Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сыгъдӕг уай, уый цӕуыл дзурӕг у?

Сыгъдӕг уай, уый цӕуыл дзурӕг у?

Дзуапп Библийӕ

 Сыгъдӕг уай, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дын иумӕйагӕй ницы ис, чъизи цыдӕриддӕр у, уыимӕ. «Сыгъдӕг»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды у «ахибар кӕнын». Уӕдӕ сыгъдӕг у, бӕлвырд цӕмӕндӕр кӕй рахицӕн кодтой кӕнӕ табуйагыл нымад цы у, уый, ома алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп.

 Йегъовӕ афтӕ сыгъдӕг у, ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис. Библи дзуры: «Ничи у Йегъовӕйы a хуызӕн сыгъдӕг» (1 Самуилы 2:2). Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн уый бар ис, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, сыгъдӕгыл нымад цы хъуамӕ уа, уый.

 Хуыцауимӕ баст цы у, уыдонӕй цыфӕнды дӕр ис схонӕн «сыгъдӕг», уӕлдайдӕр та кӕд Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст сты, уӕд. Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ:

  •   Сыгъдӕг бынӕттӕ. Хуыцау Моисейӕн судзгӕ сындзы къутӕры раз загъта: «Кӕм лӕууыс, уый сыгъдӕг бынат у» (Рацыд 3:2–5).

  •   Сыгъдӕг бӕрӕгбӕттӕ. Рагон израилӕгтӕ алы аз дӕр Йегъовӕйы номыл кодтой бӕрӕгбӕттӕ – ӕрӕмбырд-иу сты «Хуыцауӕн кувынмӕ», ӕмӕ уыцы бӕрӕгбӕттӕ нымад уыдысты сыгъдӕгыл (Левит 23:37).

  •   Сыгъдӕг дзауматӕ. Раджы заманы Иерусалимы кувӕндоны цы дзауматӕй пайда кодтой, уыдон хуыдтой «табуйаг дзауматӕ» (1 Паддзӕхты 8:4). Уыцы дзауматӕ кӕд адӕмӕн зынаргъ уыдысты, уӕддӕр сын табу никуы кодтой b.

Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕймаг сыгъдӕг уа?

 О. Хуыцау чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг» (1 Петры 1:16). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон никуы бауыдзӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ кӕронмӕ ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ чи цӕры, уый нымад у «сыгъдӕг ӕмӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон» адӕймагыл (Ромӕгтӕм 12:1). Адӕймаг куы фӕархайы, цӕмӕй сыгъдӕг уа, уӕд уый бӕрӕг вӕййы йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, уый хъусы Библийы уынаффӕмӕ: «Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй уат сыгъдӕг ӕмӕ хӕтындзинадӕй уӕхи хизат» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3). Стӕй ма ахӕм уынаффӕмӕ: «Алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг» (1 Петры 1:15).

Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг чи уыд, уый сыгъдӕгыл нымад мауал уа?

 О. Адӕймаг, Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ куы нал цӕра, уӕд ӕй Хуыцау сыгъдӕгыл нал нымайдзӕн. Зӕгъӕм, кӕд Библийы Дзуттӕгтӕм фыстӕг «сыгъдӕг ӕфсымӕртӕн» ӕрцыд фыст, уӕддӕр сӕ фӕдзӕхсы, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ удӕгас Хуыцауӕй адард уой ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ суой «хӕлд ӕмӕ, уырнындзинад кӕм нӕй», ахӕмтӕ (Дзуттӕгтӕм 3:1, фиппаинаг, 12).

Мӕнг ныхӕстӕ, адӕймаг сыгъдӕгыл нымад кӕд ӕрцӕуы, уый тыххӕй

 Мӕнг ныхас. Адӕймаг сыгъдӕгыл нымад ӕрцӕудзӕн, йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты куы фӕцух кӕна, уӕд.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Библи ӕмбарын кӕны, адӕм «сӕхи хъизӕмарӕй марой» кӕнӕ сӕхи алцӕмӕй дӕр цух кӕной ӕмӕ мӕгуырӕй цӕрой, уыдӕттӕ «ницы ӕххуыс сты» ӕмӕ Хуыцауы цӕсты ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ сты (Колоссӕгтӕм 2:23). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса. «Адӕймаг хъуамӕ хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй хорзӕй исты уына. Уый у Хуыцауы лӕвар» (Екклесиаст 3:13).

 Мӕнг ныхас. Ус чи нӕ ракуры, уый Хуыцауы цӕсты уӕлдай сыгъдӕг вӕййы.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Чырыстонӕн йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, ус кӕй нӕ ракурдзӕн. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уымӕн йӕ бон у йӕ тыхтӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ саразын (1 Коринфӕгтӕм 7:32–34). Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уой. Чырыстийы апостолтӕй ӕппынкъаддӕр иуӕн – Петрӕн – уыди бинойнаг (Матфейы 8:14; 1 Коринфӕгтӕм 9:5).

a Йегъовӕ у Хуыцауы ном. Библийы йӕ ном сӕдӕгай хӕттыты ӕмбӕлы ныхӕстимӕ «сыгъдӕг» ӕмӕ «сыгъдӕгдзинад».

b Библимӕ гӕсгӕ сыгъдӕджыты стджытӕн табу кӕнӕн нӕй (1 Коринфӕгтӕм 10:14).