Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Дӕлимонтӕ ӕцӕгдӕр ис?

Дӕлимонтӕ ӕцӕгдӕр ис?

Дзуапп Библийӕ

 О. Дӕлимонтӕ сты, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд ӕмӕ афтӕмӕй «тӕригъӕд чи ракодта», уыцы зӕдтӕ (2 Петры 2:4). Зӕдтӕй дӕлимон фыццаг сси Сайтан Хӕйрӕг, ӕмӕ йӕ Библи хоны «хӕйрӕджытӕн се ’лдар» (Матфейы 12:24, 26).

Нойы заман зӕдтӕ рацыдысты Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ

 Библийы дзырд цӕуы, Нойы заман Доны хъаймӕты размӕ зӕдтӕ Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ кӕй рацыдысты. Фыст дзы ис: «Ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ сӕ хъус дарын райдыдтой зӕххон чызджытӕм, рӕсугъд кӕй сты, уымӕ. Ӕмӕ-иу дзы сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыди, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой» (Райдиан 6:2). Уыцы фыдзонд зӕдтӕ уӕлӕрвты сӕ «цӕрӕнбынат... ныууагътой» ӕмӕ сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ райстой, цӕмӕй-иу сылгоймӕгтимӕ ӕмуат ӕрцыдаиккой (Иудӕйы 6).

 Доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд дӕлимонтӕ сӕ зӕххон буӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацыдысты. Фӕлӕ сӕ Хуыцау йӕ уӕларвон бинонтыл нал нымадта. Хуыцау уыцы дӕлимонты афтӕ бафхӕрдта, ӕмӕ сын уӕдӕй фӕстӕмӕ уый бар нал ис, цӕмӕй сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ исой (Ефесӕгтӕм 6:11, 12).