Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИЙЫ СТИХТӔН СӔ ХЪУЫДЫ

Псалом 46:10. «Басӕттут ӕмӕ йӕ зонут, ӕз кӕй дӕн Хуыцау»

Псалом 46:10. «Басӕттут ӕмӕ йӕ зонут, ӕз кӕй дӕн Хуыцау»

 «Басӕттут ӕмӕ йӕ зонут, ӕз кӕй дӕн Хуыцау. Ӕз скадджын уыдзынӕн адӕмты ’хсӕн, скадджын уыдзынӕн зӕххыл» (Псалом 46:10, «Ног Дунейы тӕлмац»).

 «Уый зӕгъы: „Ныссабыр ут ӕмӕ базонут, ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Мӕ кад бӕрзонд уыдзӕни адӕмты ’хсӕн, бӕрзонд уыдзӕни зӕххыл“» (Псалом 45:11, «Псаломтӕ ирон ӕвзагыл», 2012 аз).

Псалом 46:10 стихӕн йӕ хъуыды

 Хуыцау адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзуры, цӕмӕй йын лӕггад кӕной ӕмӕ зоной, зӕххӕн хицау уа, уый бар ын кӕй ис. Хуыцауӕн йӕ тых ӕмӕ йӕ бартӕ сты ӕгӕрон. Ӕмӕ ӕнустӕм цӕрын кӕй фӕнды, уыдон уый хъуамӕ ӕмбарой (Раргомад 4:11).

 «Басӕттут ӕмӕ йӕ зонут, ӕз кӕй дӕн Хуыцау». Библийы иуӕй-иу тӕлмацты ацы стих райдайы ныхӕстӕй, «ныссабыр ут», зӕгъгӕ. Уый тыххӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ аргъуаны сӕхи уӕздан дарой, мацы дзурой. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Афтӕ кӕй ратӕлмац кодтой, «басӕттут ӕмӕ йӕ зонут, ӕз кӕй дӕн Хуыцау», уыцы дзуттаг ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ a Хуыцау уый ӕппӕт адӕмтӕн дӕр кӕй дзуры. Фӕдзӕхсы сӕ, цӕмӕй йӕ ныхмӕ мауал цӕуой ӕмӕ бамбарой, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй у уый аккаг, цӕмӕй йын лӕггад кӕной.

 Йегъовӕ ма адӕмы фӕдзӕхсы 2-аг псаломы дӕр. Йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн зӕгъы, ӕнӕ ӕфхӕрдӕй сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн. Уыцы псаломы ма фыст ис, Хуыцауы йӕ хицауыл чи нымайы, уыдон ӕм кӕй кувынц, цӕмӕй сын разамынд, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ тыхтӕ дӕтта. «Йӕхи йе уазӕг чи бакодта», уыдон суанг уӕззау рӕстӕджыты дӕр вӕййынц амондджын ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ сабыр вӕййынц (Псалом 2:9–12).

 «Ӕз скадджын уыдзынӕн адӕмты ’хсӕн, скадджын уыдзынӕн зӕххыл». Раджы заманты Йегъовӕ Хуыцау скадджын ис, йе стыр тыхы фӕрцы йӕ адӕмы куы фервӕзын кодта, уӕд (Рацыд 15:1–3). Фидӕны та ноджы тынгдӕр скадджын уыдзӕн, зӕххыл ӕй алы адӕймаг дӕр йӕ хицауыл куы нымайа ӕмӕ йын куы лӕггад кӕна, уӕд (Псалом 86:9, 10; Исай 2:11).

Псалом 46:10 стихӕн йӕ контекст

 Иу чиныджы 46-ӕм псаломы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый у, «Хуыцау йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй йӕ чи кадджын кӕны, ахӕм гимн». Хуыцауы адӕм-иу 46-ӕм псалом куы зарыдысты, уӕд-иу уымӕй равдыстой, фидарӕй сӕ кӕй уырны, Йегъовӕ сӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн (Псалом 46:1, 2). Псаломы ныхӕстӕ сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, Йегъовӕ сын алкӕддӕр кӕй баххуыс кӕны (Псалом 46:7, 11).

 Ацы псалом чи ныффыста, уый адӕмӕн дзырдта, цӕмӕй хъуыды кодтаиккой, Йегъовӕ цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоныл. Уый сын ӕххуыс кодтаид, цӕмӕй ма дызӕрдыг кодтаиккой, Хуыцаумӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй сӕ хъахъхъӕна (Псалом 46:8). Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтӕй иу у, йӕ бон хӕстытӕн кӕрон скӕнын кӕй у, уый (Псалом 46:9). Раджы заманты-иу Йегъовӕ хӕстытӕн кӕрон уыцы хуызы скодта, ӕмӕ-иу йӕ адӕмы се знӕгтӕй бахъахъхъӕдта. Фӕлӕ нын Хуыцау Библийы зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд ноджы стырдӕр хъуыддаг кӕй сараздзӕн: ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр хӕстытӕн кӕрон скӕндзӕн (Исай 2:4).

 Цымӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн абон дӕр ӕххуыс кӕны? О. Апостол Павел чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарой (Дзуттӕгтӕм 13:6). 46-ӕм псаломы цы хъуыдытӕ ис, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцаумӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕна ӕмӕ йӕ цӕмӕй «не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъаруйыл» нымайӕм (Псалом 46:1).

 Бакӕс ацы цыбыр видеороликмӕ ӕмӕ базон, Псаломты чиныджы дзырд цӕуыл цӕуы, уый.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18). Бакӕс статья «Чи у Йегъовӕ?».