Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ИОНАФАН

«Йегъовӕйӕн... йӕ бон у фервӕзын кӕнын»

«Йегъовӕйӕн... йӕ бон у фервӕзын кӕнын»

 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, хибар ран чи лӕууы, ахӕм ӕфсӕддон къорд. Йӕ алыварс хурсыгъд ӕдзӕрӕг бынат ӕмӕ къӕдзӕхтӕ. Уыцы ӕдзӕрӕг бынаты чи уыд, уыцы филистимаг ӕфсӕддонтӕ федтой, комӕн йӕ иннӕ фарс дыууӕ израиладжы кӕй лӕууыд. Ӕфсӕддонтӕ сӕ нӕ фӕтарстысты, фӕлӕ ма сӕм уый худӕг дӕр фӕкаст. Израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг филистимӕгты дӕлбар уыдысты, ӕмӕ-иу цӕмӕй ӕфсӕйнаг кусӕнгӕрзтӕ сцыргъ кодтаиккой, уый тыххӕй дӕр сӕ се знӕгтӕм, филистимӕгтӕм, цӕуын хъуыди. Уымӕ гӕсгӕ, израилаг ӕфсӕддонтӕ хӕцӕнгарзӕй мӕгуыр уыдысты. Стӕй адон дыууӕ адӕймаджы йеддӕмӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ сӕм хӕцӕнгарз куы уыдаид, уӕддӕр сын цы хъуамӕ ракодтаиккой? Филистимӕгтӕ сын хынджылӕгӕй загътой: «Рацӕут ардӕм, ӕмӕ уын мах фенын кӕндзыстӕм!» (1 Самуилы 13:19–23; 14:11, 12).

 Филистимӕгтӕ куы зыдтаиккой, чи кӕмӕн «фенын кӕндзӕн», уӕд афтӕ нӕ дзырдтаиккой. Дыууӕ израиладжы комы иннӕ фарсмӕ балыгъдысты ӕмӕ къӕдзӕхыл хӕрдмӕ бырын райдыдтой. Айнӕг къӕдзӕхы фарсыл бырыдысты сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕй хӕцгӕйӕ, ӕмӕ хызтысты комкоммӕ ӕфсӕддон къордмӕ! (1 Самуилы 14:13). Ныр филистимӕгтӕ федтой, разӕй чи уыд, уыцы адӕймагмӕ хӕцӕнгарз кӕй уыд, йӕ фӕстӕ та йӕ лӕггадгӕнӕг кӕй цыд. Цымӕ уыцы дыууӕ адӕймаджы ӕцӕгдӕр ӕфсӕддонты къордмӕ бабырсынмӕ хъавыдысты? Уыцы адӕймаг ӕнӕзонд уыд?

 Нӕ, ӕнӕзонд нӕ уыд. Уыцы адӕймаг стыр уырнындзинады хицау уыд. Йӕ ном уыд Ионафан, ӕмӕ абон ӕцӕг чырыстӕттӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты у фӕзминаг. Кӕд абон мах хӕсты хӕцын нӕ хъӕуы, уӕддӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзыстӕм, Ионафан куыд хъӕбатыр, иузӕрдион ӕмӕ удуӕлдай уыд, уымӕй. Уыцы миниуджытӕ нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуынц, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа (Исай 2:4; Матфейы 26:51, 52).

