Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Ӕппынфӕстаг мӕ фыдимӕ бафидыдтон

Ӕппынфӕстаг мӕ фыдимӕ бафидыдтон
  • РАЙГУЫРД: 1954

  • БӔСТӔ: Филиппинтӕ

  • РАЗДӔР: йӕ ӕгъатыр фыдӕй алыгъд

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 Филиппинты горӕт Пагсаньяны ис бирӕ диссаджы ӕхсӕрдзӕнтӕ ӕмӕ сӕм алы рӕттӕй адӕм уынынмӕ цӕуынц. Уым мӕ фыд Нардо Лерон цард тынг мӕгуыр уавӕрты. Гӕртамхор пъӕлицӕйы кусджыты ӕмӕ хицауады тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ кӕй бавзӕрста, стӕй куысты дӕр хӕрам хъуыддӕгтыл кӕй сӕмбӕлд, уый тыххӕй сси тынг ӕгъатыр ӕмӕ мӕстыгӕр.

 Мӕ ныййарджытӕ уӕззау куыст кодтой, цӕмӕй аст сывӕллоны фӕдардтаиккой. Арӕх-иу ацыдысты хӕхтӕм плантациты кусынмӕ ӕмӕ-иу уым бирӕ рӕстӕг баззадысты. Мӕ хистӕр ӕфсымӕр Родилиоимӕ-иу нӕ нӕхи бар ныууагътой, ӕмӕ-иу арӕх ӕххормаг уыдыстӕм. Гыццылӕй нын хъазыны фадат нӕ уыд. Авд азы-иу нӕ кӕуыл сӕххӕст, уый-иу хъуамӕ плантацийы куыстаид ӕмӕ-иу уӕззау кокосты баст хӕххон фӕндӕгтыл хастаид. Тынг уӕззау-иу куы уыд, уӕд-иу ӕй нӕ фӕстӕ ластам.

 Нӕ фыд нӕ кӕй надта, уымӕн фӕрӕзтам. Фӕлӕ-иу нын тынг зын уыд, нӕ мады нын кӕй надта, уый. Баиргъӕвынмӕ-иу ӕй хъавыдыстӕм, фӕлӕ нӕ бон ницы уыд. Ӕмӕ Родилиоимӕ баныхас кодтам, куы сыстыр уӕм, уӕд ӕй кӕй амардзыстӕм. Куыд тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй мын хорз фыд уыдаид!

 Мӕ фыды ӕгъатырдзинады тыххӕй ныфссаст ӕмӕ мӕстыгӕр уыдтӕн. Ӕмӕ мыл 14 азы куы цыд, уӕд хӕдзарӕй алыгъдтӕн. Фыццаг рӕстӕг уынджы цардтӕн ӕмӕ марихуанӕ дымын райдыдтон. Фӕстӕдӕр лодкӕйыл туристты ӕхсӕрдзӕнтӕм ласын райдыдтон.

 Цалдӕр азы фӕстӕ Манилӕйы университетмӕ ахуырмӕ бацыдтӕн. Фӕлӕ-иу мӕ улӕфгӕ бонты Пагсаньянмӕ кусынмӕ ацӕуын хъуыд, ӕмӕ мын уый тыххӕй ахуырӕн фаг рӕстӕг нӕ уыд. Мӕ цард мӕм каст ницӕйаг ӕмӕ ӕнӕпайда, ӕмӕ мын марихуанӕ дӕр нал ӕххуыс кодта, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕй фервӕзтаин. Уӕд райдыдтон карздӕр наркотиктӕ кӕнын: метамфитаминтӕ, кокаин ӕмӕ героин. Ӕмӕ наркотиктӕ кӕм ис, уым ӕнӕгъдау митӕ дӕр ис. Мӕ алыварс уыдтон мӕгуырдзинад, хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Ме сӕфт уыдтон нӕ хицауадӕй, уымӕн ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ уыцы бӕллӕхты уый у аххосджын. Хуыцауы фарстон: «Цард ахӕм цӕмӕн у?» Дзуапп агуырдтон алыхуызон динты, фӕлӕ дзӕгъӕлы. Мӕ хъуыдытӕ мын ӕнцой кӕй нӕ лӕвӕрдтой, уымӕ гӕсгӕ наркотиктӕ арӕхдӕр кӕнын райдыдтон.

