Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИНОНТЫ АМОНД ЦӔМӔЙ КӔНГӔ У

Архай, цӕмӕй дӕ ног цардӕмбалимӕ амондджын уат

Архай, цӕмӕй дӕ ног цардӕмбалимӕ амондджын уат

ГЕРМӔН *: «Мӕ цардӕмбалимӕ 34 азы иумӕ фӕцардыстӕм, ӕмӕ стӕй ракӕй амард. Уый фӕстӕ Линдӕйы куы ракуырдтон, уӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕ ӕдзух мӕ фыццаг усимӕ барын. Уымӕй уӕлдай ма ме ’мбӕлттӕ арӕх дзырдтой, мӕ фыццаг ус хорз адӕймаг кӕй уыд, ӕмӕ-иу уый Линдӕйӕн хъыг уыди».

ЛИНДӔ: «Гермӕнимӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд мӕм афтӕ каст, цыма йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр йӕ фыццаг усӕн тынгдӕр аргъ кодтой. Иууылдӕр ӕй бирӕ уарзтой, фӕлмӕн ӕмӕ уӕздан адӕймаг уыд. Хатт фӕхъуыды кӕнын, цымӕ ӕз дӕр Гермӕнимӕ искуы афтӕ адджынӕй цӕрдзынӕн».

Линдӕ йӕ фыццаг лӕгӕй ахицӕн. Стӕй базонгӕ Гермӕнимӕ ӕмӕ сӕ цард баиу кодтой, ӕмӕ ныр иумӕ «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрынц. Фӕлӕ сӕхӕдӕг куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, адӕймаг дыккаг хатт бинонтӕ куы скӕны, уӕд сӕмбӕлы, йӕ фыццаг бинонтимӕ цӕргӕйӕ хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаид, ахӕм зындзинӕдтыл *.

Кӕд дын ног цардӕмбал ис, уӕд уӕ царды тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Йӕ фыццаг лӕгӕй чи ахицӕн ӕмӕ ӕртӕ азы фӕстӕ ногӕй чи смой кодта, иу ахӕм сылгоймаг, Тамарӕ, зӕгъы: «Адӕймаг йӕ цард фыццаг хатт искӕимӕ куы баиу кӕны, уӕд афтӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм иумӕ уыдзысты. Фӕлӕ дыккаг хатт афтӕ нал фӕхъуыды кӕны, уымӕн ӕмӕ адӕймаг нӕ фӕрох кӕны, йӕ фыццаг цардӕмбалимӕ кӕй ахицӕн сты, уый».

Фӕлӕ уӕддӕр, ног цардӕмбал кӕмӕн ис, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ цардӕй тынг райгонд сты. Уыдонӕн бантыст, цӕмӕй амондджынӕй цӕрой, ӕмӕ дӕуӕн дӕр бантысдзӕн! Куыд? Ӕркӕсӕм-ма, ног цардӕмбал кӕмӕн ис, уыдон цавӕр ӕртӕ зындзинадыл сӕмбӕлынц ӕмӕ сын Библийӕ цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты, уымӕ *.

1. ТОХ КӔНЫС, ЦӔМӔЙ, ДӔ РАЗДӔРЫ ЦАРДӔМБАЛИМӔ КУЫД ЦАРДТӔ, УЫЦЫ ХЪУЫДЫТӔ ДЫН ДӔ НОГ ЦАРД МА ХАЛОЙ

Эллен, иу сылгоймаг Хуссар Африкӕйӕ, зӕгъы: «Мӕ раздӕры лӕгимӕ-иу улӕфынмӕ кӕдӕм цыдыстӕм, уыцы бынӕтты ныр мӕ ног цардӕмбалимӕ куы вӕййын, уӕд мӕ раздӕры цард мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы. Иуӕй-иу хатт мӕ фӕндгӕ дӕр нӕ фӕкӕны, афтӕмӕй мӕ лӕджы мӕ раздӕры лӕгимӕ фӕбарын». Кӕд дӕ цардӕмбал йӕ раздӕры цардӕмбалы кой арӕх фӕкӕны, уӕд дын уый, чи зоны, хъыг вӕййы.

