Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Норвеги

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Норвеги

ЦАЛДӔР азы размӕ дӕр ма Руаль ӕмӕ Элсебет, 50 азы кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕм лӕг ӕмӕ ус, цардысты Бергены (уый у Норвегийы стырдӕр горӕттӕй дыккаг), ӕмӕ ӕппындӕр ницы цух уыдысты. Ацы бинонтӕ сӕ чызг Исабель ӕмӕ сӕ фырт Фабианимӕ ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кодтой се ’мбырды. Руаль дзы лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй, Элсебет – пионерӕй, Исабель ӕмӕ Фабиан та уыдысты ӕнтыстджын хъусынгӕнджытӕ.

Фӕлӕ 2009 азы сентябры уыцы бинонтӕ сфӕнд кодтой ног цыдӕр бафӕлварын – иу къуыри дард ран искӕм балӕггад кӕнын. Гъемӕ Руаль ӕмӕ Элсебет Фабианимӕ иумӕ (уӕд ыл цыди 18 азы) ацыдысты Нордкинмӕ – ацы ӕрдӕгсакъадах ис Норвегийы цӕгат хайы ӕмӕ хауы облӕст Финнмаркмӕ. Уым хъусын кодтой иу хъӕуы, Хьёллефьорд, зӕгъгӕ. Семӕ ма уыди ӕндӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ – уыдон дӕр уыцы дард бынатмӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ӕрцыдысты. Руаль загъта: «Къуыри куы райдыдта, уӕд мӕхицӕй райгонд уыдтӕн, мӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ кӕй спълан кодтон, цӕмӕй ӕнӕхъӕн къуыри ахӕм ран балӕггад кӕнон». Фӕлӕ къуыри нӕма фӕци, афтӕ Руаль сагъӕсты бафтыд. Цымӕ цӕмӕн?

ХЪУЫДЫТЫЛ СӔ ЧИ БАФТЫДТА, АХӔМ ФАРСТА

Руаль радзырдта: «Иу бон мӕм, Финнмаркы чи лӕггад кӕны, уыцы пионер, Марио, бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы фарста радта, нӕ, дам, дӕ фӕнды дӕ бинонтимӕ горӕт Лаксэльвмӕ цӕрынмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕмбырдӕн баххуыс кӕнын. Уыцы ӕмбырды, дам, ис 23 хъусынгӕнӕджы». Руаль, цы загътаид, уый нӕ зыдта. Мӕнӕ цы зӕгъы уый тыххӕй: «Ӕнӕуи мах дӕр Элсебетимӕ хъуыды кодтам, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕныныл, фӕлӕ уый фӕнд кодтам, нӕ сывӕллӕттӕ сӕхи дарынхъом куы суой ӕмӕ хицӕнӕй куы цӕрой, ӕрмӕстдӕр уӕд». Фӕлӕ уыцы дард ран лӕггад кӕнгӕйӕ Руаль цалдӕр бонмӕ федта, адӕмы Йегъовӕйы тыххӕй базонын куыд зӕрдиагӕй фӕнды, уый. Уыдоны ӕххуыс хъуыди ныр, фӕстӕдӕр нӕ, фӕлӕ. «Уыцы хъуыддагыл афтӕ бирӕ хъуыды кодтон,– загъта Руаль,– ӕмӕ цалдӕр ӕхсӕвы фынӕй нӕ федтон». Уый фӕстӕ Марио Руаль ӕмӕ йӕ бинонты акодта Лаксэльвмӕ. Уыцы горӕтмӕ Хьёллефьордӕй хуссарырдӕм уыди 240 километры бӕрц. Мариойы фӕндыд, цӕмӕй уазджытӕ сӕхи цӕстӕй федтаиккой Лаксэльвы гыццыл ӕмбырд.

Лаксэльвы ӕмбырды цы дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы уыд, уыдонӕй иу, Андреас, уазджытӕн фенын кодта горӕт ӕмӕ Паддзахады зал. Ӕмбырды сыл тынг бацин кодтой ӕмӕ сын загътой, тынг сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕм Руаль ӕмӕ Элсебет ӕрцӕуой ӕмӕ сӕм хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕкӕсой. Андреас бахудт ӕмӕ загъта, Руаль ӕмӕ Фабианӕн куыст дӕр кӕй ссардта! Куыд бакӕндзысты уазджытӕ?

