Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Кӕрӕдзийыл ӕнувыд ут

Кӕрӕдзийыл ӕнувыд ут

Ус: «Афтӕ мӕм фӕкаст, ӕмӕ мыл Михаил раздӕрау ӕнувыд нал у, ӕмӕ сывӕллӕттӕм дӕр уазал цӕстӕй кӕсы *. Интернет нӕм куы фӕзынд, уый хӕдфӕстӕ фӕивта афтӕ. Мӕ зӕрдӕ йӕм фехсайдта, кӕд мыййаг порнографимӕ фӕкӕсы. Иу изӕр сывӕллӕттӕ куы схуыссыдысты, уӕд ӕй комкоммӕ бафарстон: „Порнографимӕ фӕкӕсыс?“ Ӕмӕ басаст, о, зӕгъгӕ. Цыма мыл уазал дон бакалдтой, афтӕ фӕдӕн. Нӕ мӕ уырныдта, ахӕм хабар нӕ бинонтыл кӕй ӕрцыд. Раздӕрау ыл нал ӕууӕндыдтӕн. Ноджы ма мӕм уыцы рӕстӕг ме ’мкусӕг уӕлдай тынгдӕр йе ’ргом здахын райдыдта».

Лӕг: «Марийӕ мын мӕ компьютеры иу къам ауыдта ӕмӕ мӕ бафарста, цы у, зӕгъгӕ. Куы йын загътон, порнографимӕ фӕкӕсын, уӕд тынг смӕсты. Ахӕм худинаг мӕм ӕркаст, ӕмӕ фӕлтау зӕххы скъуыды куы ныххаудаин. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ ныр нӕ бинонты цард фехӕлдзӕн».

КУЫД дӕм кӕсы, Михаил ӕмӕ Марийӕйӕн сӕ хабар афтӕ цӕмӕн рауад? Дӕумӕ гӕсгӕ, Михаил порнографимӕ кӕй каст, уый тыххӕй? Михаил фӕстӕдӕр бамбӕрста, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд – йӕ цардӕмбалыл ӕнувыд нал уыди *. Михаил ӕмӕ Марийӕ сӕ цард куы баиу кодтой, уӕд сӕм афтӕ каст, ӕмӕ ӕдзухдӕр кӕрӕдзи уарздзысты ӕмӕ амондджын уыдзысты. Фӕлӕ бирӕ бинонтӕн сӕ хабар куыд рауайы, афтӕ уыдонӕн дӕр: рӕстӕг куыд цыди, афтӕ сӕ уарзондзинад ӕруазал ӕмӕ кӕрӕдзийӕ адард сты.

Мыййаг дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзийыл раздӕрау ӕнувыд нал стут? Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй та уӕ бинонтӕ ӕнгом уой? Кӕд о, уӕд дӕ хъӕуы ӕртӕ фарстайӕн дзуапп базонын: Цы нысан кӕны, дӕ цардӕмбалыл ӕнувыд уай, уый? Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕ цӕмӕн адард вӕййынц? Ӕмӕ цы аразӕн ис, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыд уат?

Кӕрӕдзийыл ӕнувыд ут. Уый цы нысан кӕны?

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой, уый куыд ӕмбарыс? Бирӕтӕ зӕгъдзысты, уый адӕймагӕн йӕ хӕс кӕй у. Зӕгъӕм, лӕг ӕмӕ ус иумӕ фӕцӕрынц сӕ сывӕллӕтты тыххӕй кӕнӕ Хуыцауы, бинонты царды Бындурӕвӕрӕджы раз хӕсджын кӕй сты, уый тыххӕй (Райдиан 2:22–24). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый хорз у, ӕмӕ уыдӕттӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг бинонты цард ма фехӕла. Фӕлӕ, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой, уый тыххӕй кӕрӕдзийы раз хӕсджын уой, ӕрмӕст уый фаг нӕу.