Ӕхсызгонӕй кӕй мысдзыстут, ахӕм хабӕрттӕ уӕ царды куы уа, уӕд ӕнгомдӕр уыдзыстут

ЦЫ ИС САРАЗӔН? Раст куы зӕгъӕм, уӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ адӕймаг йӕ раздӕры цардӕмбалы ферох кӕна, уӕлдайдӕр та кӕд цалдӕр азы фӕцардысты иумӕ, уӕд. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, сӕ ног цардӕмбалмӕ-иу ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ раздӕры цардӕмбалы номӕй кӕй сдзырдтой. Ахӕм уавӕры дӕ бон цы у бакӕнын? Библийы ис хорз уынаффӕ: «Кӕрӕдзи... ӕмбарут» (1 Петры 3:8).

Дӕ цардӕмбал йӕ раздӕры цардӕмбалы кой куы кӕна, уӕд-иу ӕй уайдзӕфты бын ма фӕкӕн, йӕ кой ма кӕн, зӕгъгӕ. Кӕд ӕй йӕ раздӕры цардӕмбалы тыххӕй демӕ аныхас кӕнын фӕфӕнды, уӕд-иу ӕм байхъус. Афтӕ-иу ма хъуыды кӕн, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзиимӕ бары. Йӕ дыккаг усимӕ дӕс азы чи цӕры, уыцы нӕлгоймаг, Йан, зӕгъы: «Кейтлин мын афтӕ никуы загъта, дӕ фыццаг усы кой мын ма кӕн, зӕгъгӕ. Кӕй мӕм-иу байхъуыста, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбӕрста, абон ахӕм цӕмӕн дӕн, уый». Дӕ ног цардӕмбалмӕ хъусын куы зонай, уӕд уый фӕрцы ноджы ӕнгомдӕр уыдзыстут.

Фылдӕр хъуыды кӕн, ныр кӕимӕ цӕрыс, уыцы цардӕмбалӕн йӕ хорз миниуджытыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ раздӕры цардӕмбалмӕ цы хорз миниуджытӕ уыд, ахӕм миниуджытӕ йӕм, чи зоны, нӕй, фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕндӕр цӕмӕйдӕрты уымӕй хуыздӕр у. Уӕдӕ архай, цӕмӕй дӕ цардӕмбалимӕ амондджынӕй цӕрай, «иннӕтимӕ... [йӕ ма] бар», фӕлӕ йӕ цӕй тыххӕй уарзыс, ууыл хъуыды кӕн ӕмӕ йын аргъ кӕн (Галатӕгтӕм 6:4). Дыккаг хатт бинонтӕ чи скодта, иу ахӕм нӕлгоймаг, Эдмонд, зӕгъы: «Дыууӕ ӕмхуызон ӕмбалы куыд нӕ вӕййы, афтӕ дыууӕ ӕмхуызон цардӕмбалы дӕр нӕ вӕййы».

Цы ис бакӕнӕн, цӕмӕй, дӕ раздӕры цардӕмбалы кӕй мысыс, уый дын дӕ ног цард аразынӕн цӕлхдур ма суа? Джаред зӕгъы: «Иухатт мӕ усӕн загътон, мӕ раздӕры цардӕмбалимӕ цы рӕстӕг рацардыстӕм, уый кӕй уыд, иумӕ кӕй ныффыстам, ахӕм хорз чиныджы хуызӕн. Иуӕй-иу хатт ӕй байгом кӕнын, фӕкӕсын ӕй, ӕмӕ, иумӕ цы хорз рӕстӕджытӕ арвыстам, ууыл фӕхъуыды кӕнын. Фӕлӕ цӕргӕ уыцы чиныджы нӕ кӕнын. Ныр мӕ бинойнагимӕ иумӕ фыссӕм нӕхи чиныг, ӕмӕ уый у, амондджынӕй кӕм цӕрын, уыцы чиныг».

УЫНАФФӔ. Дӕ цардӕмбалы бафӕрс, мыййаг ын дӕ раздӕры цардӕмбалы кой хъыг нӕ вӕййы? Кӕцыдӕр рӕстӕджыты та йӕ кой кӕнын ӕппындӕр нӕ фӕхъӕуы, ӕмӕ ууыл дӕр ахъуыды кӕн.

