Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон Хуыцау эволюцийы фӕрцы сфӕлдыста?

Удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон Хуыцау эволюцийы фӕрцы сфӕлдыста?

Дзуапп Библийӕ

 Нӕ. Библийы фыст ис, Хуыцау кӕй сфӕлдыста адӕмы, стӕй цӕрӕгойты ӕмӕ зайӕгойты алыхуызон «мыггӕгтӕ» (Райдиан 1:12, 21, 25, 27; Раргомад 4:11) a. Библи зӕгъы, ӕппӕт адӕм дӕр кӕй сты Адам ӕмӕ Евӕйы, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, байзӕддӕгтӕ (Райдиан 3:20; 4:1). Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, алыхуызон зайӕгойты ӕмӕ цӕрӕгойты мыггӕгтӕ Хуыцау эволюцийы фӕрцы сфӕлдыста. Уыцы хъуыды Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу. Фӕлӕ Библи уый ныхмӕ нӕу, ахуыргӕндтӕ афтӕ кӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, иу мыггагмӕ чи хауы, уыцы зайӕгойты кӕнӕ цӕрӕгойты ’хсӕн, цӕмӕйдӕр сӕ чи фӕхицӕн кӕны, ахӕм ног зайӕгойтӕ кӕнӕ цӕрӕгойтӕ фӕзыны.

 Хуыцау эволюцийӕ пайда кодта?

 Афтӕ чи зӕгъы, ӕмӕ Хуыцау, удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон эволюцийы фӕрцы сфӕлдыста, уыдонмӕ алыхуызон хъуыдытӕ ис, уый куыд арӕзта, уый фӕдыл. Эволюцийы теоримӕ гӕсгӕ, зын уавӕрты аирвӕзы, тыхджындӕр чи вӕййы, уый. Ӕмӕ, дам, уый уыд, «Хуыцау ӕрдз сфӕлдисынӕн кӕмӕй спайда кодта, уыцы механизмтӕй иу»,– фыст ис иу энциклопедийы (Encyclopedia Britannica).

 Удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон Хуыцау эволюцийы фӕрцы сфӕлдыста, зӕгъгӕ, чи дзуры, уыдон ма афтӕ дӕр зӕгъынц:

  •   Зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон равзӕрдысты иумӕйаг рагфыдӕлӕй.

  •   Иу зайӕгойы кӕнӕ цӕрӕгойы мыггагӕй эволюцийы фӕрцы равзӕры бынтон ӕндӕрхуызон мыггаг, зӕгъӕм, маймулийӕ адӕймаг.

  •   Хуыцау эволюцийы процесстӕм се ’ппӕтмӕ дӕр цавӕрдӕр бар дары, кӕд, цы хуызы, уый бӕрӕг нӕу, уӕддӕр.

 Эволюцийы теори Библимӕ гӕсгӕ раст у?

 Кӕд, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон эволюцийы фӕрцы фӕзындысты, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ Библийы Райдианы чиныджы, цард куыд фӕзынд, уый тыххӕй цы фыст ис, уый бынтон раст нӕу. Фӕлӕ Йесо Райдианы чиныджы фыст хабӕрттӕ таурӕгътыл кӕнӕ аргъӕуттыл нӕ нымадта (Райдиан 1:26, 27; 2:18–24; Матфейы 19:4–6). Библийы фыст ис, Йесо зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ уӕлӕрвты Хуыцауимӕ кӕй цард ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодта «ӕппӕт дӕр» сфӕлдисынӕн (Иоанны 1:3). Уӕдӕ афтӕ кӕй зӕгъынц, ӕмӕ Хуыцау алыхуызон зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ эволюцийы фӕрцы сфӕлдыста, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу.

 Цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ, цы уавӕрты вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ кӕй фӕивынц, уый эволюци у?

 Библи не ’мбарын кӕны, иу «мыггаджы» мидӕг-иу цавӕр ивындзинӕдтӕ ӕрцӕудзӕн, уый. Фӕлӕ уый ныхмӕ нӕу, ӕмӕ, Хуыцау цы алыхуызон зайӕгойты ӕмӕ цӕрӕгойты мыггӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны мидӕг кӕй фӕзыны, иннӕтӕй чи фӕхицӕн кӕны, ахӕм ног зайӕгойтӕ кӕнӕ цӕрӕгойтӕ. Афтӕ рауайы, иу мыггаджы чи ис, уыцы зайӕгойтӕ кӕнӕ цӕрӕгойтӕ ног уавӕрты куы бахауынц кӕнӕ сӕ мыггӕгтӕ куы схӕццӕ вӕййынц (уырыссагау «скрещивание»), уӕд. Иуӕй-иутӕ уый хонынц эволюци. Фӕлӕ уый рӕдыд хъуыды у, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ног цӕрӕгойты кӕнӕ зайӕгойты мыггаг нӕ фӕзыны.

a Библийы ӕмбӕлы дзырд «мыггаг», ахуыргӕндтӕ та пайда кӕнынц дзырдӕй «хуызтӕ». Фӕлӕ «мыггаг»-ӕн йӕ хъуыды уӕрӕхдӕр у. Ахуыргӕндтӕ, ног хуыз, зӕгъгӕ, цы зайӕгойӕ кӕнӕ цӕрӕгойӕ фӕзӕгъынц, уый арӕх вӕййы, иу мыггагмӕ (Райдианы чиныг «мыггаг» цы хоны, уымӕ гӕсгӕ) чи хауы, уыцы зайӕгойтӕй кӕнӕ цӕрӕгойтӕй иу.