Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы бауарзой?

Цӕмӕй дӕ сывӕллон Хуыцауы базона ӕмӕ йӕ бауарза, уый тыххӕй-иу ын йӕ хъус ӕрдар сфӕлдыстадмӕ

Дӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы бауарздзысты, кӕй ис ӕмӕ сӕ кӕй уарзы, уый куы бамбарой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Цӕмӕй Хуыцауы бауарзой, уый тыххӕй хъуамӕ йемӕ базонгӕ уой (1 Иоанны 4:8). Зӕгъӕм, хъуамӕ зоной: Хуыцау адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста? Адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы? Ӕмӕ сын фидӕны цы сараздзӕн? (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:9.)

Цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы уарзой, уый тыххӕй хъуамӕ уыной, дӕхӕдӕг ӕй кӕй уарзыс. Афтӕмӕй дӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъуыддаджы фӕзмгӕ дӕр бакӕндзысты. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:5–7; Ӕмбисӕндтӕ 22:6.)

Куыд ис сывӕллоны зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕн?

Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых (Дзуттӕгтӕм 4:12). Уымӕ гӕсгӕ дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй йын йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ базоной. Йесо-иу адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ссардта? Фарстатӕ-иу сӕм лӕвӕрдта, хъуыста-иу сӕм ӕмӕ-иу сын Фыстад ӕмбарын кодта. Цӕмӕй дӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарай, уый тыххӕй сӕ ахуыр кӕн, Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, афтӕ. (Бакӕс Лукайы 24:15–19, 27, 32.)

Уымӕй уӕлдай-ма, сывӕллӕттӕ Хуыцауы базондзысты ӕмӕ йӕ бауарздзысты, адӕмимӕ-иу куыд уыд, уый тыххӕй Библийы фыст хабӕрттӕ куы зоной, уӕд. Уымӕн та хорз публикацитӕ ссарӕн ис сайты www.pr418.com/os. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16.)