Йегъовӕ Хуыцауы фӕндон уыди, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус сӕ цардӕй райгонд ӕмӕ амондджын уыдаиккой. Лӕг хъуамӕ «цин кодтаид йӕ усыл», ус та йӕ лӕджы уарзтаид ӕмӕ зыдтаид, йӕ лӕг ӕй йӕхи буары хуызӕн кӕй уарзы (Ӕмбисӕндтӕ 5:18; Ефесӕгтӕм 5:28). Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзимӕ ахӕм зӕрдӕ дарой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы кӕрӕдзийыл ӕууӕндын. Стӕй ма ахсджиаг у, цӕмӕй сӕ хӕлардзинад уа цӕрӕнбонты. Лӕг ӕмӕ ус куы архайой, цӕмӕй иу иннӕйыл ӕууӕнда ӕмӕ цӕмӕй хорз ӕмбӕлттӕ уой, уӕд кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр уыдзысты. Кӕрӕдзийӕн афтӕ адджын суыдзысты, ӕмӕ, Библи куыд зӕгъы, дыууӕйӕ уыдзысты «иу буар» (Матфейы 19:5).

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд куы вӕййынц, уый абарӕн ис, фидар арӕзт хӕдзары кирпичты ’хсӕн цы раствор ис, уыимӕ. Раствор арӕзт вӕййы змис, цемент ӕмӕ донӕй. Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус дӕр кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарой, цы хӕс сыл ис, уый, кӕрӕдзийыл ӕууӕндой ӕмӕ ӕцӕг ӕмбӕлттӕ уой. Цымӕ лӕг ӕмӕ усы уарзондзинад цӕмӕн ӕруазал вӕййы?

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕ цӕмӕн адард вӕййынц?

Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой, уый тыххӕй хъуамӕ фыдӕбон кӕной ӕмӕ сӕхиуыл ма ауӕрдой. Адӕймаг хъуамӕ йӕхи пайдайыл ма хъуыды кӕна, фӕлӕ йӕ цардӕмбалӕн куыд хуыздӕр уыдзӕн, ууыл. Абон бирӕтӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, суанг уый сӕ сӕрмӕ дӕр нӕ хӕссынц, фӕлӕ ӕппынӕдзухдӕр хъуыды кӕнынц, мӕнӕн дзы цы пайда уыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: «Йӕ бинонтимӕ амондджынӕй чи цӕры, ахӕм хиуарзон адӕмы зонын?» Ӕвӕццӕгӕн зӕгъдзынӕ, кӕд ахӕмтӕ ис, уӕддӕр бирӕ не сты. Цӕуылнӕ? Хиуарзон адӕймаг йӕ цардӕмбалыл иузӕрдион зынтӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ искӕй тыххӕй йӕ къух уазал доны дӕр нӕ атулдзӕн. Йӕ цардӕмбалы тыххӕй цыдӕр гыццыл хъуыддаг куы сараза, уӕддӕр уый тыххӕй, ӕмӕ йӕхи пайдайӕн у. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд куы нӕ уой, уӕд сын сӕ цард маст йеддӕмӕ ницы хӕсдзӕн, кӕд райдианы кӕрӕдзийы тынг уарзтой, уӕддӕр.

Библийы дӕр фыст ис, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй фыдӕбон кӕнын кӕй хъӕуы. «Бинонтӕ кӕмӕн ис, уый та мӕт кӕны дунейы хъуыддӕгтыл – йӕ усы зӕрдӕ куыд барухс кӕна, ууыл», ӕмӕ «чындзыцыд сылгоймаг та мӕт кӕны дунейы хъуыддӕгтыл – йӕ лӕджы зӕрдӕ куыд барухс кӕна, ууыл» (1 Коринфӕгтӕм 7:33, 34). Хъыгагӕн, лӕг кӕнӕ ус хиуарзон куы нӕ вӕййы, уӕддӕр алыхатт нӕ бамбары, йӕ цардӕмбалы цы тыхсын кӕны, уый кӕнӕ йын йӕ фыдӕбонӕн нӕ фӕаргъ кӕны. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куы нӕ аргъ кӕной, уӕд сын царды уыдзӕн ноджы фылдӕр мӕт (1 Коринфӕгтӕм 7:28).

Зындзинӕдтыл ӕмбӕлат ӕви ма ӕмбӕлат, дӕ зӕрдыл дар, уӕ цард цӕрӕнбонтӕм кӕй баиу кодтат ӕмӕ уӕд уӕ бинонты цард нӕ фехӕлдзӕн ӕмӕ амондджын уыдзыстут. Цы хъӕуы, цӕмӕй бинонты цардмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсӕм? Ӕмӕ дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дыл дӕ цардӕмбал ӕнувыд уа?

Цы аразӕн ис, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыд уат?

