты хуыздӕр дзуапп».

Ацы ӕртӕ адӕймаджы цы ныхӕстӕ загътой, уыдон нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, иу псаломзарӕггӕнӕг цы загъта, уый: «О Йегъовӕ, ды фехъусдзынӕ сабыр адӕмӕн сӕ лӕгъстӕтӕ» (Псалом 10:17). Уӕдӕ Хуыцаумӕ дарддӕр дӕр куыннӕ хъуамӕ кувӕм!

Библийы бакӕсӕн ис Чырыстийы куывдтытӕй бирӕтӕ. Ӕппӕты зындгонддӕр дзы у, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй бацамыдта, уыцы куывд. Зондӕн дзы цы ис райсӕн?