 1972 азы Филиппинты студенттӕ хицауады ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ ӕз дӕр семӕ уыдтӕн. Алы ран уыд змӕстытӕ ӕмӕ бирӕты ӕрцахстой. Цалдӕр мӕйы бӕстӕ ӕфсӕддонты дӕлбар уыд.

 Ногӕй та уынджы цӕрын райдыдтон, уымӕн ӕмӕ тарстӕн, змӕстыты кӕй архайдтон, уый тыххӕй мӕ куы ӕрцахсой. Цӕмӕй мын наркотиктӕн ӕхца уыдаид, уый тыххӕй давын райдыдтон. Фӕстӕдӕр та уымӕ ӕрхаудтӕн, ӕмӕ ӕхцайыл фӕсарӕйнӕгтимӕ ӕмӕ хъӕздгуытимӕ хӕтын райдыдтон. Уӕлдай мын нӕ уыд, цӕрдзынӕн ӕви амӕлдзынӕн.

 Уыцы рӕстӕг мӕ мад ӕмӕ мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Уый мӕ фыды зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ сын сӕ литературӕ басыгъта. Фӕлӕ сӕ уый нӕ бакъуылымпы кодта, ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр донаргъуыд райстой ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕ систы.

 Иу бон Ӕвдисӕнтӕй чидӕр мӕ фыдӕн радзырдта, Библийы фидӕны тыххӕй цы зӕрдӕвӕрд ис, уый – ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр уыдзӕн рӕстдзинад (Псалом 72:12–14). Уый мӕ фыды зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йӕ фылдӕр базонын бафӕндыд. Библийӕ ӕрмӕст уый нӕ базыдта, ӕмӕ Хуыцау хорз хицауадӕй кӕй ӕвӕры зӕрдӕ, фӕлӕ ма лӕгтӕй ӕмӕ фыдӕлтӕй цы домы, уый дӕр (Ефесӕгтӕм 5:28; 6:4). Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ мӕ фыд, мӕ хотӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы. Фӕлӕ ӕз хӕдзарӕй дард кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ уыдӕттӕн ницы зыдтон.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 1978 азы Австралимӕ ацыдтӕн. Фӕлӕ уыцы рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг бӕстӕйы дӕр удӕнцой не ссардтон. Уым дӕр наркотиктӕ ӕмӕ фыднозт кӕнын нӕ ныууагътон. Уыцы аз мӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбацыдысты. Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, Библийӕ мын куы равдыстой, зӕххыл сабыр цард кӕй уыдзӕн, уый. Фӕлӕ нӕ зыдтон, семӕ ма ӕмбӕлон ӕви нӕ.

 Уыцы хабары фӕстӕ цалдӕр къуыримӕ Филиппинтӕм ӕрыздӕхтӕн. Мӕ хотӕ ӕмӕ мын ме ’фсымӕртӕ радзырдтой, нӕ фыд хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивта. Фӕлӕ йӕм мӕ зӕрдӕйы маст кӕй хастон, уый тыххӕй мӕ нӕ фӕндыд йемӕ фембӕлын.

 Мӕ кӕстӕр хо мын Библийӕ бамбарын кодта, царды уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕмӕн ис. Тынг дис кодтон, ахӕм ӕрыгон чызг мын мӕ фарстатӕн дзуапп кӕй лӕвӕрдта. Мӕ цӕуыны размӕ мын мӕ фыд радта чиныг «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын» a. Ӕмӕ мын загъта: «Дӕ цардыл ахъуыды кӕн. Ацы чиныг дын баххуыс кӕндзӕн, цы агурыс, уый ссарынӕн». Стӕй ма мын загъта, цӕмӕй Австралийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ссардтаин.