КУЫД БАКӔНДЗЫСТЫ?

Фабиан фыццаг ахъуыды кодта: «Мӕн нӕ фӕнды ардӕм». Ӕмбырды йын гыццылӕй фӕстӕмӕ цы ӕмбӕлттӕ уыди, уыдоны ныууадзын ӕй нӕ фӕндыд, стӕй гыццыл горӕты кӕй цӕрдзӕн, уым дӕр хорзӕй ницы уыдта. Уымӕй уӕлдай ма йӕ ахуыр дӕр уӕд нӕма фӕци, ахуыр та кодта электрикыл. Фӕлӕ Исабелы та (уӕд ыл цыд 21 азы) куы бафарстой, нӕ дӕ фӕнды ардӕм лӕггад кӕнынмӕ ӕрцӕуын, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Ӕз алкӕддӕр уымӕ куы бӕллыдтӕн!» Фӕлӕ стӕй цы уыд, уый тыххӕй мӕнӕ цы загъта: «Уыцы хабарыл фылдӕр куы ахъуыды кодтон, уӕд дызӕрдыг кӕнын райдыдтон: „Цымӕ ӕцӕгдӕр хорз уыдзӕн? Ме ’мбӕлтты нӕ мысдзынӕн? Уӕд та мӕхи ӕмбырды баззаин? Ам мын ӕнцон у, стӕй, дарддӕр куыд уыдзӕн, цы уыдзӕн, ууыл дӕр нӕ тыхсын“». Элсебет та цы цӕстӕй ракаст, уым лӕггад кӕныны тыххӕй сын кӕй загътой, уымӕ? «Афтӕ мӕм каст,– зӕгъы Элсебет,– ӕмӕ Йегъовӕ нӕ бинонты йӕхӕдӕг ӕрвиты уырдӕм. Фӕлӕ нӕ хӕдзарыл дӕр хъуыды кодтон, стӕй дзы 25 азмӕ цыдӕриддӕр ӕрӕмбырд кодтам, уыдӕттӕм дӕр мӕ зӕрдӕ ӕхсайдта. Ремонт дӕр дзы нырма ӕрӕджы скодтам».

Элсебет ӕмӕ Исабель

Руаль ӕмӕ йӕ бинонтӕ уыцы ран иу къуыри куы балӕггад кодтой, уӕд Бергенмӕ ӕрыздӕхтысты. Фӕлӕ, Бергенӕй 2 100 километры дарддӕр чи ис, уыцы горӕт Лаксэльвы цы хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты ныууагътой, уыдоны сӕ бон ферох кӕнын нӕ уыд. «Йегъовӕмӕ бирӕ куывтон,– дзуры Элсебет.– Уым нын цы ӕмбӕлттӕ фӕзынд, уыдонимӕ кӕрӕдзимӕ фыстам, цы хорз хабӕрттӕ-иу ныл ӕрцыд, уый тыххӕй, стӕй-иу къамтӕ дӕр арвыстам кӕрӕдзимӕ». Руаль та дзуры: «Цӕмӕй уырдӕм ацӕуыныл мӕхимидӕг сразы уыдаин, уый тыххӕй мӕ хъуыди рӕстӕг. Хъуыды ма кодтон, зӕгъгӕ, уым цӕмӕй цӕрдзыстӕм. Йегъовӕмӕ арӕх куывтон, стӕй мӕ бинонтимӕ дӕр ӕмӕ фӕлтӕрд ӕфсымӕртимӕ дӕр ныхас кодтон». Фабиан та загъта: «Цас фылдӕр хъуыды кодтон ууыл, уыйас тынгдӕр ӕмбӕрстон, „нӕ“ зӕгъынӕн мын ӕфсон кӕй нӕ уыд. Йегъовӕмӕ дӕр арӕх куывтон, ӕмӕ мӕ тынгӕй-тынгдӕр фӕндыд уырдӕм ацӕуын». Исабелӕй та цы ис зӕгъӕн? Цӕмӕй йӕхи дард ран лӕггад кӕнынмӕ бацӕттӕ кодтаид, уый тыххӕй уал сӕхимӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Ӕхсӕз мӕйы фӕлӕггад кодта ӕмӕ-иу бирӕ рӕстӕг рахицӕн кодта Библи ахуыр кӕнынӕн дӕр. Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕхицӕн загъта, ныр цӕттӕ дӕн, зӕгъгӕ.