Фыццаджыдӕр, адӕймаг хъуамӕ уа сӕрныллӕг, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасы уынаффӕтӕм хъуса. Уӕд дӕхицӕн дӕр хорз уыдзӕн ӕмӕ дӕ цардӕмбалӕн дӕр (Исай 48:17). Ӕркӕсӕм дыууӕ хорз уынаффӕмӕ.

Дӕ цардӕмбалӕн рӕстӕг ар

1. Сӕйрагдӕр дын уӕд дӕ цардӕмбал.

Апостол Павел загъта: «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут» (Филиппӕгтӕм 1:10). Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куыд сты, уымӕ Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Йӕ цардӕмбалӕн цы лӕг аргъ кӕны, уымӕн Хуыцау дӕр аргъ кӕны. Ӕмӕ йӕ лӕгӕн чи кад кӕны, уыцы сылгоймаг дӕр «Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ» у (1 Петры 3:1–4, 7).

Дӕ цардӕмбал дын тынг зынаргъ у? Адӕймаг ахсджиагыл цы нымайы, ууыл фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ фылдӕр хъарутӕ бахардз кӕны. Ахъуыды-ма кӕн: «Фӕстаг мӕй мӕ цардӕмбалӕн цас рӕстӕг рахицӕн кодтон? Цавӕр хъуыддагӕй йын равдыстон, раздӕрау хорз ӕмбӕлттӕ кӕй стӕм, уый?» Дӕ цардӕмбалимӕ гыццыл рӕстӕг куы ’рвитай кӕнӕ йын бынтондӕр рӕстӕг куы нӕ арай, уӕд ӕй зынтӕй бауырндзӕн, ӕнувыд ыл кӕй дӕ, уый.

Цымӕ дӕ цардӕмбал уыны, ӕнувыд ыл кӕй дӕ, уый? Уый куыд базонӕн ис?

Гӕххӕттыл ныффыс фондз ныхасы: ӕхца, куыст, бинонтӕ, ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ. Дӕумӕ гӕсгӕ, уыдӕттӕй дӕ цардӕмбалӕн чи цас ахсджиагдӕр у, афтӕ сыл номыртӕ сӕвӕр. Дӕ цардӕмбалӕн зӕгъ, цӕмӕй уый дӕр афтӕ бакӕна. Стӕй уӕ гӕххӕттытӕ уӕ кӕрӕдзимӕ раттут. Кӕд дӕ цардӕмбалмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йын фаг рӕстӕг нӕ арыс, уӕд аныхас кӕнут, дӕу цы фӕивын хъӕуы, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр уат. Стӕй-ма ахъуыды кӕн: «Цы саразон, цӕмӕй, мӕ цардӕмбалӕн ахсджиаг цы у, уыцы хъуыддӕгтӕм ме ’ргом фылдӕр здахон?»

Адӕймаг йӕ цардӕмбалыл фыццаг йӕ зӕрдӕйы рацӕуы гадзрахатӕй

2. Дӕ цардӕмбалыл алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион у.

Йесо Чырысти загъта: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:28). Адӕймаг йӕ цардӕмбалӕй дарддӕр искӕимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд уымӕй стыр зиан ӕрхӕсдзӕн йӕ бинонты цардӕн. Ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ уӕд ахицӕн кӕныны бар дӕр ис (Матфейы 5:32). Фӕлӕ Чырысти цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй бӕрӕг у, тӕригъӕд саразыны размӕ адӕймаджы зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ кӕй ӕрбынат кӕнынц. Адӕймаг уыдӕттыл ӕппынӕдзух куы хъуыды кӕна, уӕд, зӕгъӕн ис, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуы.

Цӕмӕй дӕ бинонты цард ма фехӕла, уый тыххӕй дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, порнографимӕ кӕй нӕ кӕсдзынӕ. Адӕм цыфӕнды ма хъуыды кӕной, уӕддӕр порнографи бинонты цардӕн тӕссаг у. Йӕ лӕг порнографимӕ кӕмӕн кӕсы, ахӕм сылгоймаг загъта: «Мӕ лӕг зӕгъы, порнографимӕ кӕй кӕсы, уый руаджы нӕ кӕрӕдзийӕн адджындӕр кӕй уыдзыстӕм. Фӕлӕ мӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсын, цыма йын ӕз фаг нӕ дӕн, афтӕ. Ӕз хуыссӕны мӕхи цӕссыгӕй фехсын, уый та уыцы рӕстӕг йӕхи хӕлд нывтӕй фӕирхӕфсы». Куыд дӕм кӕсы, ацы нӕлгоймаг йӕ цардӕмбалыл ӕнувыд у, ӕви йӕ бинонты цард халы? Йӕхи куыд дары, уый ууыл дзурӕг у ӕмӕ йӕ уарзы? Куыд хъуыды кӕныс, йӕ бинойнагӕн ӕнцон уыдзӕни, цӕмӕй ма йыл ӕнувыд уа?

