Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | МАРИЙӔ МАГДАЛИНӔ

«Ӕз Хицауы федтон!»

«Ӕз Хицауы федтон!»

 Марийӕ Магдалинӕ йӕ цӕссыгтӕ сӕрфгӕйӕ арвмӕ скаст. Йӕ Хицауы йын хъӕдыл байтыгътой. Уыди уалдзыгон бон, сихорафон, фӕлӕ «бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг» (Лукайы 23:44, 45). Марийӕ хӕстӕгдӕр балӕууыд, йӕ фарсмӕ цы сылгоймӕгтӕ лӕууыд, уыдонмӕ. Бӕстӕ талынг уыд ӕртӕ сахаты бӕрц, фӕлӕ уый хурдалынджы аххос нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уый цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ ахӕссы. Марийӕ ӕмӕ ма йӕ алыварс чи лӕууыд, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, хъуыстой, ӕхсӕвыгон цуаны чи рацӕуы, ахӕм сырдты хъӕр. Иуӕй-иутӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди» (Матфейы 27:54). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ иннӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодтой, афтӕмӕй Йегъовӕ кӕй равдыста, йӕ Фыртӕн ын цытӕ бавзарын кодтой, ууыл йӕ зӕрдӕ куыд тынг фӕрыст ӕмӕ йе ’фхӕрджытӕм йӕ маст кӕй ссыгъд.

 Марийӕйы уд фыррыстӕй кӕрзыдта, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ ацӕуын дӕр нӕ куымдта (Иоанны 19:25, 26). Йесо цы рыстытӕ ӕвзӕрста, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй. Стӕй Марийӕ Йесойы мады дӕр иунӕгӕй куыд ныууагътаид.

 Йесо Марийӕйӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ сарӕзта, ӕмӕ Марийӕ Йесойы тыххӕй йӕ уд раттынмӕ дӕр цӕттӕ уыд. Кӕддӕр ӕй адӕм ницӕуыл нымадтой ӕмӕ йыл былысчъилтӕ кодтой. Фӕлӕ Йесойы фӕрцы йӕ цард фӕивта. Адӕм ӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕхицӕн аргъ кӕнын райдыдта. Йӕ цард дзӕгъӕлы нал уыд. Марийӕ сси, йӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг чи у, ахӕм сылгоймаг. Цымӕ цӕй фӕрцы ӕмӕ махӕн фӕзминаг куыд у?

«Цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй лӕггад кодтой»

 Марийӕйы тыххӕй фыццаг хатт Библийы кӕм фыст ис, уым дзырд цӕуы, Йесо йын цы стыр хорздзинад ракодта, ууыл. Йесо йӕ йӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кодта. Уыцы рӕстӕг-иу дӕлимонтӕ арӕх адӕмы тухӕнӕй мардтой, суанг-иу сӕ мидӕг дӕр бацыдысты ӕмӕ-иу сӕ цы фӕндыд, уый-иу сын аразын кодтой. Мах нӕ зонӕм, дӕлимонтӕ Марийӕ Магдалинӕйыл куыд ӕндӕвтой, уый. Фӕлӕ зонӕм, йӕ мидӕг авд дӕлимоны кӕй уыд ӕмӕ тынг знӕт кӕй уыдысты. Фӕлӕ Чырыстийы руаджы Марийӕ йӕ риуыдзаг сулӕфыд (Лукайы 8:2).

 Марийӕ, раст цыма ногӕй райгуырд, афтӕ уыд. Цымӕ куыд равдисдзӕн, Йесойӕ бузныг кӕй уыд, уый? Марийӕ сси йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуӕг. Стӕй-иу Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕм фӕкӕсын цӕмӕй хъуыд, уымӕй-иу сӕм фӕкаст. Зӕгъӕм, хъуыди сӕ хӕринаг, дарӕс ӕмӕ-иу кӕм бахсӕвиуат кодтаиккой, ахӕм бынат. Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ хъӕздыг адӕм нӕ уыдысты, стӕй уыцы рӕстӕг кусгӕ дӕр нӕ кодтой. Ӕмӕ сӕ цӕмӕй хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын мацы къуылымпы кодтаид, уый тыххӕй сӕ хъуыди ӕххуыс.

