Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Уыдон ссардтой «зынаргъ налхъуыт»

Уыдон ссардтой «зынаргъ налхъуыт»

 Йесо Чырысти дзырдта, Хуыцауы Паддзахад адӕмы зындзинӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн (Матфейы 6:10). Матфейы 13:44–46 дыууӕ фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зонын ахсджиаг кӕй у.

  •   Иу лӕг быдыры куыста ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы зӕххы ныгӕд хӕзна ссардта.

  •   Налхъуыттӕ агурӕг сӕудӕджер иу зынаргъ налхъуыт ссардта.

 Дыууӕ нӕлгоймаджы дӕр, цыдӕриддӕр сӕм уыди, уый ауӕй кодтой, цӕмӕй балхӕдтаиккой, цы хӕзна ссардтой, уый. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ амонынц, Хуыцауы Паддзахадӕн чи аргъ кӕны ӕмӕ йын цӕмӕй йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уой, уый тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты чи фӕцух кӕны, уыдонмӕ (Лукайы 18:29, 30). Ацы видеороликы фендзынӕ, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕй кодта, уыдоны хуызӕн чи у, дыууӕ ахӕм адӕймаджы.