Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Тынг уарзтон, тыхми кӕм ис, ахӕм спорт»

«Тынг уарзтон, тыхми кӕм ис, ахӕм спорт»
  • Райгуырд: 1962 аз

  • Бӕстӕ: Америкӕйы Иугонд Штаттӕ

  • Раздӕр: царды йын ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд, тыхми кӕм ис, ахӕм спорт

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 Кӕимӕ хӕцыдтӕн, уый афтӕ тынг ныццавтон, ӕмӕ мӕхӕдӕг хорзау нал фӕдӕн. Цӕф суад йӕ фындзыл. Афтӕ кӕй рауад, уый тыххӕй мӕхи хордтон ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдтон, ацы спорт ныууадзон, зӕгъгӕ. Уыцы рӕдыды тыххӕй, бирӕ азты дӕргъы тынг кӕй уарзтон, уыцы спорт ныууадзын сфӕнд кодтон. Фӕлӕ уал уын фыццаг радзурдзынӕн, куыд бацыдтӕн, тыхми кӕм ис, ахӕм спортмӕ [уырыссагау «боевые искусства»].

 Ӕз схъомыл дӕн горӕт Буффаломӕ ’ввахс (штат Нью-Йорк, АИШ) сабыр бинонты ’хсӕн. Нӕ бинонтӕ уыдысты католиктӕ ӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕнувыд уыдысты. Ӕз ахуыр кодтон католикон скъолайы ӕмӕ-иу службӕйы рӕстӕг сауджынӕн ӕххуыс кодтон. Мӕ ныййарджыты фӕндыд, цӕмӕй мӕ хоимӕ царды ӕнтыстджын уыдаиккам. Уымӕ гӕсгӕ мын бар радтой, цӕмӕй скъолайы фӕстӕ спортивон секцимӕ цыдаин кӕнӕ-иу искуы акуыстаин, кӕд уый мӕ ахуырыл нӕ фӕзындаид, уӕд. Уый фӕрцы хӕрзӕрыгонӕй сахуыр дӕн мӕ рӕстӕг пълан кӕнын.

 17 азы мыл куы цыди, уӕд бацыдтӕн спортивон секцимӕ. Бирӕ азты дӕргъы къуыри ӕхсӕз боны тренировкӕтӕ кодтон, алы бон дӕр ӕртӕ сахаты. Алы къуыри дӕр-иу сахатгай мӕ цӕстытыл уайын кодтон, цавӕрдӕр приёмтӕй куыд спайда кӕндзынӕн ӕмӕ куыд хӕцдзынӕн, уый. Стӕй-иу видеотӕм кастӕн, цӕмӕй ноджы хуыздӕр хӕцын сахуыр уыдаин. Уарзтон баст цӕстытимӕ тренировкӕтӕ кӕнын, суанг кӕрдтӕ ӕмӕ хъаматимӕ дӕр. Иу цӕфӕй-иу асастон фӕйнӕг кӕнӕ агуыридур. Уыцы спорты мын тынг бирӕ бантыст ӕмӕ-иу ерысты дӕр рамбылдтон. Царды мын спортӕй сӕйрагдӕр ницыуал уыд.

 Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мын царды бирӕ бантыст. Университет каст фӕдӕн хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ. Стӕй иу стыр компанийы кусын райдыдтон компьютерон системӕты инженерӕй. Куысты мын премитӕ лӕвӕрдтой, уыди мын хӕдзар ӕмӕ уарзон чызг. Чи зоны, иннӕтӕм афтӕ каст, ӕмӕ тынг амондджын уыдтӕн, фӕлӕ ӕцӕгӕй та афтӕ нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ мӕ цавӕрдӕр фарстатӕ тыхсын кодтой ӕмӕ сын дзуапп нӕ зыдтон.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 Цӕмӕй мӕ фарстатӕн дзуапп ссардтаин, уый тыххӕй къуыри дыууӕ хатты аргъуанмӕ цыдтӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Фӕлӕ иу бон ме ’мбалимӕ аныхас кодтон, ӕмӕ мӕ цард фӕивта. Ӕз ӕй бафарстон: «Искуы хъуыды кодтай, цӕмӕн цӕрӕм, ууыл? Акӕс-ма, адӕм цас зындзинӕдтӕ ’взарынц, цас хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕуы!» Уый мын загъта, уымӕ дӕр ахӕм фарстатӕ кӕй уыд ӕмӕ сын Библийы дзуапп кӕй ссардта. Ме ’мбал мын радта чиныг «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын» a. Ӕмӕ мын загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кӕны. Фыццаг уыцы чиныг нӕ кастӕн, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодтон, ӕндӕр дины литературӕ куы кӕсон, уӕд уый раст нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ мӕ мӕ фарстатӕн дзуапп базонын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ сфӕнд кодтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы фыссынц, уый фенын.