Рӕстгӕнӕг Иов Хуыцауыл ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй «сарӕзта бадзырд йӕ цӕстытимӕ». Фидарӕй сфӕнд кодта, чызгмӕ мондагӕй кӕй нӕ кӕсдзӕн? (Иов 31:1). Дӕ бон куыд у Иовы бафӕзмын?

Цӕмӕй дӕхи порнографийӕ хизай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ цардӕмбалӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕрдӕйы ӕндӕр искӕмӕн бынат ма уа. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ цардӕмбалӕй дарддӕр ӕндӕр искӕмӕ уӕлдай ӕргом здахай, уый бинонты цардӕн тӕссаг нӕу. Фӕлӕ нӕ Хуыцауы Ныхас фӕдзӕхсы: «Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ сонтдӕр ницы ис. Чи йын цы базондзӕн?» (Йереми 17:9). Мыййаг дыл дӕ зӕрдӕ хинӕй нӕ рацыд? Ахъуыды-ма кӕн: «Мӕ хъус тынгдӕр кӕмӕ дарын, мӕ цардӕмбалмӕ ӕви ӕндӕр искӕмӕ? Исты хорз хабар фыццаг кӕмӕн радзурын, мӕ цардӕмбалӕн ӕви ӕндӕр искӕмӕн? Мӕ цардӕмбал мын афтӕ куы зӕгъа, цӕмӕй ӕндӕр адӕймагимӕ къаддӕр рӕстӕг ӕрвитон, уӕд уый мӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн? Смӕсты уыдзынӕн ӕви мын куыд зӕгъы, афтӕ бакӕндзынӕн?»

Дӕ цардӕмбалӕй дарддӕр ма дӕ зӕрдӕмӕ исчи куы цӕуа, уӕд йемӕ къаддӕр рӕстӕг ӕрвит ӕмӕ ныхас кӕн ӕрмӕст хъуыддаджы фӕдыл. Уыцы адӕймаг дӕ цардӕмбалӕй хуыздӕр цӕмӕй у, уыдӕттыл ма хъуыды кӕн. Уый бӕсты хъуыды кӕн дӕ бинойнаджы хорз миниуджытыл (Ӕмбисӕндтӕ 31:29). Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, дӕ цардӕмбалы цӕмӕн бауарзтай, уый. Ахъуыды-ма кӕн: «Мӕ цардӕмбалмӕ уыцы миниуджытӕ ӕцӕгдӕр нал сты, ӕви сӕ ӕз нал уынын?»

Ӕнувыд кӕй дӕ, уый хъуыддагӕй ӕвдис

Райдианы цы Михаил ӕмӕ Марийӕйы кой кодтам, уыдон сфӕнд кодтой уынаффӕ ракурын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕрмӕст фыццаг къахдзӕф у. Цыдӕр сӕ фӕивын кӕй хъӕуы, уый кӕй бамбӕрстой ӕмӕ ӕххуыс кӕй бацагуырдтой, уымӕй сӕ дыууӕ дӕр равдыстой, кӕрӕдзийыл нырма дӕр ӕнувыд кӕй сты ӕмӕ сӕ бинонты амондыл тох кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты.

Дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзи хорз ӕмбарут ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ зона, ӕнувыд ыл кӕй дӕ ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй амондджын уат. Кӕд афтӕ у, уӕд уый хъуыддагӕй равдис.

^ 3 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

^ 5 абз. Ам ныхас нӕлгоймагыл цӕуы, фӕлӕ сылгоймаг порнографимӕ куы кӕса, уӕд уый дӕр йӕ цардӕмбалыл иузӕрдион нал уыдзӕн.

АХЪУЫДЫ КӔН . . .

  • Цӕмӕй мӕ цардӕмбалимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитон, уый тыххӕй цавӕр хъуыддӕгтыл у мӕ бон къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнын?

  • Цы у мӕ бон саразын, цӕмӕй мӕ цардӕмбал уына, ӕнувыд ыл кӕй дӕн, уый?