Иузӕрдион фырт ӕмӕ хъӕбатыр ӕфсӕддон

 Ионафан уыцы къорды ныхмӕ цӕмӕн рацыди, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм йӕ царды хабӕрттӕм. Ионафан уыди Израилы фыццаг паддзах Саулы хистӕр фырт. Саул паддзахӕй сӕрст куы ’рцыд, уӕд Ионафаныл, ӕвӕццӕгӕн, цыди 20 азы кӕнӕ гыццыл фылдӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй Ионафан ӕмӕ йӕ фыд хорз хӕлӕрттӕ уыдысты, ӕмӕ йыл йӕ фыд алы хъуыддаджы дӕр ӕууӕндыд. Ионафан зыдта, йӕ фыд ӕрмӕст бӕрзонд, хӕрзконд ӕмӕ хъӕбатыр хӕстон кӕй нӕ уыд, фӕлӕ Хуыцауыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд. Ӕмӕ уый та ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд. Ӕвӕццӕгӕн, Ионафан ӕмбӕрста, Йегъовӕ Саулы паддзахӕй цӕмӕн равзӕрста. Суанг ма пехуымпар Самуил дӕр загъта, зӕгъгӕ, Саулы хуызӕн ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр нӕй! (1 Самуилы 9:1, 2, 21; 10:20–24; 20:2).

 Ионафан сӕрыстыр куыннӕ уыдаид, Йегъовӕйы адӕмы знӕгты ныхмӕ йӕ фыды фарсмӕ кӕй тох кодта, уымӕй. Уыцы хӕстытӕ абоны хӕстыты хуызӕн нӕ уыдысты. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Израилы адӕмы равзӕрста, цӕмӕй йӕ номӕй архайдтаиккой, ӕмӕ уый ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ ӕдзух тох кодтой мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмимӕ. Филистимӕгтӕ Дагонӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй куывтой, уый тыххӕй сӕ зонд сзыгъуыммӕ. Арӕх-иу Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕмы ӕфхӕрдтой ӕмӕ ма сӕ суанг фесафынмӕ дӕр хъавыдысты.

 Ионафан уыцы хӕстыты кӕй хӕцыд, уый йӕ иузӕрдиондзинадыл баст уыд. Ӕмӕ Йегъовӕ Ионафанӕн арфӕ кодта. Саул паддзах куы сси, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр йӕ фырты иу мин ӕфсӕддоны сӕргъы сӕвӕрдта ӕмӕ, филистимӕгтӕн Гивӕйы цы ӕфсады къорд лӕууыд, уыимӕ схӕцыд. Кӕд хӕцӕнгарзӕй мӕгуыр уыдысты, уӕддӕр Йегъовӕйы ӕххуыссӕй Ионафан уыцы тох рамбылдта. Фӕлӕ филистимӕгтӕ фылдӕр ӕфсӕддонтӕ ӕрӕмбырд кодтой, цӕмӕй семӕ схӕцыдаиккой. Ӕмӕ Саулы ӕфсӕддонтӕй бирӕты тас бацыд. Чидӕртӕ дзы алыгъдысты ӕмӕ бамбӕхстысты, чидӕртӕ та дзы филистимӕгты фарс фесты! Фӕлӕ Ионафан раздӕрау хъӕбатыр уыд (1 Самуилы 13:2–7; 14:21).

 Райдианы цы хабары кой скодтам, уыцы бон Ионафан сфӕнд кодта йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ сусӕгӕй ацӕуын. Филистимӕгтӕ Михмасы кӕм ӕрбынат кодтой, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Ионафан йӕ лӕггадгӕнӕгӕн йӕ фӕнд бамбарын кодта. Хъуамӕ афтӕ слӕууыдаиккой, цӕмӕй сӕ филистимӕгтӕ федтаиккой. Филистимӕгтӕ семӕ куы схӕцыдаиккой, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны. Ӕмӕ лӕггадгӕнӕг, ӕвӕццӕгӕн, сразы, Ионафаны ныхӕстӕ дзы ныфс кӕй бауагътой, уый тыххӕй: «Йегъовӕйӕн бирӕ адӕмы фӕрцы дӕр йӕ бон у фервӕзын кӕнын ӕмӕ гыццыл адӕмы фӕрцы дӕр» (1 Самуилы 14:6–10). Цымӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?

