Перейти к основным материалам

Аци дуйне ке къохи ӕй?

Аци дуйне ке къохи ӕй?

Дӕумӕ гӕсгӕ...

  • Хуцауи къохи?

  • адӕми къохи?

  • Сайтани къохи?

БИБЛИЙ ФИНСТ ЕС

«Ӕгас дуйне ба ӕй Фидбилизи къохи» (1 Иоанни 5:19, «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»).

«Ӕма Хуцауи Фурт дӕр уой туххӕй ӕрцудӕй, цӕмӕй Сайтани гъуддӕгтӕ фехала» (1 Иоанни 3:8).

Е ДӔУӔН ЦӔБӔЛ ДЗОРӔГ ӔЙ

Зондзӕнӕ ’й, дуйней уойбӕрцӕ зиндзийнӕдтӕ цӕмӕн ес, уой (Раргомадӕ 12:12).

Нифс дӕмӕ уодзӕй, дуйне хуарзӕрдӕмӕ ке раййевдзӕй, уомӕй (1 Иоанни 2:17).

БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС, УОБӔЛ ЦӔМӔН ӔЙ НӔ БОН ӔУУӔНДУН?

Тӕккӕ минкъийдӕр, ӕртӕ гъуддагей туххӕй.

  • Тагъд Сайтан аци дуйней хецау нӕбал уодзӕй. Йеговӕ Сайтанӕн ӕ бартӕ байсдзӕй ӕма аци дуйней хецау нӕбал уодзӕй. Зӕрдӕ нин ӕвӕруй, Сайтанӕн «ӕ хъаурӕ ке басӕтдзӕй» ӕма адӕмӕн цидӕриддӕр зиан ӕрхаста, уой фӕстӕмӕ ке исраст кӕндзӕй (Дзиуиттӕгтӕмӕ 2:14).

  • Хуцау дуйней Хецауӕй исӕвардта Йесо Киристей. Киристе аци дуйней хецауи хузӕн дорзӕрдӕ ӕма хеуарзон нӕй. Йесо цӕхуӕн паддзах уодзӕй, уой туххӕй Библий финст ӕй: «Е фӕттӕрегъӕд кӕндзӕй ӕнхусгъӕуагӕ ӕма мӕгур адӕймагӕн... Сӕ уод син фӕййервӕзун кӕндзӕй ӕфхуӕрдӕй ӕма тухмиуӕй» (Псалом 72:13, 14).

  • Хуцау сайгӕ нӕ кӕнуй. Библи зӕгъуй: «Хуцауӕн ӕ бон... сайун нӕй» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:18). Йеговӕ нин зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр байвардта, еци хуарздзийнӕдтӕ ӕнӕмӕнгӕй искӕндзӕй! (Исай 55:10, 11). «Аци дуйней хецау тард ӕрцӕудзӕй» (Иоанни 12:31).

КУД ДӔМӔ КӔСУЙ?

Сайтан аци дуйней хецау ку нӕбал уа, уӕд нӕ цард куд раййевдзӕй?

Библий аци фарстайӕн дзуапп ес ПСАЛОМИ 37:10, 11 ӕма РАРГОМАДИ 21:3, 4.