 Гъемӕ Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр цалдӕр сылгоймаджы, «цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй лӕггад кодтой» (Лукайы 8:1, 3). Уыдонӕй иуӕй-иутӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъӕздыг уыдысты. Библийы бӕлвырдӕй фыст нӕй, Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕн хӕринаг кӕй кодтой, сӕ дарӕс сын кӕй ӕхсадтой кӕнӕ-иу, кӕм хъусын кодтой, уыцы хъӕуты-иу сын бахсӕвиуат кӕнынӕн бынатыл кӕй батыхстысты. Фӕлӕ йӕ зонӕм, Йесойӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн (ӕвӕццӕгӕн, уыдысты иу-20 адӕймаджы) зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кодтой. Уыцы сылгоймӕгты ӕххуысы фӕрцы Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ сӕ хъарутӕ ӕгасӕй дӕр сарӕзтой хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Марийӕ зыдта, Йесойӕн йӕ хорздзинад кӕй никуы бафиддзӕн, фӕлӕ йын куыд ӕхсызгон уыдаид Йесойӕн лӕггад кӕнын!

 Абон бирӕтӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсынц, кадджыныл нымад чи нӕу, ахӕм куыстытӕ чи кӕны, уыдонмӕ. Фӕлӕ сӕм Хуыцау ӕндӕр цӕстӕй кӕсы. Ахъуыды-ма кӕн, куыд ӕхсызгон уыдаид Йегъовӕйӕн, Марийӕ йӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрста ӕмӕ афтӕмӕй Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый. Абон дӕр, иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй чи ӕххуыс кӕны, ахӕм иузӕрдион чырыстӕттӕ бирӕ ис. Иуӕй-иу хатт фаг вӕййы иннӕтӕн гыццыл истӕмӕй баххуыс кӕнын кӕнӕ сын фӕлмӕн ныхас зӕгъын. Фӕлӕ Йегъовӕ уыдӕттӕн стыр аргъ кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 19:17; Дзуттӕгтӕм 13:16).

«Йесо цы хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд уыди, уый раз»

 Нӕ эрӕйы 33 азы Йесо Иерусалиммӕ Куадзӕнмӕ куы ’рцыд, уӕд йемӕ уыд бирӕ сылгоймӕгтӕ, семӕ уыди Марийӕ Магдалинӕ дӕр (Матфейы 27:55, 56). Марийӕ куы базыдта, Йесойы кӕй ӕрцахстой ӕмӕ йын ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кӕй тӕрхон кодтой, уӕд хорзау нал фӕци. Стӕй та фехъуыста ноджы ӕвзӕрдӕр хабар: ромаг хицау Понти Пилат дзуттаг дины разамонджыты ӕмӕ адӕмы зондыл ацыд ӕмӕ Йесойӕн карз тӕрхон рахаста – хъизӕмӕртты хъӕдыл ӕй амарын. Дарддӕр цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕхи цӕстӕй федта: Йесо уыди тугӕйдзӕгтӕ, хъаруйы мур ӕм нал уыд, афтӕмӕй горӕты уынгты тыххӕй фӕцӕйцыди ӕмӕ хаста, кӕуыл ӕй хъуамӕ байтыгътаиккой, уыцы даргъ хъӕд (Иоанны 19:6, 12, 15–17).

