Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Йегъовӕ мын арфӕ кӕны, цы аккаг дӕн, уымӕй бирӕ фылдӕр

Йегъовӕ мын арфӕ кӕны, цы аккаг дӕн, уымӕй бирӕ фылдӕр

17 азы йеддӕмӕ мыл нӕ цыд, ӕмӕ уыцы кары ӕрыгӕттӕн сӕ фылдӕрмӕ цы хъуыдытӕ ӕмӕ цы фӕндтӕ вӕййы, мӕнмӕ дӕр уыд ахӕм хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ. Ӕз уарзтон ме ’мбӕлттимӕ мӕ рӕстӕг ӕрвитын, ленк кӕнын ӕмӕ футболӕй хъазын. Фӕлӕ иу изӕр мӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Мотоциклыл авари скодтон ӕмӕ сахъатӕй баззадтӕн – мӕ буарӕй мӕ сӕр йеддӕмӕ ницыуал змӕлыд. Уыцы хабар ӕрцыд иу-30 азы размӕ, ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ хуыссӕнӕй не стын.

Ӕз схъомыл дӕн горӕт Аликантейы, Испанийы денджызгӕронӕн йе скӕсӕн хайы. Мӕ бон уый зӕгъын нӕу, ӕмӕ хорз бинонты ’хсӕн схъомыл дӕн. Мӕ цардӕн йӕ фылдӕр хай ӕрвыстон уынджы. Нӕ хӕдзармӕ ’ввахс уыд машинӕйы цӕлхытӕ цалцӕггӕнӕн. Уым кусджытӕй иуимӕ балымӕн дӕн, йӕ ном уыди Хосе Мария. Хосе уыд тынг фӕлмӕн адӕймаг. Уымӕй цы рӕвдыд зонын, уый мӕхи бинонтӕй дӕр нӕ зонын. Тыхст уавӕры-иу алы хатт дӕр ӕфсымӕрау мӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыд. Ӕмӕ мӕ кӕд 20 азы хистӕр уыди, уӕддӕр мын ӕцӕг ӕмбал уыд.

Хосе Мария Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Хуыцауы Ныхас тынг уарзта, ӕмӕ-иу дзы цы базыдта, уыдӕттӕ-иу мын радзырдта. Ӕфсӕрмӕй-иу ӕм хъуыстон, фӕлӕ, цы дзырдта, уый мӕ нӕ цымыдис кодта. Ӕз уыдтӕн ӕрыгон, ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ ӕндӕр цӕуылдӕр уыдысты. Цы йын зыдтон, ӕмӕ тагъд мӕ цард цӕхгӕр фӕивдзӕн.

МӔ ЦАРД ЦӔХГӔР ФӔИВТА

Цы аварийы бахаудтӕн, уый тыххӕй дзурын нӕ уарзын. Ӕрмӕстдӕр зӕгъдзынӕн уый, ӕмӕ иу бонмӕ мӕ цард фӕивта. Йӕ тых цы фӕкодтаид, уый чи нӕ зыдта, уыцы цардбӕллон лӕппу ӕвиппайды рынчындоны февзӕрд, йӕ буары уӕнгтӕй иу дӕр йӕ бон фезмӕлын кӕнын нал уыд, афтӕмӕй. Ахӕм уавӕры кӕй дӕн, уый мӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта. Арӕх-иу хъуыды кодтон, мӕ цард ма цы у, зӕгъгӕ.

Хосе Мария мӕм рынчынфӕрсӕг ӕрбацыд, ӕмӕ уый фӕстӕ уайтагъд бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ баныхас кодта, цӕмӕй-иу мӕ абӕрӕг кодтаиккой. Ӕдзух мӕм кӕй цыдысты, уымӕй мын мӕ зӕрдӕ балхӕдтой. Реанимацийӕ мӕ куыддӕр рафыстой, афтӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Ӕз базыдтон, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц, стӕй Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕуа. Уымӕй уӕлдай ма базыдтон, Хуыцау фидӕны цы саразинаг у, уый – ӕгас зӕхх дӕр байдзаг уыдзӕн ӕххӕст адӕмӕй ӕмӕ никуыуал ничи зӕгъдзӕн: «Ӕз рынчын дӕн» (Исай 33:24). Фидӕнӕй мӕ ахӕм ныфс фыццаг хатт бацыд.

Рынчындонӕй мӕ куы рафыстой, уӕд Библи ахуыр кӕнынмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдтон. Мӕн хуызӕн рынчынӕн чи сбӕззыдаид, ахӕм инвалиды коляскӕйы фӕрцы-иу хаттӕй-хатт ацыдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ, стӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. 1988 азы 5 ноябры, ваннӕйы донаргъуыд райстон, уӕд мыл цыди 20 азы. Йегъовӕ Хуыцауы фӕрцы цардмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон. Фӕлӕ дзы бузныг кӕй дӕн, уый мӕ бон куыд уыд равдисын?