 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ионафан йӕ Хуыцауы хорз зыдта. Уый зыдта, раджы заманты-иу Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй-иу се знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаиккой, кӕд-иу знӕгтӕ фылдӕр уыдысты, уӕд дӕр. Иуӕй-иу хатт-иу уый тыххӕй Йегъовӕ ӕрмӕст иу адӕймагӕй дӕр спайда кодта (Тӕрхонгӕнджыты 3:31; 4:1–23; 16:23–30). Уӕдӕ Ионафан ӕмбӕрста, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цас сты ӕмӕ сӕм цас хӕцӕнгарз ис, сӕйраг уый кӕй нӕ уыд, фӕлӕ сӕ уырнындзинад. Ионафан Йегъовӕйыл ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уый аскъуыддзаг кодтаид, йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ ӕфсӕддон къордмӕ бабырса ӕви нӕ. Ӕмӕ ахӕм бӕлвырдгӕнӕн равзӕрста, цӕмӕй йын Йегъовӕ бамбарын кодтаид, семӕ кӕй уыдзӕн, уый. Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый куы бамбӕрста, уӕд ныфсджынӕй архайын райдыдта.

 Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Ионафаны уырнындзинад цӕмӕй бӕрӕг уыд, уымӕ. Фыццаджыдӕр, Ионафан тарсти ӕрмӕстдӕр йӕ Хуыцауӕй, Йегъовӕйӕ. Уый зыдта, цӕмӕй Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕ фӕнд сӕххӕст кӕна, уый тыххӕй йӕ адӕймаджы ӕххуыс кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ йын ӕхсызгон кӕй у йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн арфӕ кӕнын (2 Азфыстыты 16:9). Дыккаг та уый, ӕмӕ Ионафан архайын нӕ райдыдта, цалынмӕ нӕ бамбӕрста, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Абон мах Хуыцаумӕ уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, цӕмӕй нын ӕнахуыр бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы равдиса, цы аразынмӕ хъавӕм, уымӕй райгонд кӕй у. Махмӕ ис Хуыцауы Ныхас ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы фӕндон базонын (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ Библи лӕмбынӕг фӕиртасӕм? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Ионафанау махӕн дӕр Хуыцауы фӕндон нӕхи фӕндонӕй сӕйрагдӕр кӕй у.

 Уӕдӕ дыууӕ адӕймаджы, ӕфсӕддон ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг, тагъд схызтысты, ӕфсӕддон къорд кӕм уыд, уыцы айнӕг къӕдзӕхыл. Уӕд филистимӕгтӕм бахъардта, уыцы дыууӕ израиладжы сӕм кӕй бабырстой, ӕмӕ сӕм ӕфсӕддонты рарвыстой, цӕмӕй семӕ схӕцыдаиккой. Филистимӕгтӕ ӕрмӕст фылдӕр нӕ уыдысты, фӕлӕ ма уыдонӕй уӕлдӕр бынаты лӕууыдысты ӕмӕ сын уыцы дыууӕ адӕймаджы амарын зын нӕ уыд. Фӕлӕ филистимӕгтӕ Ионафаны къухӕй цагъды кодтой, йӕ фӕстӕ ма-иу дзы удӕгасӕй чи баззад, уыдоны та йӕ лӕггадгӕнӕг мардта. Уыцы дыууӕ адӕймаджы цыбыр рӕстӕгмӕ 20 ӕфсӕддоны амардтой. Уый фӕстӕ Йегъовӕ цыдӕр сарӕзта. Библийы кӕсӕм: «Филистимӕгтӕй быдыры чи ӕрбынат кодта, уыдоны, стӕй хъахъхъӕнджыты къорды чи уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр стыр тас бацыд. Тас бацыд, израилӕгты чи стыгъта, суанг уыцы тыхгӕнджыты дӕр. Зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр тас бауагъта» (1 Самуилы 14:15).