2. ЗЫН УЫН У, ДӔ РАЗДӔРЫ ӔМБӔЛТТӔЙ ДӔ НОГ ЦАРДӔМБАЛИМӔ ЗОНГӔ ЧИ НӔУ, УЫДОНИМӔ

Хавьер йӕ усӕй ахицӕн ӕмӕ ӕхсӕз азы фӕстӕ ногӕй ус ракуырдта. Хавьер загъта: «Ногӕй бинонтӕ куы скодтон, уӕд мӕ бинойнагмӕ афтӕ каст, ӕмӕ йын ме ’мбӕлттӕ йӕ алы фезмӕлд дӕр хъахъхъӕнгӕ кӕнынц». Иу нӕлгоймаг та, Лео, зӕгъгӕ, уыд ӕндӕр уавӕры. Лео зӕгъы: «Иуӕй-иутӕ-иу мӕ бинойнагӕн дзырдтой, йӕ раздӕры цардӕмбалы йын куыд тынг уарзтой ӕмӕ йӕ куыд тынг мысынц – мӕнӕй-иу ӕфсӕрмы дӕр нӕ кодтой!»

ЦЫ ИС САРАЗӔН? Дӕхи де ’мбӕлтты бынаты сӕвӕр. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг, Йан, загъта: «Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ зӕронд ӕмбӕлттӕн тынг зын вӕййы, ног цардӕмбал кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагимӕ ныхас кӕнын кӕнӕ, сӕхи йемӕ куыд дарой, уый нӕ фӕзонынц, уымӕн ӕмӕ сӕм ӕнахуыр фӕкӕсы, йӕ раздӕры цардӕмбал йӕ фарсмӕ кӕй нал ис, уый». Уӕдӕ у «ӕмбаргӕ [ӕмӕ] алкӕимӕ дӕр фӕлмӕн» (Титмӕ 3:2). Де ’мбӕлтты ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй дӕ ног цардӕмбалыл сахуыр уой. Дӕ цард аивта ӕмӕ де ’мбӕлттӕ дӕр аивдзысты. Хавьер, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг, загъта, зӕгъгӕ, рӕстӕг рацыд, ӕмӕ ныр ме ’мбӕлттимӕ дӕр ӕмӕ мӕ усы ’мбӕлттимӕ дӕр хӕларӕй цӕрӕм. «Фӕлӕ архайӕм,– дзуры дарддӕр Хавьер,– цӕмӕй ма нын иумӕйаг ӕмбӕлттӕ дӕр фӕзына, ӕмӕ нын уый дӕр тынг ӕххуыс кӕны».

Уе ’мбӕлттимӕ куы вӕййут, уӕд-иу дӕ цардӕмбалы ӕнкъарӕнтыл ахъуыды кӕн. Зӕгъӕм, дӕ раздӕры цардӕмбалы кой сӕм куы рауайа, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй дӕ цардӕмбалмӕ афтӕ ма кӕса, ӕмӕ йӕ ницӕмӕ дарынц. Библийы фыст ис: «Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау, зондджыны ӕвзаг та у ӕвдадзы хос» (Ӕмбисӕндтӕ 12:18).

УЫНАФФӔ. Рагацау-иу ахъуыды кӕн, иннӕты ’хсӕн куы уат, уӕд ды кӕнӕ дӕ цардӕмбал цавӕр уавӕрты, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕтыхсат. Стӕй-иу аныхас кӕнут, куыд хуыздӕр уыдзӕн бакӕнын, де ’мбӕлттӕ дӕ дӕ раздӕры цардӕмбалы тыххӕй куы фӕрсой кӕнӕ йӕ кой куы кӕной, уӕд.