 Библи ӕцӕгдӕр цы дзуры, уый куы базыдтон, уӕд дисӕй амардтӕн. Ӕз базыдтон, Хуыцауы райдианы кӕй фӕндыд, цӕмӕй адӕм зӕххыл ӕнустӕм дзӕнӕты цардаиккой ӕмӕ йӕ фӕнд кӕй нӕ фӕивта (Райдиан 1:28). Мӕнмӕ уыд «Паддзах Яковы Библи», ӕмӕ дзы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, куы федтон, уӕд мӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыд (Псалом 83:18). Уымӕй уӕлдай ма бамбӕрстон, уыцы номы тыххӕй-иу кӕй куывтон, «Нӕ Фыд», зӕгъгӕ, чи хуыйны, уыцы куывды (Матфейы 6:9). Стӕй ма базыдтон, Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй адӕм зындзинӕдтӕ ’взарой. Цы бакастӕн, уыдӕттӕ мӕм иууылдӕр тынг раст фӕкастысты. Фырцинӕй зӕххыл нал хӕцыдтӕн.

 Никуы мӕ ферох уыдзӕн, фыццаг хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ куы ’рбацыдтӕн, уый. Иууылдӕр мыл тынг бацин кодтой ӕмӕ мемӕ зонгӕ кодтой. Цы раныхас дзы уыди, уым дзырд цыди, Хуыцау цавӕр куывдтытӕ хъусы, ууыл. Уыцы фарстайӕн мӕ дзуапп базонын тынг фӕндыд, уымӕн ӕмӕ-иу Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй куывтон. Уый фӕстӕ та уыдтӕн Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры. Ӕмбырдты-иу уыдтон, суанг-иу сывӕллӕттӕ дӕр Библийы стихтӕ куыд тагъд рацагуырдтой, ӕмӕ мӕм уый тынг диссаг каст. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕнӕн дӕр бацамыдтой, стихтӕ куыд агургӕ сты, уый.

 Ӕмбырдтӕм цас фылдӕр рӕстӕг цыдтӕн, уыйас хуыздӕр ӕмбӕрстон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты куыд тынг хорз ахуыр кӕнынц, уый. Алы фембӕлды дӕр-иу бирӕ ног цыдӕртӕ базыдтон ӕмӕ-иу алкӕддӕр тынг зӕрдӕрухсӕй ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй ацыдтӕн. Стӕй мын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй загътой, ӕмӕ сразы дӕн.

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн цы уыдтон, уый тынг хицӕн кодта, мӕ аргъуаны цы уыдтон, уымӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыдысты сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ӕмӕ кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд уыдысты, стӕй архайдтой Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Ӕз уыдтон, кӕрӕдзи кӕй уарзынц – растдӕр уыцы миниуӕгӕй хъуамӕ бӕрӕг уой ӕцӕг чырыстӕттӕ (Иоанны 13:35).

 Дарддӕр дӕр Библи ахуыр кодтон ӕмӕ мӕ цард Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ арӕзтон. Фӕлӕ мӕм афтӕ каст, спорт ныууадзын мӕ бон никуы бауыдзӕн. Тренировкӕтӕ кӕнын ӕмӕ ерысты архайын бирӕ уарзтон. Ӕмӕ мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уымӕн куы загътон, мӕ бон спорт ныууадзын нӕ бауыдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд мын фӕлмӕнӕй загъта: «Дарддӕр ахуыр кӕн ӕмӕ стӕй раст уынаффӕ рахӕсдзынӕ». Йӕ ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты. Библи цас фылдӕр ахуыр кодтон, уыйас мӕ тынгдӕр фӕндыд Йегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын.

