Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН | НЫЙЙАРДЖЫТӔ

Дӕ сывӕллоныл истӕй тыххӕй куы нал ӕууӕндай

Дӕ сывӕллоныл истӕй тыххӕй куы нал ӕууӕндай

 Рӕзгӕ кары чи ис, уыцы сывӕллӕттӕй иуӕй-иутӕ хӕдзармӕ ӕнафоны ӕрбацӕуынц. Иннӕтӕ та сӕ ныййарджыты фӕсайынц кӕнӕ ӕнӕфӕрсгӕйӕ се ’мбӕлттӕм ацӕуынц. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ сывӕллон афтӕтӕ кӕны, ӕмӕ йыл нал ӕууӕндыс, уӕд дӕ бон цы у саразын?

 Мӕ сывӕллон ӕдзух йӕхи фӕнд фӕтӕры?

 Чи зоны, нӕ. Библийы фыст ис: «Ӕнӕзонддзинад арф бады сывӕллоны зӕрдӕйы» (Ӕмбисӕндтӕ 22:15). Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый сывӕллӕттӕн сӕ митӕй бӕрӕг вӕййы. Психологийы профессор Лоуренс Стейнберг йӕ чиныджы ныффыста: «Ӕрыгӕттӕ цы фӕаразынц, ууыл хатт дзӕбӕх нӕ ахъуыды кӕнынц ӕмӕ ӕнӕзонд митӕ бакӕнынц. Уӕдӕ уӕм диссаг мӕ кӕсӕд, кӕй рӕдийынц ӕмӕ кӕй рӕдидзысты, уый» a.

 Мӕ сывӕллон сайгӕ куы кӕна, уӕд та?

 Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕ сывӕллон фыдӕнӕн митӕ кӕны. Хатт сывӕллӕттӕм кӕсгӕйӕ афтӕ зӕгъӕн вӕййы, ӕмӕ сӕм нымады дӕр нӕу, сӕ ныййарджытӕ сӕ цы хъуыды кӕнынц, уый. Фӕлӕ ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй хабар афтӕ нӕу. Чи зоны, дӕ сывӕллон мӕт кӕны, кӕй дӕ смӕсты кодта, ууыл. Фӕлӕ йыл уый, гӕнӕн ис, бӕрӕг нӕу.

Стӕг куы асӕтты, уӕд цасдӕры фӕстӕ байгас вӕййы ӕмӕ та раздӕрау фидар вӕййы. Афтӕ у йӕ хабар ӕууӕнкӕн дӕр

 Чи у аххосджын?

  •    Йӕ рӕстӕг кӕимӕ фервиты, уыдон сты аххосджын? Библийы фыст ис: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, сывӕллӕттыл се ’мбӕлттӕ тынг фендавынц. Стӕй ма сыл ӕвзӕрырдӕм фендавынц социалон сетьтӕ ӕмӕ рекламӕ. Уымӕ ма бафтау, царды сӕм фӕлтӕрддзинад кӕй нӕй, уый, ӕмӕ уӕд бамбардзынӕ, ӕнӕзонд митӕ цӕмӕн фӕкӕнынц, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ сахуыр уой сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын, ӕмӕ сӕ уӕд хорз адӕймӕгтӕ рауайдзӕн.

  •    Йӕхи афтӕ кӕй дары, уый мӕн аххос у? Чи зоны, хъуыды кӕныс, ӕмӕ дзы ӕгӕр бирӕ домдтай, ӕмӕ йӕхи уый тыххӕй ӕвзӕр дарын райдыдта. Кӕнӕ та хатт, чи зоны, фӕхъуыды кӕныс, йемӕ ӕгӕр фӕлмӕн кӕй уыдтӕ ӕмӕ йӕ йӕхи бар ӕгӕр кӕй ауагътай. Фӕлӕ раст цы нӕ бакодтай, ууыл мӕт кӕныны бӕсты ахъуыды кӕн, дӕ бон ын баххуыс кӕнын цӕмӕй у, ууыл.

 Мӕ бон куыд у мӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй та йыл ӕууӕндон?

  •   Дӕхиуыл-иу фӕхӕц. Зӕгъӕм, дӕ сывӕллон цыдӕр раст нӕ бакодта. Ӕмӕ, чи зоны, хъуыды кӕны, кӕй йӕм хыл кӕндзынӕ. Фӕлӕ хуыздӕр уаид, ууыл йемӕ сабырӕй куы аныхас кӕнис. Мыййаг ӕм уыцы хъуыддаг цымыдисаг фӕкаст? Йӕхи аирхӕфсын ӕй фӕндыд? Ӕви йӕхимӕ иунӕг каст? Кӕнӕ йын ӕмбӕлттӕ кӕй нӕй, уый тыххӕй бакодта афтӕ? Куыдфӕнды ма уа, ӕвзӕр ми уӕддӕр ӕвзӕр ми у. Фӕлӕ йемӕ куы аныхас кӕнай, уӕд уӕ дыууӕ дӕр хуыздӕр бамбардзыстут, афтӕ цӕмӕн бакодта, уый.

     Библийы уагӕвӕрд: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна» (Иаковы 1:19).

  •   Дӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕн, афтӕ цӕмӕн рауад, уый бамбарынӕн. Бафӕрс ӕй: «Уыцы хабарӕй цӕуыл сахуыр дӕ? Иннӕ хатт ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд куыд бакӕндзынӕ?» Ахӕм фарстаты фӕрцы дӕ сывӕллон сахуыр уыдзӕн хъуыды кӕнын.

     Библийы уагӕвӕрд: «Иннӕтӕн уайдзӕф кӕн, сӕ рӕдыд-иу сын зӕгъ, фӕдзӕхс сӕ – у бирӕфӕразон ӕмӕ сӕ арӕхстджынӕй ахуыр кӕн» (2 Тимофеймӕ 4:2).

  •   Куы хъӕуа, уӕд-иу ӕй бафхӕр. Зӕгъӕм, дӕ сывӕллон ӕнӕфӕрсгӕйӕ дӕ машинӕйыл кӕдӕмдӕр ацыд. Уӕд-иу ӕм цасдӕр рӕстӕг машинӕ мауал ратт. Сывӕллон йӕ рӕдыд хуыздӕр бамбардзӕн, куыд ӕй бафхӕрдтай, уый, раст цы нӕ сарӕзта, уыимӕ баст куы уа, уӕд.

     Библийы уагӕвӕрд: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн» (Галатӕгтӕм 6:7).

  •   Бамбарын ын кӕн: ногӕй та йыл ӕууӕндай, уый гӕнӕн ис. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу бонмӕ йыл ӕууӕндын нӕ райдайдзынӕ. Фӕлӕ хъуамӕ дӕ сывӕллон зона, уымӕн гӕнӕн кӕй ис. Хъуамӕ зона, цӕрӕнбонтӕм ыл ӕнӕууӕнк кӕй нӕ кӕндзынӕ. Афтӕ куы хъуыды кӕна, ӕмӕ йыл никуыуал ӕууӕнддзынӕ, уӕд, гӕнӕн ис, аивыныл мауал архайа.

     Библийы уагӕвӕрд: «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой» (Колоссӕгтӕм 3:21).

a Ист у чиныгӕй «You and Your Adolescent».