Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сфӕнд кодтам на цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын

Сфӕнд кодтам на цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын

 Мадиан ӕмӕ Марселӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Колумбийӕ, горӕт Медельинӕй, ӕппындӕр хъуаг ницӕмӕй ӕййӕфтой. Мадиан хорз мызд иста, ӕмӕ цардысты рӕсугъд квартирӕйы. Фӕлӕ иу конгрессы фӕстӕ ахъуыды кодтой, царды сын сӕйрагдӕр цы у, ууыл. Уыдон радзырдтой: «2006 азы уыдыстӕм конгрессы „Дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт уӕд“. Раныхӕстӕн сӕ фылдӕры дзырдтой, нӕ цард нӕ фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын кӕй фӕхъӕуы, цӕмӕй нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа. Ӕмӕ бамбӕрстам, махӕй афтӕ зӕгъӕн кӕй нӕй, ӕмӕ хуымӕтӕг цард кӕнӕм. Ног цыдӕртӕ ӕлхӕнын бирӕ уарзтам, ӕмӕ хӕсты бын фестӕм».

 Уыцы конгрессы фӕстӕ Мадиан ӕмӕ Марселӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕныныл архайын райдыдтой. Уыдон загътой: «Не ’хца раздӕрау нал хардз кодтам. Къаддӕр квартирӕмӕ ацыдыстӕм, нӕ машинӕ ауӕй кодтам ӕмӕ мопед балхӕдтам». Уымӕй уӕлдай стыр дуканитӕм нал цыдысты, цӕмӕй-иу истӕмӕты ма схӕлӕг уыдаиккой, ӕмӕ та-иу сӕ ма балхӕдтаикой. Гъемӕ сын иннӕтимӕ Библийыл ныхас кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг фӕзынд. Мадиан ӕмӕ Марселӕйӕн се ’мбӕлттӕ уыдысты сӕрмагонд пионертӕ a, ӕмӕ-иу семӕ сӕ рӕстӕг арӕх ӕрвыстой. Уыдон тынг зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджытӕ уыдысты.

 Мадиан ӕмӕ Марселӕйы фӕндыд ноджы фылдӕр лӕггад кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ гыццыл фӕстӕдӕр ацыдысты иу хъӕумӕ, цы гыццыл ӕмбырд дзы уыд, уымӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Уый тыххӕй Мадиан йӕ куыст ныууагъта. Уый йӕ хицаумӕ тынг ӕнӕзонд ми фӕкаст. Мадиан ӕй бафарста: «Ды бирӕ ӕхца кусыс, фӕлӕ амондджын дӕ?» Хицау ын загъта, зӕгъгӕ, дам, амондджын нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ, дам, мын бирӕ зындзинӕдтӕ ис, ӕмӕ сӕ куыд фервӕзон, уый нӕ зонын. Ӕмӕ йын уӕд Мадиан афтӕ: «Дзырд ӕхцайыл нӕ цӕуы. Дзырд цӕуы, адӕймаг амондджын цӕй фӕрцы вӕййы, ууыл. Мӕ бинойнагимӕ иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй фӕдзурӕм ӕмӕ амондджын стӕм. Фӕлӕ мах фӕнды, цӕмӕй нын уымӕн ноджы фылдӕр рӕстӕг уа, ӕмӕ уӕд ноджы амондджындӕр уыдзыстӕм».

 Мадиан ӕмӕ Марселӕ Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕрдтой, ӕмӕ сӕ цардӕй тынг райгонд сты. Фӕстаг 13 азы уыдон лӕггад кӕнынц Колумбийы цӕгат-ныгуылӕн хайы, ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ӕмбырдты. Ныр сты сӕрмагонд пионертӕ.

a Сӕрмагонд пионерты снысан кӕны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бынӕттон филиал, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной, кӕдӕм сӕ снысан кӕны, уым. Лыстӕг хӕрдзтӕн сын ӕхца дӕттынц.