Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Уӕззау рынчын, фӕлӕ хъӕддых

Уӕззау рынчын, фӕлӕ хъӕддых

 Вирджини у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ рынчын у, акинетический мутизм кӕй хонынц, уыцы низӕй. Йӕ буары уӕнгӕ не змӕлынц, ӕрмӕст цӕстӕй уыны ӕмӕ хъусӕй хъусы. Йӕ бон у йӕ цӕстытӕ гом кӕнын ӕмӕ ӕхгӕнын, стӕй йӕ сӕр иу гыццыл разил-базил кӕнын. Йӕ бон нӕу нӕдӕр дзурын, нӕдӕр – хӕрын. Кӕддӕр Вирджини уыди ӕнӕниз ӕмӕ цӕрдӕг сылгоймаг. Фӕлӕ 1997 азы иу райсом йӕ къӕбуты ’рдыгӕй йӕ сӕр тынг срыст, ӕмӕ йӕ рыст нал ӕнцад. Йӕ лӕг ӕй рынчындонмӕ аласта, ӕмӕ уыцы изӕр Вирджини комӕйы ныххауд. Йӕхимӕ ӕрцыд дыууӕ къуырийы фӕстӕ реанимацийы. Йӕ буар змӕлгӕ нӕ кодта, улӕфгӕ та кодта аппараты фӕрцы. Цалдӕр боны Вирджини ӕппындӕр ницыуал хъуыды кодта, суанг йӕхи дӕр.

 Дарддӕр цы уыд, уый тыххӕй Вирджини радзырдта: «Сабыргай мӕ зонд мӕхимӕ ӕрцыд. Йегъовӕмӕ тынг куывтон. Нӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй амардаин ӕмӕ мӕ гыццыл лӕппу ӕнӕ мадӕй баззадаид. Ӕмӕ мӕм цӕмӕй цӕрынӕн тыхтӕ фӕзындаид, уый тыххӕй архайдтон, Библийӕ цы стихтӕ зыдтон, уыдон ӕрхъуыды кӕнын.

 Ӕппынфӕстаг мӕ дохтыртӕ реанимацийӕ рафыстой. Ӕхсӕз мӕйы дӕргъы мӕ дзӕбӕх кодтой алыхуызон рынчындӕтты ӕмӕ реабилитацион центры, ӕмӕ мӕ стӕй хӕдзармӕ рафыстой. Ӕппындӕр не змӕлыдтӕн ӕмӕ мӕ бон ӕппындӕр ницы уыд аразын. Мӕ ныфс тынг асаст. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ никӕйуал хъӕуын: нӕдӕр иннӕты, нӕдӕр Йегъовӕйы. Стӕй ма мӕт кодтон, мӕ бон мӕ лӕппумӕ кӕсын кӕй нал уыд, уый тыххӕй дӕр.

 Ӕз кӕсын райдыдтон, мӕ хуызӕн уавӕры чи уыд, уыцы Ӕвдисӕнты биографитӕ. Ӕмӕ тынг бадис кодтон, Йегъовӕйӕн цас арӕзтой, ууыл. Гъемӕ ӕз дӕр хъуыды кӕнын райдыдтон, зӕгъын, мӕнӕн та мӕ бон цы у аразын. Цалынмӕ нӕ фӕрынчын дӕн, уӕдмӕ мын Библи иртасынӕн, хъусын кӕнынӕн ӕмӕ кувынӕн фаг рӕстӕг никуы уыд. Ныр та уыдӕттӕ аразын мӕ бон уыд ӕнӕхъӕн бон дӕр. Гъемӕ мӕхимӕ ныхъхъусыны бӕсты архайын райдыдтон, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдаин.