 Мӕ фыдмӕ байхъуыстон ӕмӕ Брисбены, мӕ хӕдзармӕ ӕввахс, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады зал ссардтон. Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн. Данелы 7 сӕры ӕмӕ Исайы 9 сӕры цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй базыдтон, фидӕны Хуыцауы Паддзахады дӕлбар хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй нал уыдзӕн. Базыдтон ма, зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн. Фӕндыд мӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстон, мӕхиуыл хӕцын кӕй хъуамӕ сахуыр уон, наркотиктӕ ӕмӕ нозт кӕй хъуамӕ ныууадзон, ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕй хъуамӕ мауал кӕнон. Цы чызгимӕ цардтӕн, уымӕй ацыдтӕн ӕмӕ ме ’взӕр хъуыддӕгтӕ дӕр ныууагътон. Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндыдтӕн, ӕмӕ йӕм куывтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид мӕ цард дарддӕр дӕр хуыздӕрырдӕм ивын.

 Гыццылгай йӕ бамбӕрстон, Библийы фӕрцы, адӕймагӕн йӕ бон аивын кӕй у. Библийы фыст ис, зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд нӕ бон кӕй суыдзӕн нӕ «удыхъӕд ногмӕ раивын» (Колоссӕгтӕм 3:9, 10). Ӕз дӕр ууыл архайдтон, ӕмӕ ахъуыды кодтон: мӕ фыды тыххӕй цы фехъуыстон, ома хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивта, уымӕн гӕнӕн кӕй уыд. Мӕ фыдӕй ме сӕфт нал уыдтон, ӕмӕ мӕ бафӕндыд йемӕ бафидауын. Ӕппынфӕстаг ын ныххатыр кодтон, ӕмӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ зӕрдӕйы цы маст хастон, уымӕй фервӕзтӕн.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Ӕрыгонӕй арӕх фӕзмыдтон, ӕвзӕр митӕ чи кодта, ахӕм адӕмы. Библи дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы, ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕнынц (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссардтон, ӕмӕ мын уыдон баххуыс кодтой, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм аивтаин. Ӕмбырды ма базонгӕ дӕн диссаджы чызг Лореттӕимӕ, ӕмӕ мӕ бинойнаг сси. Иумӕ адӕмӕн дзурӕм, Библи сын куыд баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй.

Мӕ бинойнаг ӕмӕ ме ’мбӕлттимӕ сихор кӕнӕм

 Уый ӕнхъӕл никуы уыдтӕн, ӕмӕ искуы мӕ фыд фӕивдзӕн. Фӕлӕ федтон, Библийы руаджы мӕ мадӕн кӕй сси хорз сӕрыхицау ӕмӕ сӕрныллӕг, фарнуарзаг чырыстон. 1987 азы донаргъуыд куы райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕн, уӕд йемӕ фембӕлдтӕн ӕмӕ мын мӕ царды фыццаг хатт ахъӕбыс кодта!

 35 азы дӕргъы мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад адӕмӕн ӕххуыс кодтой, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый базонынӕн. Мӕ фыд сси тынг фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ йӕ иууылдӕр зыдтой, иннӕтӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм адӕймагӕй. Уыцы азты дӕргъы сахуыр дӕн мӕ фыдӕн аргъ кӕнын ӕмӕ йӕ уарзын. Ӕмӕ сӕрыстыр дӕн, йӕ фырт кӕй дӕн, уымӕй. Мӕ фыд амард 2016 азы. Фӕлӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысын, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдыдтам, уӕд дыууӕйӕ дӕр куыд тынг фӕивтам, уый. Мӕ зӕрдӕйы цы маст уыд, уымӕн йӕ кой дӕр нал ис. Стыр бузныг дӕн, мӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ Хуыцауы кӕй базыдтон. Уый зӕрдӕ ӕвӕры, бинонтӕн маст цыдӕриддӕр хӕссы, уыдонӕн сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн.

a Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, фӕлӕ ныр мыхуыры нал цӕуы.