3. ДӔ ФЫЦЦАГ ЦАРДӔМБАЛ ДЫЛ ГАДЗРАХАТӔЙ КӔЙ РАЦЫД, УЫЙ ТЫХХӔЙ ДӔ НОГ ЦАРДӔМБАЛЫЛ ӔНӔУУӔНК КӔНЫС

Эндрю, йӕ ус кӕй ныууагъта, ахӕм нӕлгоймаг, зӕгъы: «Тарстӕн, мӕ дыккаг ус дӕр та мыл гадзрахатӕй куы рацӕуа, уымӕй». Фӕстӕдӕр йӕ цард баиу кодта Райлиимӕ. «Райлийӕн хорз лӕг уыди, ӕмӕ-иу арӕх хъуыды кодтон, цымӕ ӕз дӕр искуы уый хуызӕн уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Мӕт-иу кодтон, Райли афтӕ куы ахъуыды кӕна, хорз лӕг ын нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ куы ныууадза ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой кӕна»,– загъта Эндрю.

ЦЫ ИС САРАЗӔН? Цы дӕ тыхсын кӕны, ууыл-иу дӕ цардӕмбалимӕ аныхас кӕн. Библийы фыст ис: «Ӕргом ныхас кӕм нӕ уа, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 15:22). Эндрю ӕмӕ Райли ӕргом ныхас кӕй кодтой, уый фӕрцы кӕрӕдзийыл ӕнӕууӕнк нал кодтой. Эндрю загъта: «Райлийӕн бамбарын кодтон, мыййаг не ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд дзы кӕй нӕ ахицӕн уыдзынӕн. Уый дӕр мын уымӕй ныфс бавӕрдта, ӕмӕ йыл ӕппынфӕстаг ӕууӕндын райдыдтон».

Кӕд дӕ цардӕмбалыл йӕ раздӕры цардӕмбал гадзрахатӕй рацыд, уӕд дӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй дыл ӕнӕууӕнк ма кӕна. Зӕгъӕм, Мишел ӕмӕ Сабинӕ дӕр сӕ цардӕмбӕлттӕй хицӕн аисты. Ӕмӕ сӕ цард куы баиу кодтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырд радтой, сӕ раздӕры цардӕмбӕлттимӕ-иу ӕрмӕст телефонӕй дӕр куы аныхас кӕной, уӕддӕр-иу ӕй кӕрӕдзийӕ кӕй нӕ басусӕг кӕндзысты. Сабинӕ загъта: «Афтӕ кӕй баныхас кодтам, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕ кӕрӕдзимӕ нал ӕхсайдта» (Ефесӕгтӕм 4:25).

УЫНАФФӔ. Нӕлгоймаг хъуамӕ архайа, цӕмӕй сылгоймӕгтимӕ (сылгоймаг та нӕлгоймӕгтимӕ) арӕх ма ныхас кӕна нӕдӕр ӕнӕуи, нӕдӕр телефонӕй, нӕдӕр Интернеты уылты.

Ног цардӕмбал кӕмӕн ис, уыдонӕй бирӕтӕ сты амондджын, ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ бон у, цӕмӕй амондджынӕй цӕрат. Уымӕй уӕлдай, дӕ раздӕры цардӕмбалимӕ куы цардтӕ, уыцы рӕстӕгимӕ абаргӕйӕ ныр дӕхи хуыздӕр зоныс. Эндрю, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг, загъта: «Райлиимӕ цӕргӕйӕ куыд амондджын дӕн, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй. 13 азы иумӕ адджынӕй цӕрӕм ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй искуы кӕрӕдзийӕ адард уӕм».

^ 3 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

^ 5 абз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уавӕр кӕнгӕ вӕййы, адӕймагӕн йӕ цардӕмбал мӕлгӕ акодта ӕви дзы хицӕн аис, уымӕй. Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон адӕймагӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй йӕ ног цардӕмбалимӕ амондджын уа.

^ 7 абз. Адӕймаг йӕ ног цардӕмбалы цот хъомыл кӕнгӕйӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлы, уый тыххӕй кӕс 2012 апрелы «Пробудитесь», сӕйраг статьятӕ «Сводные семьи: счастье возможно». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Мӕ цардӕмбалы миниуджытӕй тынгдӕр кӕцытӕн аргъ кӕнын?

  • Мӕ раздӕры цардӕмбалы кой мын куы кӕной, уӕд мӕхи куыд хъуамӕ дарон, цӕмӕй бӕрӕг уа, мӕ абоны цардӕмбалӕн кӕй аргъ кӕнын?