Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

panitan/stock.adobe.com

ХОНӔМ ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРМӔ

Йесо Чырысти мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн

Йесо Чырысти мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн

 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд хъуыддагӕй равдыста, адӕмы кӕй уарзы, уый, уӕлдайдӕр мӕгуыр ӕмӕ, ныфссаст чи уыд, уыдоны (Матфейы 9:36). Мах тыххӕй ма суанг йӕ цард дӕр радта (Матфейы 20:28; Иоанны 15:13). Тагъд та Йесо ногӕй йӕ уарзондзинад равдисдзӕн. Ныр Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн.

 Библийы рӕсугъд ныхӕстӕй фыст ис, Йесо Чырысти цы сараздзӕн, уый:

  •   «Уадз тӕрхон кӕнӕд ӕфхӕрд адӕмӕн, мӕгуыр адӕймаджы фыртты фервӕзын кӕнӕд» (Псалом 72:4).

 Йесо мах тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Лукайы 22:19 стихы фыст ис, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ын йӕ мӕлӕт сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы аз дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ. 2024 азы Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕндзыстӕм 24 мартъийы, хуыцаубоны. Ӕмӕ дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонӕм.

Ссар, Ӕрымысӕн изӕр кӕм уыдзӕн