Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Фыдхъуыддӕгты ӕмӕ ӕхцайы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрстон»

«Фыдхъуыддӕгты ӕмӕ ӕхцайы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрстон»
  • Райгуырд: 1974 аз

  • Бӕстӕ: Албани

  • Раздӕр: давта, наркотиктӕ уӕй кодта, ахӕстоны бадт

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 Ӕз райгуырдтӕн Тиранӕйы, Албанийы сӕйраг горӕты. Нӕ бинонтӕ уыдысты тынг мӕгуыр. Мӕ фыд сайгӕ ӕмӕ давгӕ никуы кодта. Ӕмӕ кӕд йӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй куыста, уӕддӕр тынг мӕгуыр цардыстӕм. Нӕ мӕгуыр цардмӕ кӕсгӕйӕ-иу мӕ гыццыл зӕрдӕ фӕрыст. Фылдӕр-иу уыдтӕн бӕгъӕввад ӕмӕ ӕдзух уыдтӕн ӕрдӕгӕфсӕст.

 Давын райдыдтон хӕрз гыццылӕй. Хъуыды кодтон, зӕгъын, афтӕмӕй мӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ мӕ ’рцахстой. 14 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ мӕ фыд арвыста, мӕн хуызӕн фыдуаг сывӕллӕттӕ кӕм ахуыр кодтой, ахӕм скъоламӕ. Уый уыди 1988 азы. Уым фӕдӕн дыууӕ азы ӕмӕ сварщикыл сахуыр кодтон. Скъолайы фӕстӕ мӕ фӕндыд мӕхи къухты фыдӕбонӕй цӕрын. Фӕлӕ мӕ бон куыст ссарын нӕ уыд. Албанийы уыцы рӕстӕг политикон уавӕр тынг ӕвзӕр уыд, ӕмӕ бирӕтӕ уыдысты ӕнӕ куыст. Гъемӕ та мӕ раздӕры ӕмбӕлттимӕ сбӕндӕн дӕн ӕмӕ та давын райдыдтон. Ӕппынфӕстаг не ’ппӕты дӕр ӕрцахстой ӕмӕ нын фӕйнӕ ӕртӕ азы радтой.

 Ахӕстонӕй куы рацыдтӕн, уӕд та давын райдыдтон. Албанийы экономикӕ кӕуинаг уавӕры уыд. Бӕстӕ уыд ӕмтъеры. Ӕмӕ кӕд цард уӕззау уыд, уӕддӕр мӕнмӕ ӕхца фагӕй фылдӕр уыд, уымӕн ӕмӕ ӕнӕзакъон хъуыддӕгтӕ кодтон. Иухатт давынмӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ ацыдыстӕм, ӕмӕ мын ме ’мбӕлттӕй дыууӕйы ӕрцахстой. Мӕн та бахъуыд ӕндӕр бӕстӕмӕ алидзын, кӕннод мӕ бирӕ азтӕм ахӕстоны сбадын кодтаиккой. Уыцы рӕстӕг мын уыди бинойнаг, Юлиндӕ, ӕмӕ нын уыд лӕппу, цыди йыл цалдӕр мӕйы.

 Мӕ бинонтимӕ Английы ӕрцардтӕн. Тынг мӕ фӕндыд ног цард райдайын. Фӕлӕ уый афтӕ ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ ӕндӕрхуызон цӕрын нӕ зыдтон. Ӕмӕ тагъд рӕстӕджы райдыдтон наркотиктӕ уӕй кӕнын. Уый та стыр ӕхцатимӕ баст уыд.

 Наркотиктӕ кӕй уӕй кодтон, уый тыххӕй Юлиндӕ та цы хъуыды кодта? Йӕхӕдӕг ӕй зӕгъӕд: «Албанийы схъомыл дӕн. Ӕмӕ мӕ бӕллиц уыд мӕгуыр цардӕй фервӕзын. Цӕмӕй хуыздӕр цардаиккам, уый тыххӕй цӕуылфӕнды дӕр разы уыдтӕн. Хъуыды кодтон, ӕмӕ ӕхцайы фӕрцы нӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн. Ӕмӕ кӕд Артан сайдта, давта ӕмӕ наркотиктӕ уӕй кодта, уӕддӕр йӕ фарс уыдтӕн. Мӕхицӕн-иу дзырдтон: „Цыфӕнды дӕр аразӕд, ӕрмӕст нӕм ӕхца уӕд“».