КӔД МӔ БОН ЗМӔЛЫН НӔУ, УӔДДӔР РАЗМӔ БЫРСЫН

Ӕз мӕхицӕн фидарӕй загътон, мӕ низ мӕ кӕй нӕ басӕтдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы, мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй араздзынӕн. Фӕндыди мӕ фылдӕр аразын (1 Тимофеймӕ 4:15). Фыццаг рӕстӕг уый тынг зын уыд, уымӕн ӕмӕ мӕ бинонтӕ мӕ ног дины ныхмӕ уыдысты. Фӕлӕ ӕз иунӕг нӕ уыдтӕн – мемӕ уыдысты, цы ног хотӕ ӕмӕ мын ӕфсымӕртӕ фӕзынд, уыдон. Сӕ фӕрцы иу фембӕлд дӕр никуы фӕцух кодтон ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы дӕр ӕдзух архайдтон.

Фӕлӕ куыдфӕстагмӕ ӕнӕ дохтырты ӕххуысӕй мӕ бон ӕппындӕр нал уыд. Бирӕ фӕагуырдтон, мӕн хуызӕн рынчынтӕм хуыздӕр кӕм зилынц, ахӕм бынат. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг равзӕрстон инвалидты центр горӕт Валенсийы, Аликантейӕ цӕгатырдӕм 160 километры дарддӕр. Уыцы центр сси мӕ хӕдзар.

Кӕд хуыссӕнӕй мӕ бон стын нӕу, уӕддӕр иннӕтӕн мӕ дины тыххӕй дзурын

Кӕд хуыссӕнӕй мӕ бон стын нӕу, уӕддӕр мӕхицӕн загътон, афтӕмӕй дӕр Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзынӕн. Мӕ пенсийӕ ӕмӕ мӕм хицауадӕй цы ӕхца ӕфтыд, уыдонӕй компьютер балхӕдтон ӕмӕ йӕ мӕ сынтӕджы фарсмӕ сӕвӕрын кодтон. Стӕй ма дзыппыдаргӕ телефон дӕр балхӕдтон. Чи мӕм зилы, уый мын алы райсом дӕр мӕ компьютер ӕмӕ мӕ телефон скусын кӕны. Мӕ роцъойыл цы джойстик конд вӕййы, уый фӕрцы мӕ бон у компьютерӕй пайда кӕнын. Стӕй ма мӕм ис иу къӕцӕл. Уыцы къӕцӕл мӕ дзыхы бакӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй компьютеры клавиатурӕйӕ ӕмӕ телефонӕй фӕпайда кӕнын. Уый фӕрцы писмотӕ фӕфыссын ӕмӕ телефонӕй искӕмӕ фӕдзурын.

Къӕцӕлы фӕрцы мӕ бон у телефонӕй искӕмӕ фӕдзурын

Мӕ компьютер ӕмӕ мын мӕ телефон куыд ӕххуыс кӕнынц? Фыццаджыдӕр, мӕ бон у нӕ сайтмӕ бахизын ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы онлайн-библиотекӕ»-йӕ пайда кӕнын. Уымӕй хуыздӕрмӕ ма цӕмӕ хъуамӕ бӕллон! Алы бон дӕр, арӕх сахатгай, Библийыл арӕзт литературӕ фӕкӕсын ӕмӕ йӕ фӕиртасын. Уый фӕрцы мӕ бон у хуыздӕр базонын нӕ диссаджы Хуыцауы ӕмӕ йӕм цы рӕсугъд миниуджытӕ ис, уыдон. Мӕхимӕ иунӕг куы фӕкӕсын кӕнӕ куы ӕрӕнкъард вӕййын, уӕд алы хатт дӕр нӕ сайты ахӕм исты ссарын, ӕмӕ та бафидар вӕййын.

Мӕ компьютеры фӕрцы ӕмбырды программӕмӕ фӕхъусын ӕмӕ дзы хайад дӕр фӕисын. Дзуаппытӕ фӕдӕттын, вӕййы мын раныхӕстӕ, ӕмбырды номӕй скувын ӕмӕ мын куы бахӕс кӕнынц, уӕд суанг ахуыргӕнӕн статья дӕр бакӕсын. Ӕмӕ кӕд ӕмбырдты нӕ вӕййын, уӕддӕр мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма ӕз дӕр уым дӕн.