 Мӕ зондахаст цӕхгӕр фӕивта, райдианы цы хабары кой кодтон, уый фӕстӕ. Кӕимӕ хӕцыдтӕн, уымӕн йӕ фындз куы ныццавтон, уӕд хъуыды кӕнын райдыдтон, ӕцӕг чырыстӕттӕ фарнуарзаг адӕм сты, ӕмӕ, ацы спорт куы нӕ ныууадзон, уӕд Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг куыд суыдзынӕн, зӕгъгӕ. Исайы 2:3, 4 стихтӕй базыдтон, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хӕцын кӕй нал ахуыр кӕнынц. Стӕй Чырысти дӕр дзырдта, цӕмӕй фыдми фыдмийӕ ма фидӕм, ӕнаххосӕй нӕ куы ’фхӕрой, уӕд дӕр (Матфейы 26:52). Уымӕ гӕсгӕ, афтӕ тынг кӕй уарзтон, уыцы спорт ныууагътон.

 Библийы фыст ис: «Дӕхиуыл кус, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай – уый уӕд дӕ нысан» (1 Тимофеймӕ 4:7). Ӕмӕ ӕз дӕр афтӕ кӕнын райдыдтон. Раздӕр мын тренировкӕтыл цы рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ цыд, уыдон мын ныр цыдысты ууыл, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахсдӕр уыдаин ӕмӕ йын лӕггад кодтаин. Мӕ уарзоны зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты, Библийӕ цы базыдтон, уыдӕттӕ, ӕмӕ нӕ алчидӕр йӕхи фӕндагыл ацыд. 1987 азы 24 январы донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр райдыдтон ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын – мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн ӕххуыс кодтон Библийы рӕстдзинад базонынӕн. Ӕмӕ абоны онг дӕр лӕггад кӕнын ӕххӕстрӕстӕг. Ахӕм кад мӕм ӕрхауд, ӕмӕ иуцасдӕр рӕстӕг балӕггад кодтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Нью-Йорчы (АИШ).

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Абон мӕ цард афтид нал у, уымӕн ӕмӕ мын царды цы нӕ фаг кодта, уый ссардтон – базыдтон рӕстдзинад Хуыцауы тыххӕй. Цӕй тыххӕй цӕрын, уый зонын, ис мын ныфс фидӕнӕй ӕмӕ амондджын дӕн. Спорт ныр дӕр уарзын ӕмӕ ӕдзух ме уӕнгтӕ фӕфидар кӕнын, фӕлӕ мын ныр уый сӕйраг нал у. Царды мын ӕппӕты сӕйрагдӕр у Йегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.

 Раздӕр-иу, мӕ алыварс-иу цы адӕм уыд, уыдоныл аивӕй мӕ цӕст ахастон ӕмӕ-иу хъуыды кодтон, исчи мыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд мӕхи куыд хъахъхъӕндзынӕн. Ныр дӕр, мӕ алыварс цы адӕм вӕййы, уыдоныл мӕ цӕст ахӕссын, фӕлӕ ныр фӕхъуыды кӕнын, куыд сын баххуыс кӕнон, ууыл. Библийы фӕрцы сдӕн рӕдау адӕймаг ӕмӕ хорз сӕрыхицау мӕ бинойнаг Брендӕйӕн.

 Царды ӕппӕты тынгдӕр уарзтон, тыхми кӕм ис, ахӕм спорт. Фӕлӕ уыцы спорт хуыздӕр цӕмӕйдӕр баивтон. Библийы фыст ис: «Буары уӕнгтӕ фидар кӕнынӕй бирӕ пайда нӕй, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый та пайда у алцӕмӕн дӕр – уымӕй кӕнгӕ у нӕ цард абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр» (1 Тимофеймӕ 4:8).

a Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ; ныр мыхуыры нал цӕуы.