 Сихорафон бӕстӕ куы баталынг, уӕд Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ лӕууыдысты, «Йесо цы хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд уыд, уый раз» (Иоанны 19:25). Марийӕ фехъуыста, Йесо йӕ уарзон апостол Иоаннӕн йӕ мады куыд бафӕдзӕхста, уый, стӕй йӕ Фыдмӕ куыд сдзынӕзта, уый. Фехъуыста ма йын йӕ фӕстаг ныхӕстӕ дӕр: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» Марийӕйы зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта, фӕлӕ Йесо куы амард, уӕддӕр уырдыгӕй нӕ ацыд. Гыццыл фӕстӕдӕр аримафейаг хъӕздыг лӕг, Иосиф, Йесойы мард ног зӕппадзы куы бавӕрдта, уӕд Марийӕ зӕппадзы раз баззад (Иоанны 19:30; Матфейы 27:45, 46, 57–61).

 Марийӕйы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, цы хъуамӕ аразӕм, не ’мчырыстӕттӕй исчи уӕззау уавӕры куы бахауа, уӕд. Чи зоны йӕ бӕллӕхӕй бахизын ӕмӕ йӕ йӕ рыстӕй фервӕзын кӕнын нӕ бон ма уа. Фӕлӕ нӕ бон вӕййы йӕ фарсмӕ балӕууын ӕмӕ равдисын, йӕ зын ын кӕй ӕмбарӕм, уый. Адӕймаг зын уавӕры куы вӕййы, ӕмӕ йе ’мбал йӕ фарсмӕ куы ’рбалӕууы, уӕд ын ӕрмӕст уый дӕр фаг вӕййы, цӕмӕй та йӕм хъарутӕ фӕзына. Зын уавӕрты не ’мбӕлтты фарсмӕ куы балӕууӕм, уӕд равдисӕм, Хуыцауыл дӕр ӕмӕ уыдоныл дӕр ӕнувыд кӕй стӕм, ӕмӕ сын уый, гӕнӕн ис, стыр удӕнцой ӕрхӕсса (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

Йесойы мадӕн ныфсы хос куыннӕ уыдаид, Марийӕ Магдалинӕ йӕ фарсмӕ кӕй уыд, уый

«Ӕз [ӕй] рахӕссон»

 Йесойы зӕппадзы куы бавӕрдтой, уӕд Марийӕ ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ балхӕдтой хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ, цӕмӕй ацыдаиккой ӕмӕ дзы Йесойы мард байсӕрстаиккой (Марчы 16:1, 2; Лукайы 23:54–56). Сабат куы аивгъуыдта, уӕд Марийӕ райсомӕй раджы сыстад. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, талынг уынгты иннӕ сылгоймӕгтимӕ куыд фӕцӕуы, Йесо цы зӕппадзы уыд, уырдӕм. Фӕндагыл сагъӕс кодтой, зӕппадзмӕ бахизӕны цы уӕззау дур уыд, уый куыд афӕлдахдзысты, ууыл (Матфейы 28:1; Марчы 16:1–3). Фӕлӕ уӕддӕр фӕстӕмӕ нӕ аздӕхтысты. Уыцы сылгоймӕгтӕ, сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой, сӕ бон цы нӕ уыд, уый та Йегъовӕйы бар бакодтой. Ӕмӕ уый дзурӕг уыд сӕ фидар уырнындзинадыл.

 Марийӕ цыди иннӕ сылгоймӕгты разӕй. Ӕмӕ зӕппадзмӕ куы бахӕццӕ, уӕд дзыхълӕуд фӕкодта ӕмӕ джихӕй кӕсгӕйӕ баззад. Чидӕр дур зӕппадзмӕ бахизӕнӕй афӕлдӕхта. Зӕппадз уыд афтид! Марийӕ фӕстӕ кӕнын нӕ уарзта, ӕмӕ азгъордта, цӕмӕй Петрӕн ӕмӕ Иоаннӕн радзырдтаид, цы федта, уый. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Марийӕ тыхулӕфт кӕнгӕйӕ Петрӕн ӕмӕ Иоаннӕн куыд загъта: «Нӕ Хицауы нын зӕппадзӕй ахастой, ӕмӕ йӕ цы фӕкодтой, уымӕн ницы зонӕм». Уый фехъусгӕйӕ дыууӕ нӕлгоймаджы зӕппадзмӕ азгъордтой. Ӕмӕ йӕ афтидӕй куы федтой, уӕд фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм раздӕхтысты (Иоанны 20:1–10) *.

