Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ТЕМӔ ИРТАСЫНӔН

Библи лӕмбынӕг куы иртасай, уӕд нӕ «бафынӕй» уыдзынӕ

Библи лӕмбынӕг куы иртасай, уӕд нӕ «бафынӕй» уыдзынӕ

Бакӕс Данелы 9:1–19 стихтӕ ӕмӕ базон, цӕмӕн у ахсджиаг Библи лӕмбынӕг иртасын.

Контекстмӕ ӕркӕс. Ӕрӕджы цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд ӕмӕ Данелыл куыд бандӕвтой? (Дан. 5:29–6:5). Данелы бынаты куы уыдаис, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыдаид?

Дӕ хъус лыстӕг хабӕрттӕм дар. Данел цавӕр чингуытӕ иртӕстаид? (Дан. 9:2; w11 1/1 22 ф., 2 абз.). Данел ӕрмӕст йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ Израилы адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр цӕмӕн радзырдта? (Лев. 26:39–42; 1 Пад. 8:46–50; dp-U 182–184). Йӕ куывдӕй куыд у бӕрӕг, Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг кӕй иртӕста? (Дан. 9:11–13).

Дӕхицӕн дзы зондӕн цы райстай? Ахъуыды кӕн:

  • «Цы мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон мын Хуыцауы хъуыддӕгтӕй сӕйрагдӕр ма суой?» (Мих. 7:7).

  • «Ӕз дӕр Данелау Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы иртасон, уӕд мын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?» (w04 1/8 22 ф., 17 абз.).

  • «Цавӕр темӕтӕ хъуамӕ раиртасон, цӕмӕй „ма бафынӕй уон?“» (Матф. 24:42, 44; w12 15/8 5 ф., 7, 8 абз.).