Ионафан йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ знаджы ӕфсӕддон къорды ныхмӕ рацыд

 Саул ӕмӕ йӕ адӕм дардӕй федтой, филистимӕгты ӕфсад кӕрӕдзи мидӕг кӕй систы ӕмӕ кӕрӕдзи цӕгъдын кӕй райдыдтой (1 Самуилы 14:16, 20). Ӕмӕ израилӕгты ныфс бацыд. Ӕвӕццӕгӕн, чи фӕмард, уыцы филистимӕгты хӕцӕнгарз ӕмбырд кодтой, афтӕмӕй хӕцыдысты. Уыцы бон Йегъовӕ йӕ адӕмӕн стыр ирвӕзындзинад радта. Уӕдӕй нырмӕ Йегъовӕ нӕ фӕивта. Ионафан ӕмӕ, йӕ ном бӕрӕг кӕмӕн нӕу, уыцы лӕггадгӕнӕджы хуызӕн, Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм (Малахи 3:6; Ромӕгтӕм 10:11).

«Цы сарӕзта, уый Хуыцауимӕ арӕзта»

 Уыцы уӕлахиз Ионафанӕн цы кад ӕрхаста, Саулӕн ахӕм кад не ’рхаста. Саул цалдӕр стыр рӕдыды ӕруагъта. Нӕ байхъуыста Йегъовӕйы ӕвӕрд пехуымпармӕ, уый ма левит дӕр уыди. Ӕмӕ пехуымпар Самуил кӕй хъуамӕ ӕрхастаид, уыцы нывонд йӕхӕдӕг ӕрхаста. Самуил куы ’рбацыд, уӕд Саулӕн загъта, ӕгоммӕгӕс кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ паддзахад кӕй фесафдзӕн. Стӕй ма Саул йӕ адӕмы тохмӕ куы ’рвыста, уӕд сӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ расомы кӕнын кодта ӕмӕ загъта: «Цалынмӕ нӕ баизӕр уа ӕмӕ цалынмӕ ме знӕгтӕй мӕ маст нӕ райсон, уӕдмӕ йӕ дзыхмӕ къӕбӕр чи схӕсса, уый ӕлгъыст фӕуӕд!» (1 Самуилы 13:10–14; 14:24).

 Саулы ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, ӕвзӕрырдӕм ивын кӕй райдыдта. Сӕрныллӕг ӕмӕ Хуыцауыл чи ӕууӕндыд, уыцы адӕймаг сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон куыд сси? Йегъовӕ йӕ хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион ӕфсӕддонтӕн ахӕм ӕнӕрхъуыды бардзырд никуы радтаид. Цымӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты Саулы ныхӕстӕ: «Цалынмӕ ме знӕгтӕй мӕ маст нӕ райсон»? Мыййаг, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уый йӕ хӕст у? Мыййаг ӕй нӕ ферох, сӕйрагдӕр Йегъовӕйы рӕстдзинад кӕй уыд, Саулы йӕ маст райсын кӕй фӕндыд кӕнӕ кадмӕ ӕмӕ уӕлахиздзинадмӕ кӕй бӕллыд, уый нӕ, фӕлӕ?

 Ионафан нӕ фехъуыста, йӕ фыд кӕй расомы кодта, уый. Уӕззау тохы бафӕллад ӕмӕ йӕ къухы цы хъил уыди, уымӕн йӕ кӕрон мыды фӕтъыста, стӕй дзы ахордта ӕмӕ йӕм уайтагъд хъарутӕ фӕзынд. Уӕд ын йӕ адӕмӕй иу загъта, йӕ фыды бардзырдмӕ гӕсгӕ хӕрыны бар кӕй никӕмӕн уыд. Ионафан загъта: «Мӕ фыд адӕмы бӕллӕхы баппӕрста. Ракӕсут-ма, иу гыццыл мыд ахордтон, ӕмӕ та мӕм хъарутӕ фӕзынд. Цас хуыздӕр уыдаид, ӕмӕ абон адӕм, се знӕгтӕй цы байстой, уымӕй исты куы бахордтаиккой! Ныр та филистимӕгты кӕронмӕ нӕ ныццагътам» (1 Самуилы 14:25–30). Ӕмӕ раст загъта. Ионафан йӕ фыдыл иузӕрдион уыд, фӕлӕ йын йӕ хъӕндзинӕдтӕ дӕр уыдта. Ӕмӕ йӕ фыд цыдӕриддӕр арӕзта ӕмӕ дзырдта, ууыл ӕнӕрхъуыдыйӕ нӕ разы кодта, фӕлӕ хъуыддагмӕ раст цӕстӕй каст, ӕмӕ йын уый тыххӕй иннӕтӕ аргъ кодтой.