Телефон ӕмӕ мӕм компьютер кӕй ис, уый фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй архайын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куыд хъусын кӕнынц, мӕнӕн мӕ бон афтӕ нӕу. Фӕлӕ мӕ уый нӕ къуылымпы кӕны. Ӕз уӕддӕр иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын. Телефонӕй хорз хабар хъусын кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг цӕуы, ӕмӕ уыцы хъуыддаг бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мӕнӕн бахӕс кодтой. Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй йӕ бон хӕдзарӕй рацӕуын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн телефонӕй хъусын кӕнын стыр ӕххуыс у.

Кӕимӕдӕр Библи ахуыр кӕнын

Фӕлӕ мӕ царды сӕйраг компьютер ӕмӕ телефон не сты. Ме ’мбӕлттӕ мӕ алы бон дӕр абӕрӕг кӕнынц. Семӕ ’рбакӕнынц, сӕ хиуӕттӕй ӕмӕ сӕ зонгӕтӕй Библийы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдоны. Арӕх мын фӕзӕгъынц, цӕмӕй семӕ фылдӕр ӕз ныхас кӕнон. Хатт та мӕм ӕнӕхъӕн бинонтӕй ӕрбацӕуынц, цӕмӕй сӕ бинонты ахуыры ӕз дӕр хайад райсон. Уӕлдай тынгдӕр та уарзын, сывӕллӕттӕ мӕ сынтӕджы фарсмӕ куы ӕрбадынц ӕмӕ мын куы фӕдзурынц, Йегъовӕйы цӕмӕн уарзынц, уый тыххӕй.

Ме ’мбӕлттимӕ сӕ бинонты ахуыры рӕстӕг

Уыйбӕрц адӕм мӕм кӕй цӕуы, ууыл тынг цин кӕнын. Арӕх мӕм ме ’мбӕлттӕ уыйбӕрцӕй ӕрбацӕуынц, ӕмӕ мӕ палатӕйы къух бакӕнӕн дӕр нал вӕййы, чидӕртӕ сӕ суанг дард рӕттӕй дӕр ӕрцӕуынц. Афтӕ зӕрдиагӕй мыл кӕй тыхсынц, уый центры кусджыты дисы ӕфтауы. Йегъовӕ мӕ ахӕм диссаджы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты аккаг кӕй скодта, уый тыххӕй йын алы бон дӕр бузныг дзурын.

ДАРДДӔР ТОХ КӔНЫН

Исчи мӕм куы ӕрбадзуры ӕмӕ мӕ куы афӕрсы, куыд дӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын фӕзӕгъын: «Афтӕ ӕнцонтӕй нӕ басӕтдзынӕн!». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы тохы иунӕг нӕ дӕн. Алы чырыстон дӕр, цыфӕнды уавӕры ма уа ӕмӕ йӕ цыфӕнды ма хъыгдара, уӕддӕр тох кӕны – «хъӕбатырӕй тох кӕны уырнындзинады сӕрыл» (1 Тимофеймӕ 6:12). Уыйбӕрц азты дӕргъы мын тых цы дӕтты? Алы бон дӕр Йегъовӕйӕн бузныг фӕдзурын, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый мын кӕй бамбарын кодта, уый тыххӕй. Мӕ уавӕртӕм гӕсгӕ мӕ бон цас у, уыйбӕрц лӕггад кӕнын Хуыцауӕн ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ иууылдӕр здӕхт сты, фидӕны мӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ.

Хосе Мария

Арӕх фӕхъуыды кӕнын ног дунейыл, ногӕй та куыд згъордзынӕн ӕмӕ куыд гӕппытӕ кӕндзынӕн, ууыл. Хатт мӕ хорз ӕмбал Хосе Марияйӕ (уый та рынчын у полиомиелитӕй) фӕхынджылӕг кӕнын, иумӕ марафон куы алидзӕм, уӕд нӕ чи рамбулдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мын уӕд фӕзӕгъы: «Чифӕнды дӕр рамбулӕд. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй Дзӕнӕты уӕм ӕмӕ та ногӕй нӕ бон згъорын уа».

Мӕ уавӕрыл тынг зынтӕй сахуыр дӕн. Ӕмбарын ӕй, ӕрыгонӕй ӕдылы ми бакодтон, ӕмӕ мын уый тынг зынаргъ слӕууыд. Фӕлӕ мӕ Йегъовӕ кӕй нӕ ныууагъта, уый тыххӕй дзы куыд тынг бузныг дӕн! Стыр арфӕдзинӕдтӕй мӕ схайджын кодта – фӕзынд мын дуне хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ райы, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын мӕ бон кӕй у, уый мын циндзинад хӕссы ӕмӕ мӕм диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Куы мын зӕгъиккой, дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый ма цыбыртӕй зӕгъ, зӕгъгӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, зӕгъин: «Йегъовӕ мын арфӕ кӕны, цы аккаг дӕн, уымӕй бирӕ фылдӕр».