 Марийӕ фӕстӕмӕ зӕппадзы размӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд уым ничиуал уыд. Нырма ӕрӕджы ӕрбабон, ӕмӕ иу уынӕр никуыцӕй хъуыст. Марийӕ лӕууыд афтид зӕппадзы раз. Ӕвиппайды йӕ зӕрдӕ ӕрбауынгӕг ӕмӕ ныккуыдта. Марийӕйы нӕма уырныдта, Йесойы мард уым кӕй нал ис, гъемӕ йӕ зӕрдӕ нал фӕлӕууыд, ӕмӕ та ногӕй зӕппадзмӕ бакаст. Марийӕ мидӕмӕ куы бакаст, уӕд йӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыд: зӕппадзы бадт дыууӕ зӕды урс дарӕсты! Зӕдтӕ йӕ бафарстой: «Цӕуыл кӕуыс?» Марийӕ фӕтыхст ӕмӕ уыдонӕн дӕр, апостолтӕн цы загъта, уый загъта: «Мӕ Хицауы мын ахастой, ӕмӕ йӕ цы фӕкодтой, уымӕн ницы зонын» (Иоанны 20:11–13).

 Марийӕ фӕстӕмӕ акаст. Йӕ фӕстӕ лӕууыд иу нӕлгоймаг. Чи уыд, уый нӕ зыдта ӕмӕ йӕ дыргъдонгӕс фенхъӕлдта. Нӕлгоймаг ӕм фӕлмӕнӕй сдзырдта: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс? Кӕй агурыс?» Марийӕ йын афтӕ бакодта: «Хорз лӕг, кӕд ӕй ды ахастай, уӕд мын ӕй зӕгъ, цы йӕ фӕкодтай, ӕмӕ йӕ ӕз рахӕссон» (Иоанны 20:14, 15). Йӕ ныхӕстыл-ма йын ахъуыды кӕн. Йесо Чырысти уыд фидӕрттӕ арӕзт, тыхджын нӕлгоймаг, ӕмӕ йын уыцы сылгоймаг иунӕгӕй йӕ мард куыд хъуамӕ систаид ӕмӕ йӕ куыд хъуамӕ рахастаид? Марийӕ уыдӕттыл нӕ ахъуыды кодта. Уый ӕрмӕстдӕр зыдта, йӕ бон цы у, уый кӕй хъуамӕ сараза.

«Ӕз [ӕй] рахӕссон»

 Хатт ахӕм бӕллӕхты бахауӕм ӕмӕ ахӕм зындзинӕдтӕ февзарӕм, ӕмӕ нӕм афтӕ фӕкӕсы, нӕ бон сӕ сфӕразын нӕ бауыдзӕн. Ахӕм уавӕры нын Марийӕ Магдалинӕйы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн? Нӕ бон цы нӕу, ӕрмӕст уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд, чи зоны, тӕрсын райдайӕм ӕмӕ ӕппындӕр мацы аразӕм. Фӕлӕ нӕ фидар фӕнд уый куы уа, цӕмӕй, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, нӕ бон цы нӕу, уый та Хуыцауы бар бакӕнӕм, уӕд нын, гӕнӕн ис, ӕнхъӕл цас стӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр бантыса (2 Коринфӕгтӕм 12:10; Филиппӕгтӕм 4:13). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕндзыстӕм. Марийӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодта, ӕмӕ йӕ уый диссаджы арфӕдзинадӕй схайджын кодта.

«Ӕз Хицауы федтон!»

