Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цымӕ Хуыцау алы ран дӕр ис?

Цымӕ Хуыцау алы ран дӕр ис?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцау алцыдӕр уыны ӕмӕ йӕ бон у кӕмфӕнды дӕр, цы йӕ фӕнда, уый саразын (Ӕмбисӕндтӕ 15:3; Дзуттӕгтӕм 4:13). Фӕлӕ Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ Хуыцау ис алы ран дӕр, ома алкуы дӕр ӕмӕ алцӕй мидӕг дӕр. Библийӕ нӕ бон базонын у, Хуыцау кӕй у удгоймаг ӕмӕ йын цӕрӕнбынат кӕй ис.

  •   Хуыцау цыхуызӕн у? Хуыцау у ӕнӕуынгӕ (Иоанны 4:24). Адӕймагӕн ӕй йӕ бон фенын нӕу (Иоанны 1:18). Библийы цы цӕстылуайӕнты кой ис, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр Хуыцау ӕвдыст у цавӕрдӕр бӕлвырд бынаты. Цыма алы ран дӕр ис, ахӕм хуызы ӕвдыст никуы у (Исай 6:1, 2; Раргомад 4:2, 3, 8).

  •   Хуыцауы цӕрӕнбынат. Хуыцау цӕры уӕлӕрвты, цӕстӕй фенӕн кӕй ис, уыцы Дун-дунейӕ тынг чи хицӕн кӕны, ахӕм ӕнӕуынгӕ ран. Уым ис йӕ «цӕрӕнбынат» (1 Паддзӕхты 8:30). Библийы кӕсӕм, зӕгъгӕ, иу бон зӕдтӕ «ӕрбацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдысты» a. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауӕн ис бӕлвырд цӕрӕнбынат (Иов 1:6).

Кӕд Хуыцау алы ран нӕй, уӕд мын йӕ бон ӕххуыс кӕнын у?

 О, йӕ бон у. Хуыцау алкӕй дӕр уарзы. Ӕмӕ кӕд уӕлӕрвты цӕры, уӕддӕр уыны, адӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны (1 Паддзӕхты 8:39; 2 Азфыстыты 16:9). Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ.

  •   Куы йӕм фӕкувыс, уӕд. Йегъовӕмӕ куы фӕкувыс, уӕд дӕ фӕхъусы (2 Азфыстыты 18:31).

  •   Дӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт куы никӕцӕйуал фӕкӕлы, уӕд. «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:18).

  •   Куыд бакӕнай, уый куы нӕ фӕзоныс, уӕд. Йегъовӕ дын ӕмбаргӕдзинад ратдзӕн ӕмӕ дӕ раст фӕндагыл сараздзӕн йӕ Ныхас Библийы фӕрцы (Псалом 32:8).

Рӕдыд хъуыдытӕ, Хуыцау алы ран дӕр кӕй ис, уый фӕдыл

 Рӕдыд хъуыды. Хуыцау ис, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдоны мидӕг.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцау нӕдӕр зӕххыл цӕры, нӕдӕр, цы Дун-дуне сфӕлдыста, уым искуы (1 Паддзӕхты 8:27). Стъалытӕ ӕмӕ ма Дун-дунейы ноджыдӕр цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕцӕгдӕр «хъусын кӕнынц Хуыцауы кад» (Псалом 19:1). Фӕлӕ Хуыцау, цы сфӕлдыста, уыдоны мидӕг нӕ цӕры, нывгӕнӕг, цы ныв скӕны, уый мидӕг куыд нӕ фӕцӕры, афтӕ. Фӕлӕ нывмӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон вӕййы нывгӕнӕджы тыххӕй цыдӕртӕ базонын. Уӕдӕ, цӕстӕй кӕй уынӕм, уыцы дуне дӕр нын дзуры, «цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, [Сфӕлдисӕджы] уыцы миниуджыты» тыххӕй, зӕгъӕм, йӕ тых, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй (Ромӕгтӕм 1:20).

 Рӕдыд хъуыды. Хуыцау хъуамӕ уа алы ран дӕр, цӕмӕй алцыдӕр зона ӕмӕ йӕ бон алцы саразын дӕр уа.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцауы сыгъдӕг тых у, алцыдӕр кӕй фӕрцы аразы, уыцы хъару. Хуыцауӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон у алцыдӕр базонын, стӕй уыцы тыхы фӕрцы кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр, цы йӕ фӕнды, уый сараздзӕн. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй нӕ хъӕуы, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр уым уа (Псалом 139:7).

 Рӕдыд хъуыды. Псалом 139:8 стихӕй бӕрӕг у, Хуыцау алы ран дӕр кӕй ис, уымӕн ӕмӕ дзы фыст ис: «Уӕлӕрвтӕм ссӕуон – уым дӕр мӕ фендзынӕ. Мӕ хуыссӕн ингӕнмӕ ныххӕссон – уым дӕр мӕ ссардзынӕ».

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Ацы стихы дзырд, Хуыцау кӕм ис, ууыл нӕ цӕуы. Ам аив ӕвзагӕй фыст ӕрцыд, ӕмӕ, цыфӕнды дард ран ма уӕм, уӕддӕр ахӕм бынат кӕй нӕй, цӕмӕй нын Хуыцау ма баххуыс кӕна.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.