 Саул куы базыдта, Ионафан ын йӕ ныхасы сӕрты кӕй ахызт, уӕд нӕ басаст, йӕ бардзырд зондыл дзурӕг кӕй нӕ уыд. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ фырт ӕнӕмӕнг хъуамӕ амӕла! Ионафан йӕ ныхмӕ ницы дзырдта ӕмӕ йын нӕ лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын ныххатыр кодтаид, фӕлӕ йын загъта: «Мӕнӕ дӕн. Амар мӕ». Уӕд израилӕгтӕ Саулӕн загътой: «Уый Ионафан хъуамӕ амӕла – Израилы адӕмы чи фервӕзын кодта, уый? Уымӕн гӕнӕн нӕй! Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ сомы кӕнӕм: йӕ сӕрӕй иу хъуын дӕр зӕхмӕ не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ абон цы сарӕзта, уый Хуыцауимӕ арӕзта». Ӕмӕ хабар куыд рауад? Саул сӕм байхъуыста. Библийы фыст ис: «Афтӕ адӕм Ионафаны фервӕзын кодтой, ӕмӕ удӕгасӕй баззад» (1 Самуилы 14:43–45).

«Мӕнӕ дӕн. Амар мӕ»

 Ионафан йӕхицӕн хорз ном скодта, хъӕбатыр кӕй уыд, зӕрдиагӕй кӕй архайдта ӕмӕ удуӕлдай кӕй уыд, уый фӕрцы. Ӕмӕ тӕссаг уавӕры куы бахауд, уӕд йӕ хорз номы фӕрцы фервӕзт. Хорз уаид, мах дӕр куы ахъуыды кӕниккам, нӕ хъуыддӕгтӕй нӕхицӕн хорз ном кӕнӕм ӕви нӕ. Библи нын дзуры, хорз ном тынг зынаргъ кӕй у (Екклесиаст 7:1). Ионафанау мах дӕр Йегъовӕйы раз хорз ном скӕныныл куы архайӕм, уӕд нӕ хорз ном стыр хӕзнайы хуызӕн уыдзӕн.

Уавӕр фыддӕр кодта

 Кӕд Саул бирӕ рӕдыдтытӕ ӕруагъта, уӕддӕр Ионафан бирӕ азты дӕргъы йӕ фыды фарсмӕ иузӕрдионӕй тох кодта. Ахъуыды-ма кӕнӕм, куыд зын ын уыдаид, йӕ фыд Хуыцауы коммӕ кӕй нал каст ӕмӕ сӕрбӕрзонд кӕй сси, уый. Йӕ фыды уавӕр фыддӕр кодта, фӕлӕ Ионафанӕн йӕ бон ницы уыд.