 Сахуыр дӕн компьютерӕй пайда кӕнын. Мыхуыр ыл фӕкӕнын, сӕрызмӕлдмӕ гӕсгӕ чи кусы, ахӕм программӕйы фӕрцы. Тынг бафӕллайын, фӕлӕ уый фӕрцы мӕ бон у Библи иртасын ӕмӕ мын цы ныфс ис, уый тыххӕй писмоты ӕмӕ электронон почтӕйы уылты иннӕтӕн дзурын. Мӕ бинонтимӕ ӕмӕ нӕм чи ’рбацӕуы, уыдонимӕ та фӕныхас кӕнын, дамгъӕтӕ фыст кӕуыл сты, ахӕм фӕйнӕджы фӕрцы. Кӕимӕ фӕныхас кӕнын, уый мын дамгъӕтӕм фӕамоны. Хъӕугӕ дамгъӕмӕ куы бацамоны, уӕд мӕ цӕстытӕ ӕрӕхгӕнын, ӕндӕр дамгъӕмӕ куы бацамоны, уӕд та сӕ тынгдӕр байгом кӕнын. Ӕмӕ афтӕ фӕкӕнын, цалынмӕ дамгъӕтӕй дзырдтӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕн хъуыдыйӕдтӕ нӕ рауайы, уӕдмӕ. Арӕх мӕм чи ӕрбауайы, уыцы хотӕй бирӕтӕ хорз ӕмбарын райдыдтой, цы зӕгъын мӕ фӕфӕнды, уый. Фӕлӕ куы фӕрӕдийынц, ӕмӕ сын ӕндӕр дзырд куы рауайы, уӕд фӕхудӕм.

Ныхас кӕнын, дамгъӕтӕ фыст кӕуыл сты, уыцы фӕйнӕджы фӕрцы

 Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ӕмбырды хъуыддӕгты архайын. Ӕмбырдтӕм алкӕддӕр баиу вӕййын. Ныр сӕм баиу вӕййын видеоконференцийы уылты. Мӕ комментаритӕ ныммыхуыр кӕнын, ӕмӕ мын сӕ ӕмбырды исчи бакӕсы. Стӕй ма хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕимӕдӕрты баиу вӕййӕм ӕмӕ нӕ интернет-телеуынынады программӕмӕ a иумӕ бакӕсӕм.

 Ацы низӕй ныр 23 азы дӕн рынчын. Хатт мӕ ӕнкъард хъуыдытӕ сӕ быны скӕнынц. Фӕлӕ кӕй фӕкувын, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ кӕй фӕныхас кӕнын ӕмӕ ӕдзух Хуыцауы хъуыддӕгты кӕй фӕархайын, уый мын баххуыс кӕны. Хотӕ ӕмӕ мын ӕфсымӕртӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый фӕрцы ныр ӕхсӕз азӕй фылдӕр лӕггад кӕнын ӕххуысгӕнӕг пионерӕй. Ӕз ӕдзухдӕр архайдтон, цӕмӕй мӕ фырт Алессандройӕн фӕзминаг уыдаин. Ныр Алессандройӕн ис бинойнаг ӕмӕ у хистӕр нӕлгоймаг. Дыууӕйӕ дӕр лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй.

 Арӕх фӕхъуыды кӕнын, зӕххыл дзӕнӕт куы уа, уӕд цы араздзынӕн, ууыл. Фыццаджыдӕр фӕхъуыды кӕнын, мӕ бон дзурын кӕй уыдзӕн ӕмӕ иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй кӕй дзурдзынӕн, ууыл. Мӕ цӕстытыл фӕуайы рӕсугъд ӕрдз ӕмӕ доны былты куыд тезгъо кӕнын, уый. Дыууын азы бӕрц хӕринаг мӕ ахсӕнмӕ трубкӕйы уылты цӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, бӕласӕй фӕткъуы куы ’ртонон ӕмӕ йӕ куы акъӕмс кӕнон, уыцы рӕстӕгмӕ. Ӕмӕ италиаг кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ тынг фӕнды мӕ уарзон италиаг хӕринӕгтӕ, зӕгъӕм, пиццӕ, скӕнын ӕмӕ бахӕрын.

 „Ирвӕзындзинады ныфс“ мын тынг ӕххуыс кӕны (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8). Ног дунейы куыд цӕрдзынӕн, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд фӕцин кӕнын ӕмӕ, рынчын кӕй дӕн, уый мӕ айрох вӕййы. Фидарӕй мӕ уырны, тагъд мӕ низӕн йӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн. Ӕз тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Йегъовӕ нын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ йӕ Паддзахады фӕрцы кӕй сараздзӕн, уыцы цардмӕ – „ӕцӕг цардмӕ“!» (1 Тимофеймӕ 6:19; Матфейы 6:9, 10).

a Нӕ интернет-телеуынынады программӕтӕ сты сайты jw.org вкладкӕйы JW Broadcasting.