ЦЫ САРӔЗТОЙ, ЦӔМӔЙ СӔ НЫСАН СӔ КЪУХЫ БАФТА

Уыцы бинонты тынгӕй-тынгдӕр фӕндыд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын ӕмӕ бӕлвырд къахдзӕфтӕ аразын райдыдтой, цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафтыдаид. Руаль кӕм куыста, уым хорз мызд иста, стӕй йӕ куыст йӕ зӕрдӕмӕ цыди. Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр йӕ хицауӕн загъта, цӕмӕй йӕ иу азмӕ йӕ куыстӕй ссӕрибар кодтаид. Фӕлӕ йын йӕ хицау та загъта, зӕгъгӕ, афтӕ бакӕнӕм, ӕмӕ дыууӕ къуыри кусдзынӕ, ӕхсӕз къуырийы та – нӕ. «Мӕ мызд тынг фӕкъаддӕр, фӕлӕ уӕддӕр хъуыддаг хорз рауад»,– загъта Руаль.

Элсебет дзуры: «Руаль мын загъта, цӕмӕй Лаксэльвы исты хӕдзар бацагуырдтаин, нӕхи хӕдзарӕн та квартиранттӕ ссардтаин. Ууыл бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ бахардз кодтам, фӕлӕ нын уӕддӕр алцыдӕр рауад. Цасдӕры фӕстӕ нӕ сывӕллӕттӕ дӕр ссардтой, алы бон дӕр кусын кӕм нӕ хъуыд, ахӕм куыст. Ӕмӕ-иу нын хӕринагыл ӕмӕ фӕндаггагыл цы хӕрдзтӕ цыд, уыдонӕй-иу цасдӕр сӕхимӕ райстой».

Исабель та афтӕ зӕгъы: «Гыццыл горӕтмӕ кӕй ӕрцыдыстӕм, уый тыххӕй мын ӕппӕты зындӕр уыди ахӕм куыст ссарын, цӕмӕй мӕ бон пионерӕй лӕггад кӕнын уыдаид. Хатт-иу мӕм афтӕ каст, ӕмӕ дзы ницы рауайдзӕн». Фӕлӕ-иу уӕддӕр цыфӕнды гыццыл куыстыл дӕр кӕй сразы (ахӕм куыстытӕ та йын фыццаг аз уыд фараст), уый фӕрцы йӕ бон уыди йӕхи дарын. Фабианӕн та йӕ хабар куыд рауад? «Цӕмӕй мӕ ахуыр фӕуыдаин, уый тыххӕй ма мӕ хъуыди мӕ профессимӕ гӕсгӕ ӕххуысгӕнӕгӕй бакусын,– загъта Фабиан.– Ӕмӕ уыцы куыст Лаксэльвы бакодтон. Фӕстӕдӕр мӕ экзамен радтон ӕмӕ, ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм нӕ хъуыди, ахӕм ран электрикӕй кусын райдыдтон».

ИННӔТӔ ТА ФЫЛДӔР ЛӔГГАД КӔНЫН КУЫД РАЙДЫДТОЙ

Марелиус ӕмӕ Кесийӕ Норвегийы хъусын кӕнынц саамаг ӕвзагыл дзурӕг сылгоймагӕн

Марелиус ӕмӕ йӕ бинойнаг Кесийӕйы дӕр фӕндыд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Марелиус (цӕуы йыл 29 азы) дзуры: «Конгрессы пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй цы раныхӕстӕ ӕмӕ цы интервьютӕ уыди, уыдон мӕ баразӕнгард кодтой, цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕныныл ахъуыды кодтаин». Фӕлӕ Кесийӕмӕ (цӕуы йыл 26 азы) зын касти, йӕ бинонтӕй дард искуыдӕм ацӕуа, уый. «Кӕй уарзын, уыцы адӕмӕй дард уон, уымӕй тынгдӕр ницӕмӕй тарстӕн»,– дзуры Кесийӕ. Уымӕй уӕлдай ма Марелиусы хъуыди бирӕ кусын, цӕмӕй сӕ хӕдзары тыххӕй кредит фыстаиккой. Мӕнӕ цы загъта: «Йегъовӕмӕ бирӕ куывтам, цӕмӕй нын баххуыс кодтаид уыцы ивындзинӕдтӕ скӕнынӕн. Ӕмӕ нын ӕцӕгдӕр баххуыс кодта, ӕмӕ нӕ бон баци ӕндӕр ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын». Цалынмӕ нӕ ацыдысты, уӕдмӕ уал Библи фылдӕр рӕстӕг ахуыр кӕнын райдыдтой. Уый фӕстӕ сӕ хӕдзар ауӕй кодтой, сӕ куыст ныууагътой ӕмӕ 2011 азы августы ацыдысты, Норвегийы цӕгат хайы чи ис, уыцы горӕт Алтӕмӕ. Ныр уым Марелиус кусы бухгалтерӕй, Кесийӕ та – дуканийы. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у сӕхи дарын дӕр ӕмӕ пионертӕй лӕггад кӕнын дӕр.