 Уавӕр ноджы фӕфыддӕр, Хуыцау Саулы амаликӕгты ныхмӕ куы рацӕуын кодта, уӕд. Уыцы адӕм фыдхъуыддӕгтӕ кодтой Моисейы рӕстӕджытӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ Йегъовӕ загъта, уыцы адӕмы зӕххы цъарӕй кӕй фесафдзӕн (Рацыд 17:14). Саул хъуамӕ фесӕфтаид, цыдӕриддӕр дзы фос уыд, уый ӕмӕ паддзах Агагы дӕр амардтаид. Саул уыцы тох рамбылдта, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ионафан дӕр та йӕ фыды фарсмӕ хъӕбатырӕй тох кодта. Фӕлӕ Саул Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыста, Агагӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ нӕ фесӕфта лыстӕг фос ӕмӕ стурвосы хуыздӕртӕ, ӕмӕ сӕм хорзӕй цыдӕриддӕр уыди, уый. Пехуымпар Самуил Саулӕн фехъусын кодта Йегъовӕйы фӕстаг тӕрхон: «Йегъовӕйы ныхасыл дӕ къух кӕй систай, уый тыххӕй дыл уый дӕр йӕ къух систа, цӕмӕй паддзах мауал уай» (1 Самуилы 15:2, 3, 9, 10, 23).

 Уымӕй бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕ Саулы йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕнӕхай фӕкодта. Йегъовӕ Саулӕн кӕй нал арфӕ кодта, уый тыххӕй-иу ын куы ӕвзӕр зӕрдӕйы уаг уыд, куы та – хорз, куы-иу мӕстӕй рафыхт, куы та-иу цӕмӕйдӕр тарсти. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцау бауагъта, цӕмӕй Саулыл сыгъдӕг тых мауал ӕндӕвтаид, фӕлӕ йын йӕхи ’взӕр хъуыдытӕ ӕнцой мауал лӕвӕрдтаиккой (1 Самуилы 16:14; 18:10–12). Ионафанӕн йӕ кадджын фыд ахӕм кӕуинаг уавӕрмӕ кӕй ӕрхауд, уый йын куыд зын уыдаид! Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Ионафан алкӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Йӕ бон цы уыд, уымӕй йӕ фыдӕн ӕххуыс кодта, йемӕ ма-иу ӕргом дӕр ныхас кодта, фӕлӕ йын сӕйрагдӕр уыд, чи нӕ ивы, уыцы Хуыцау ӕмӕ йӕ Фыд Йегъовӕ (1 Самуилы 19:4, 5).

 Искуы уыдтай, бирӕ кӕй уарзыс, чи зоны, дӕ бинонтӕй чидӕр, ӕвзӕрырдӕм куыд ивы, уый? Уый стыр маст фӕхӕссы. Ионафаны хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, фӕстӕдӕр псаломзарӕггӕнӕг цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон: «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мӕ мад куы ныууагътаиккой, уӕддӕр мӕ Йегъовӕ райстаид» (Псалом 27:10). Йегъовӕ у иузӕрдион. Йегъовӕ дӕу дӕр «райсдзӕни», ома дӕ ӕрбаввахс кӕндзӕн ӕмӕ дын ӕппӕты хуыздӕр Фыд уыдзӕн, кӕд дӕ ӕнӕххӕст адӕм фӕфыдӕнхъӕл кодтой кӕнӕ дӕ ныууагътой, уӕд дӕр.

 Ӕвӕццӕгӕн, Ионафан ӕмбӕрста, Йегъовӕ Саулӕй паддзахы бартӕ райсынмӕ кӕй хъавы. Цымӕ Ионафанмӕ афтӕ каст ӕмӕ йӕхӕдӕг хуыздӕр паддзах уыдаид? Мыййаг ӕй ныфс уыд, йӕ фыды рӕдыдтытӕй цыдӕртӕ кӕй сраст кӕндзӕн ӕмӕ иузӕрдион ӕмӕ коммӕгӕс паддзах кӕй уыдзӕн? Цӕуыл хъуыды кодта, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ зонӕм йӕ фӕндтӕ кӕй нӕ сӕххӕст сты. Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕ уыцы иузӕрдион адӕймаджы ныууагъта? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йегъовӕ Ионафаны цӕвиттонӕй равдыста, иузӕрдион ӕмбал цавӕр хъуамӕ уа, уый. Ахӕм хӕлардзинады тыххӕй ӕнӕхъӕн Библийы ӕндӕр никуы ис фыст! Уыцы хӕлардзинадыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.