Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библи цӕй фӕрцы ис бамбарӕн?

Библи цӕй фӕрцы ис бамбарӕн?

Дзуапп Библийӕ

 Библи йӕхӕдӕг дзуры, адӕймаджы цы хъӕуы кӕнын, цӕмӕй бамбара, цы фыст дзы ис, уый. Цыфӕнды уавӕрты ма схъомыл уай ӕмӕ дӕм цыфӕнды ахуырдзинад ма уа, уӕддӕр нын Хуыцау Библийы уылты цы хабар ӕргом кӕны, уый зын бамбарӕн нӕу (Дыккаг закъон 30:11).

Цӕй фӕрцы ис Библи бамбарӕн?

  1.   Раст цӕстӕй йӕм кӕс. Библи Хуыцауы Ныхасыл нымай. У сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13; Иаковы 4:6). Иннӕмӕй та, цы бакӕсай кӕнӕ цы фехъусай, ууыл-иу уайтагъд ма баууӕнд, фӕлӕ уал-иу бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссар. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй «арф хъуыды кӕнай» (Ромӕгтӕм 12:1, 2).

  2.   Хуыцауӕй зонд кур. Библийы Ӕмбисӕндты 3:5 стихы фыст ис: «Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у». Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй дӕ йӕ зондӕй хайджын кӕна, ӕмӕ дӕ бон уа Библи ӕмбарын (Иаковы 1:5).

  3.   Библи ӕдзухдӕр иртас. Библи ӕдзухдӕр куы иртасай, ӕрмӕстдӕр дын уӕд ӕрхӕсдзӕн пайда (Йесо Навин 1:8).

  4.   Иртас ӕй темӕтӕм гӕсгӕ. Библийы цы фыст ис, уый бамбарынӕн хорз мадзал у темӕтӕм гӕсгӕ йӕ иртасын. Библи иртасын райдай йӕ «сӕйраг ахуырӕдтӕй» ӕмӕ-иу стӕй, арфдӕр хъуыды кӕм ис, ахӕм ахуырӕдтӕм де ’ргом аздах, ӕмӕ афтӕмӕй «тырн фӕлтӕрддзинадмӕ» (Дзуттӕгтӕм 6:1, 2). Библийы стихтӕ-иу кӕрӕдзиимӕ куы абарай, уӕд фендзынӕ, Библи йӕхӕдӕг йӕхи кӕй ӕмбарын кӕны, суанг «зынӕмбарӕн бынӕттӕ» дӕр (2 Петры 3:16).

  5.   Иннӕты ӕххуысыл-иу сразы у. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу, Библи чи ’мбары, уыдоны ӕххуысыл сразы уӕм (Хъуыддӕгтӕ 8:30, 31). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнынц. Фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы чырыстӕттау уыдон дӕр Библийы ӕххуысӕй ӕмбарын кӕнынц, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый (Хъуыддӕгтӕ 17:2, 3).

Уый тыххӕй цы нӕ хъӕуы

  1.   Тынг зондджын уай ӕмӕ дӕм уӕлдӕр ахуыр уа, уый. Йесо Чырыстийы дыууадӕс апостолы Фыстад ӕмбӕрстой ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр ӕмбарын кодтой, кӕд сӕм иуӕй-иутӕ ахӕм цӕстӕй кастысты, ӕмӕ сӕм ахуырдзинад нӕй ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм сты, уӕддӕр (Хъуыддӕгтӕ 4:13).

  2.   Ӕхца. Цӕмӕй, Библи цы дзуры, уый бамбарай, уый тыххӕй дӕ ӕхца нӕ хъӕуы. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:8).