Кнут ӕмӕ Лисбет, 30 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм лӕг ӕмӕ ус, «Ежегодник»-ы бакастысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ куыд лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ сын уый сӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. «Уыцы хабӕрттӕ куы бакастыстӕм, уӕд ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕныныл хъуыды кӕнын райдыдтам,– дзуры Лисбет.– Фӕлӕ ӕз куыддӕр мӕ ныфс нӕ хастон. Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ мӕн хуызӕн хуымӕтӕг адӕймагӕн уый йӕ бон нӕ бауыдзӕн». Фӕлӕ уӕддӕр бацархайдтой, цӕмӕй уыцы нысан сӕ къухы бафтыдаид. Кнут загъта: «Нӕ квартирӕ ауӕй кодтам ӕмӕ нын цӕмӕй къаддӕр хӕрдзтӕ уыдаид, уый тыххӕй уал мӕ мадмӕ ацыдыстӕм цӕрынмӕ. Фӕстӕдӕр та иу азмӕ ацыдыстӕм Бергенмӕ ӕмӕ уым цардыстӕм Лисбеты мадмӕ. Уым цыдыстӕм англисаг ӕмбырдмӕ, цӕмӕй, ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын куыд у, уымӕн йӕ ад гыццыл бавзӕрстаиккам». Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Кнут ӕмӕ Лисбет цӕттӕ уыдысты ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ уымӕй дӕр – Угандӕмӕ. Ныр алы аз дӕр Норвегимӕ дыууӕ мӕймӕ кусынмӕ ӕрцӕуынц, цӕмӕй сӕ уый фӕстӕ Угандӕйы мауал хъӕуа кусын ӕмӕ сӕ бон уа пионертӕй лӕггад кӕнын.

«БАФӔЛВАРУТ ӔМӔ БАЗОНУТ, ЙЕГЪОВӔ КУЫД ХОРЗ У, УЫЙ»

«Нӕ бинонтӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр фесты» (Руаль).

Уыцы ӕнӕзивӕг хъусынгӕнджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ куыд рауадысты? Руаль загъта: «Ацы гыццыл горӕты кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы иумӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын райдыдтам, Бергены та нын уый нӕ уади. Нӕ бинонтӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр фесты. Нӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы фылдӕр кӕй бауарзтой, уый махӕн у стыр арфӕдзинад». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Зӕгъын ма мӕ фӕнды уый дӕр, ӕмӕ ӕхца ӕмӕ исбонмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтам. Мах куыд хъуыды кодтам, ӕцӕгӕй афтӕ ахсджиаг не сты».

Элсебет бамбӕрста, ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын ӕй кӕй хъӕуы. Цӕмӕн? Лаксэльвы ӕмбырды территоримӕ хауы хъӕу Карасйок – саамты артдзӕст. Саамтӕ сты, Норвегийӕн, Швецийӕн, Финляндийӕн ӕмӕ Уӕрӕсейӕн сӕ цӕгат районты раджы замантӕй фӕстӕмӕ чи цӕры, уыцы адӕмыхатт. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы адӕмӕн хорз хабар сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдтаид, уый тыххӕй Элсебет саамаг ӕвзаджы курсытӕм бацыд. Уый фӕрцы гыццыл цыдӕртӕ базыдта, ӕмӕ ныр йӕ бон у уыцы ӕвзагыл йӕ хъуыды бамбарын кӕнын. Цымӕ уыцы адӕмӕн хъусын кӕнын йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? «Ныртӕккӕ Библи ахуыр кӕнын ӕхсӕз адӕймагимӕ. Ахӕм амондджын ма ӕндӕр кӕм уыдаин!» – загъта Элсебет, йӕ цӕстытӕ фырцинӕй ӕрттывтой, афтӕмӕй.