 Марийӕйы раз цы нӕлгоймаг лӕууыд, уый дыргъдонгӕс нӕ уыд. Уыцы нӕлгоймаг фыццаг уыд хъӕддӕсны, стӕй Ахуыргӕнӕг ӕмӕ уый фӕстӕ та Марийӕйы уарзон Хицау. Фӕлӕ йӕ Марийӕ нӕ базыдта ӕмӕ иннӕрдӕм азылд. Марийӕйӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, Йесо кӕй райгас уыдзӕн ӕмӕ хъомысджын уӕларвон удгоймаг кӕй уыдзӕн. Йесо Марийӕмӕ фӕзынд адӕймаджы хуызы, фӕлӕ, йӕ мӕлӕты размӕ цыхуызӕн уыд, ахӕм нӕ уыд. Куы райгас, уый фӕстӕ-иу ӕй арӕх, хорз ӕй чи зыдта, уыдон дӕр нӕ базыдтой (Лукайы 24:13–16; Иоанны 21:4).

 Йесо Марийӕйӕн куыд бамбарын кодта, чи у, уый? Йӕ номӕй йӕм сдзырдта: «Марийӕ!» Сылгоймаг ӕм разылд ӕмӕ йын дзуттагау загъта, арӕх-иу ӕм куыд дзырдта, афтӕ: «Раввуни!» Уый уыди йӕ уарзон Ахуыргӕнӕг. Йӕ цин йӕ риуы нал цыд. Марийӕ Йесойыл ныххӕцыд ӕмӕ йӕ нал уӕгъд кодта (Иоанны 20:16).

 Йесо йын йӕ хъуыдытӕ зыдта ӕмӕ йын загъта: «Ма мыл хӕц». Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Йесо йын уыцы ныхӕстӕ мидбылхудгӕйӕ куыд загъта ӕмӕ йын йӕ къухтӕ куыд фӕлмӕнӕй аиуварс кодта, ӕмӕ йӕ стӕй куыд ӕрсабыр кодта, «ӕз мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн», зӕгъгӕ. Нырма уый рӕстӕг нӕ уыд, цӕмӕй уӕлӕрвтӕм ацыдаид. Зӕххыл ма йын цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ уыд. Ӕмӕ йӕ хъуыди Марийӕйы ӕххуыс. Марийӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъустӕ фестад. Йесо йын загъта: «Ацу ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“» (Иоанны 20:17).

 Цы диссаджы хъуыддаг ын бабар кодта йӕ Ахуыргӕнӕг! Марийӕ уыд, Чырысти куы райгас, уый фӕстӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй фыццаг чи федта, уыдонӕй иу. Ӕмӕ йӕ Йесо ахӕм кадӕй схайджын кодта, цӕмӕй уыцы хорз хабар иннӕтӕн радзырдтаид. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Марийӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куыд цингӕнгӕйӕ азгъордта ӕмӕ сын тыхулӕфт кӕнгӕйӕ куыд загъта, йӕхи зонды дӕр ӕмӕ уыдоны зонды дӕр цӕрӕнбонтӕм чи баззад, уыцы ныхӕстӕ: «Ӕз Хицауы федтон!» Марийӕ фырцинӕй зӕххыл нӕ хӕцыд ӕмӕ йын Йесо цы загъта, уыдон афтӕ тагъд радзырдта, ӕмӕ раст диссаг (Иоанны 20:18). Зӕппадзы раз чи уыд, уыцы сылгоймӕгтӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы радзырдтой, уыцы хабӕрттӕм ма бафтыд, Марийӕ сын цы радзырдта, уый дӕр (Лукайы 24:1–3, 10).

«Ӕз Хицауы федтон!»