«Кӕд Артан сайдта, давта ӕмӕ наркотиктӕ уӕй кодта, уӕддӕр йӕ фарс уыдтӕн» (Юлиндӕ)

 Фӕлӕ 2002 азы нӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ бӕллицтӕ нӕ хъуыры фӕбадтысты. Уыдис мӕм стыр парти наркотиктӕ, афтӕмӕй мӕ ӕрцахстой ӕмӕ та мӕ ногӕй сбадын кодтой.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 Библи мӕ цардыл ӕндавын райдыдта, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакодтон, афтӕмӕй. Уымӕй размӕ 2000 азы Юлиндӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Фӕлӕ мӕн Библийыл ныхас кӕнын нӕ фӕндыд. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн. Фӕлӕ Юлиндӕйы зӕрдӕмӕ цыд. Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Мӕ ныййарджытӕ Хуыцауыл ӕууӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Библи уарзтон ӕмӕ йын аргъ кодтон. Цӕрӕнбонты мӕ фӕндыд, цы фыст дзы ис, уый базонын. Ӕмӕ Библи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ахуыр кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Йӕ ахуырӕдтӕй мӕм бирӕтӕ раст кастысты. Библийӕ цы базыдтон, уый фӕрцы мӕ царды цыдӕртӕ фӕивтон. Фӕлӕ уӕддӕр ӕхцамӕ, раздӕр цы цӕстӕй кастӕн, ахӕм цӕстӕй кастӕн, цалынмӕ Артаны не ’рцахстой, уӕдмӕ. Уӕд мӕ зондахаст цӕхгӕр фӕивта. Ӕвиппайды йӕ бамбӕрстон, Библийы ӕхцайы тыххӕй цы фыст ис, уый раст кӕй у. Кӕд ӕхцайы тыххӕй цыфӕнды дӕр сарӕзтаиккам, уӕддӕр нӕ амондджындӕр нӕ фӕкодтой. Ӕмӕ уӕд бамбӕрстон, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнон».

 2004 азы ахӕстонӕй рацыдтӕн ӕмӕ та ногӕй афӕлвӕрдтон наркотиктӕ уӕй кӕнын. Фӕлӕ Юлиндӕ цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта, ӕмӕ мын цы загъта, уый мӕ хъуыдытыл бафтыдта: «Де ’хцатӕ мӕ нал хъӕуынц. Мӕн мӕ сӕрыхицау хъӕуы. Ӕмӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй мӕ сывӕллӕттӕн сӕ фыд сӕ фарсмӕ уа». Хорзау нал фӕдӕн. Фӕлӕ раст уыди. Цалдӕр азы мӕ бинонты нӕ федтон. Стӕй ма ахъуыды кодтон, ӕхцайы тыххӕй цас зӕрдӕрыст бавзӕрстон, ууыл. Гъемӕ сфӕнд кодтон мӕ цард аивын ӕмӕ мӕ раздӕры ӕмбӕлтты ныууадзын.

 Ӕппӕты тынгдӕр та мыл бандӕвта, мӕ бинойнагимӕ ӕмӕ нӕ дыууӕ фыртимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ куы ацыдтӕн, уӕд дзы цы федтон, уый. Цы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм дзы уыд ӕмӕ мыл куыд зӕрдиагӕй бацин кодтой, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Гъемӕ ӕз дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтон.

Раздӕр хъуыды кодтон, ӕмӕ нӕм бирӕ ӕхца куы уа, уӕд амондджын уыдзыстӕм

 Библийӕ базыдтон: «Адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа, уӕд уымӕй [кӕй] цӕуы алыхуызон фыдбылызтӕ. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ уыцы уарзты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй... сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкодтой» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10). Уый афтӕ кӕй у, уый, ӕвӕццӕгӕн, мӕнӕй хуыздӕр ничи зыдта. Тынг фӕсмон кодтон, раздӕр цы цард кодтон, стӕй мӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ мӕхицӕн дӕр стыр мӕстытӕ кӕй бавзарын кодтон, ууыл (Галатӕгтӕм 6:7). Йегъовӕ ӕмӕ нӕ йӕ фырт Йесо Чырысти куыд тынг уарзынц, уый куы базыдтон, уӕд ивын райдыдтон. Иннӕтыл мӕхицӕй фылдӕр хъуыды кӕнын райдыдтон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕ бинонтимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвыстон.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Тынг мын баххуыс кодта Библийы уынаффӕ: «Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут, цы уын ис, уый фагыл нымайут» (Дзуттӕгтӕм 13:5). Ныр мӕ зӕрдӕйы ис фарн ӕмӕ мӕ цӕсгом у сыгъдӕг. Уымӕ гӕсгӕ тынг амондджын дӕн. Юлиндӕимӕ «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрӕм. Ӕмӕ нӕ бинонтӕ иууылдӕр кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд сты.

 Раздӕр хъуыды кодтон, ӕмӕ нӕм бирӕ ӕхца куы уа, уӕд амондджын уыдзыстӕм. Фӕлӕ йӕ ныр ӕмбарын, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кодтон ӕмӕ ӕхца кӕй уарзтон, уый мын маст йеддӕмӕ кӕй ницы ӕрхаста. Бирӕ ’хца нӕм нӕй, фӕлӕ стӕм Йегъовӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ. Ӕмӕ уымӕй стырдӕр хъӕздыгдзинад нӕй. Мах стӕм тынг амондджын, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕнӕхъӕн бинонтӕй лӕггад кӕнӕм.

Мӕ бинонтимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессы