Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Дӕумӕ гӕсгӕ...

  • уарзондзинады фӕрцы?

  • ӕхцайы фӕрцы?

  • ӕндӕр истӕй фӕрцы?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лукайы 11:28, «Библи – Ног дунейы тӕлмац»).

УЫЙ ДЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У

Дӕ бинонтӕ кӕрӕдзи уарздзысты (Ефесӕгтӕм 5:28, 29).

Кӕрӕдзийӕн аргъ кӕндзыстут (Ефесӕгтӕм 5:33).

Фӕрнӕй цӕрдзыстут (Марчы 10:6–9).

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС, УУЫЛ ӔЦӔГДӔР ИС ӔУУӔНДӔН?

О, ӕппынкъаддӕр, дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй.

  • Бинонты цардӕн бындур Хуыцау ӕрӕвӕрдта. Библи зӕгъы, «алы бинонтӕн дӕр номӕвӕрӕг» Йегъовӕ Хуыцау кӕй у (Ефесӕгтӕм 3:14, 15). Ӕндӕр ныхасӕй, бинонтӕ уымӕн фӕзындысты, ӕмӕ уый Йегъовӕйы фӕндон уыди. Уый нӕ нӕ зӕрдыл дарын цӕмӕн хъӕуы?

    Ахъуыды-ма кӕн. Хӕрзад хӕринаг куы бахӕрай ӕмӕ, куыд аразгӕ у, уый базонын дӕ куы фӕнда, уӕд кӕй бафӕрсдзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чи йӕ ӕрцӕттӕ кодта, уый.

    Раст афтӕ, бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, уый базонӕн ис Йегъовӕйӕ – бинонты царды Бындурӕвӕрӕгӕй (Райдиан 2:18–24).

  • Хуыцау тыхсы бинонтыл. Хорз уаид, Йегъовӕ йӕ Ныхасы цы разамынд дӕтты, бинонтӕ уымӕ гӕсгӕ куы цӕриккой. Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:6, 7). Йегъовӕйы зӕрдӕ уын зӕгъы, хуыздӕрӕй цы ис, уый, ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕ алкӕддӕр хӕссынц пайда! (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; Исай 48:17, 18).

КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС?

Хорз цардӕмбал кӕнӕ хорз ныййарӕг цӕй фӕрцы уыдзынӕ?

Библийы ацы фарстайӕн дзуапп ис ЕФЕСӔГТӔМ 5:1, 2 ӕмӕ КОЛОССӔГТӔМ 3:18–21.