Фабиан ныр лӕггад кӕны пионерӕй ӕмӕ у ӕмбырды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Ӕмӕ куыд дзуры, афтӕмӕй Исабелимӕ сӕ ног ӕмбырды фӕсивӕдӕй ӕртӕйӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр архайын райдайой. Ӕмӕ ныр ӕртӕйӕ дӕр зӕрдиагӕй хорз хабар хъусын кӕнынц. Дыууӕйӕ дзы донаргъуыд дӕр райстой ӕмӕ 2012 азы мартъийы лӕггад кодтой ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Уыцы ӕрыгӕттӕй иу чызг иуафон рӕстдзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл, ӕмӕ йын Фабиан ӕмӕ Исабель баххуыс кодтой, цӕмӕй та «размӕ къахдзӕфтӕ кӕнын райдыдтаид». Уый тыххӕй сӕ уыцы чызг тынг бузныг фӕци. Мӕнӕ цы дзуры Фабиан: «Бузныг нын кӕй загъта, уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Искӕмӕн баххуыс кӕнай, уымӕй хуыздӕр ма цы ис!» Исабель та зӕгъы: «Ацы ран лӕггад кӕнгӕйӕ „бафӕлвӕрдтон ӕмӕ базыдтон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый“» (Пс. 34:8). Ӕмӕ ма стӕй загъта: «Ам лӕггад кӕнын тынг у!»

Марелиус ӕмӕ Кесийӕ ныр хуымӕтӕгдӕр цард кӕнынц, фӕлӕ сты хъӕздыгдӕр. Алтӕйы цы ӕмбырдмӕ ӕрцыдысты, уым ныр ис 41 хъусынгӕнӕджы. Марелиус загъта: «Нӕ цард куыд тынг фӕивта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый вӕййы цины хос. Ам пионертӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм. Уымӕй фылдӕр циндзинад нын ницы хӕссы». Кесийӕ та афтӕ загъта: «Йегъовӕйыл мӕ зӕрдӕ дарын тынгдӕр сахуыр дӕн, ӕмӕ ныл уый дӕр ӕдзухдӕр тыхсы. Стӕй мӕ хиуӕттӕй дард кӕй цӕрын, уый фӕрцы тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтон, иумӕ цы гыццыл рӕстӕг вӕййӕм, уымӕн. Ардӕм кӕй ӕрцыдыстӕм, ууыл ӕз никуы фӕфӕсмон кӕнын».

Кнут ӕмӕ Лисбет Библи ахуыр кӕнынц Угандӕйӕ иу бинонтимӕ

Кнут ӕмӕ Лисбетӕн та Угандӕйы сӕ хабӕрттӕ куыд цӕуынц? Кнут дзуры: «Цӕмӕй ног адӕмыл ӕмӕ ног уавӕртыл сахуыр уыдаиккам, уый тыххӕй рӕстӕг бахъуыд. Хатт нӕм дон нӕ вӕййы, хатт та – рухс, стӕй нӕ ахсӕнтӕй дӕр арӕх фӕтыхсӕм. Фӕлӕ ам дӕ бон у, цал адӕймагимӕ дӕ фӕнды, уал адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын!» Лисбет та дзуры: «Хорз хабар ӕппындӕр кӕм нӕ фехъуыстой, уырдӕм махӕй ӕрдӕгсахаты цыд йеддӕмӕ нӕу. Уыцы рӕттӕм куы ацӕуӕм, уӕд дзы адӕмы Библи кӕсгӕ ӕрбаййафӕм, ӕмӕ нын фӕдзурынц, истытӕ-ма нын бацамонут, зӕгъгӕ. Ахӕм сӕрныллӕг адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн ӕххуыс кӕнын цас циндзинад хӕссы, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй!»

Кӕддӕр нӕ Разамонӕг Йесо Чырысти цы куыст райдыдта, уый абон ӕгас зӕххыл куыд ахӕлиу, афтӕ никуыма. Ӕмӕ Чырысти уымӕ уӕлӕрвтӕй кӕсгӕйӕ куыннӕ хъуамӕ цин кӕна! Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййынц хъусын кӕнынмӕ. Уыдон ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕххӕст кӕнынц Чырыстийы фӕдзӕхст – «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнынц ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:19, 20).