Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библи мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мӕ бинонтимӕ амондджынӕй цӕрон?

Библи мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мӕ бинонтимӕ амондджынӕй цӕрон?

Дзуапп Библийӕ

 О. Дӕлдӕр ис, милуангай бинонтӕн амондджынӕй цӕрынӕн чи баххуыс кодта, ахӕм хорз уынаффӕтӕ Библийӕ:

  1.   Уӕ къухтӕ ӕрфыссут. Лӕг ӕмӕ ус сӕ къухтӕ куы ’рфыссынц, уӕд афтӕмӕй дзырд раттынц, кӕрӕдзийы раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдон цӕрӕнбонтӕм кӕй ӕххӕст кӕндзысты. Ӕмӕ уый фӕрцы вӕййынц амондджын (Матфейы 19:4–6).

  2.   Кӕрӕдзи уарзут ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнут. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг йӕ цардӕмбалӕн хъуамӕ уа, йӕхи куыд фӕнды, цӕмӕй йын йӕ цардӕмбал уа, афтӕ (Матфейы 7:12; Ефесӕгтӕм 5:25, 33).

  3.   Уӕхи рӕхуыст ныхасӕй хизут. Кӕд дын дӕ цардӕмбал ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй дӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕны, уӕддӕр-иу йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕн (Ефесӕгтӕм 4:31, 32). Библийы Ӕмбисӕндты 15:1 стихы фыст ис: «Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн, рӕхуыст ныхасӕй та маст ссудзы».

  4.   Кӕрӕдзийыл ӕнувыд ут. Дӕ цардӕмбалӕй уӕлдай дӕ зӕрдӕ макӕмӕ ӕхсайӕд ӕмӕ уый йеддӕмӕ уарзоны цӕстӕй макӕмӕ кӕс (Матфейы 5:28). Библи зӕгъы: «Уӕ хуыссӕнуат ма фӕчъизи кӕнут» (Дзуттӕгтӕм 13:4).

  5.   Уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ бӕрӕг уӕд, кӕй сӕ уарзут. Уӕ сывӕллӕттимӕ ӕгӕр фӕлмӕн дӕр ма ут ӕмӕ ӕгӕр тызмӕг дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 29:15; Колоссӕгтӕм 3:21).