Сылгоймӕгтыл «нӕ баууӕндыдысты»

 Нӕлгоймӕгтӕ сылгоймӕгты ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты? Фыццаг сыл нӕ баууӕндыдысты. Библийы фыст ис: «Уыдонмӕ сылгоймӕгты ныхӕстӕ фӕкастысты дзӕгъӕл дзӕнгӕда, ӕмӕ сыл нӕ баууӕндыдысты» (Лукайы 24:11). Уыцы нӕлгоймӕгтӕ цы адӕмы ’хсӕн схъомыл сты, уыдон сылгоймаджы ныхас ницӕмӕ дардтой. Раввинты закъонмӕ гӕсгӕ сылгоймагӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй тӕрхондоны ӕвдисӕн лӕууыдаид. Ӕвӕццӕгӕн, апостолтӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтой, сӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕ сӕ зонды куыд тынг ахъардтой, уый. Фӕлӕ Йесо ӕмӕ йӕ Фыд сылгоймӕгтӕм ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсынц. Уый бӕрӕг у, уыцы иузӕрдион сылгоймаг Марийӕйы цы стыр кады аккаг скодтой, уымӕй!

 Марийӕ нӕлгоймӕгтӕм нӕ фӕхъыг, кӕй йыл нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй. Йӕ Ахуыргӕнӕг ыл ӕууӕндыд, ӕмӕ йын уый фаг уыд. Абон дӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ хъусын кӕной ахсджиаг хабар. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй уый у «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Лукайы 8:1). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ сыл алчидӕр баууӕнддзӕн кӕнӕ, цы куыст кӕнынц, уымӕн аргъ кӕндзӕн (Иоанны 15:20, 21). Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, чырыстӕттӕ Марийӕ Магдалинӕйы хабар сӕ зӕрдыл куы дариккой. Кӕд ыл иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ фыццаг нӕ баууӕндыдысты, уӕддӕр цингӕнгӕйӕ хъусын кодта хорз хабар, Чырысти кӕй райгас, уый тыххӕй.

 Уый фӕстӕ Чырысти фӕзынд йӕ апостолтӕм ӕмӕ фӕстӕдӕр та ноджы фылдӕр ахуыргӕнинӕгтӕм. Иухатт уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ! (1 Коринфӕгтӕм 15:3–8). Марийӕйы уырнындзинад-иу алы хатт дӕр бафидар, Йесо-иу ахуыргӕнинӕгтӕм куы фӕзынд, уӕд-иу ӕй куы федта кӕнӕ-иу уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд. Фӕндзайӕм боны Чырыстийы фӕдылдзӕуджытыл Иерусалимы Хуыцауы сыгъдӕг тых куы ’рцыд, уӕд дзы сылгоймӕгтӕ дӕр уыд, ӕмӕ сӕ иу, ӕвӕццӕгӕн, уыд Марийӕ Магдалинӕ (Хъуыддӕгтӕ 1:14, 15; 2:1–4).

 Куыдфӕнды ма уа, фидарӕй зӕгъӕн ис, Марийӕ Магдалинӕйӕн йӕ уырнындзинад фидар кӕй уыд йӕ мӕлӕты онг. Цӕй ӕмӕ махӕн дӕр нӕ уырнындзинад макуы фӕцудӕд! Марийӕ Магдалинӕйы фӕзмдзыстӕм, Йесойӕ бузныг кӕй стӕм, уый хъуыддагӕй куы ’вдисӕм ӕмӕ, нӕ ныфс Хуыцауыл куы дарӕм, афтӕмӕй иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй куы лӕггад кӕнӕм.

^ 12 абз. Ӕвӕццӕгӕн, Марийӕ зӕппадзы разӕй раздӕр ацыд. Ӕмӕ зӕд иннӕ сылгоймӕгтӕн куы загъта, Чырысти райгас, зӕгъгӕ, уӕд ӕй нӕ фехъуыста. Афтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд Марийӕ ӕнӕмӕнгӕй загътаид Петр ӕмӕ Иоаннӕн, зӕды кӕй федта, ӕмӕ сын уый кӕй бамбарын кодта, Чырыстийы мард зӕппадзы цӕуылнӕуал ис, уый (Матфейы 28:2–4; Марчы 16:1–8).